Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты æстæм æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.
Æмбырды куысты архайдтой республикæйы Хицауады уæнгтæ, тæрхонадон æмæ барад хъахъхъæнынадон оргæнты, стæй бынæттон хиуынаффæйады администрациты минæвæрттæ.
Æмбырды архайджытæ æркастысты æмæ сфидар кодтой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст закъонтæ æмæ закъонты проекттæ — ссæдзæй фылдæр.
«Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон хицауады оргæнты æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы бынæттон хиуынаффæйады муниципалон оргæнты ‘хсæн хъармдæттыны къабазы бартæ ногæй байуарыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы 32-æм закъоны проекты фæдыл депутатты раз раныхас кодта республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн.
Куыд загъта, афтæмæй ныхас цæуы, хъарм æмæ дондæттыны къабазы куыстуæттæ къуырцдзæвæны кæй бахаудысты, энерги æмæ тыхдæттæг æндæр фæрæзтæй бирæ хæстæ кæй дарынц, сæвзæргæ уыцы сагъæссаг уавæрыл, стæй сæ уыцы къуырцдзæвæнæй ракæныны мадзæлттыл. Хæтæлтæн сæ тæккæ фылдæр баихсыд æмæ сæ пайдагæнæн нал ис. Уавæр банывыл кæныны тыххæй республикæйы Сæргълæууæгæн афæдзы дæргъы уыд фембæлдтытæ нæ бæстæйы Президент æмæ Уæрæсейы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Новакимæ. Уыцы фембæлдтыты фæстиуæджы хуызы нæ республикæ хаст æрцыд хъарм æмæ дондæттыны къабазы иумæйаг регионалон оператор саразыны тыххæй сæрмагонд проектмæ, немæ ма Дагестан æмæ Мæхъæлы республикæ дæр. Уымæ гæсгæ цæгаткавказаг æртæ регионæн сæ цæрæнуатон-коммуналон къабаз банывыл кæнынæн лæвæрд æрцæудзæн 7,5 миллиард сомы.
Цæрæнуатон-коммуналон къабазы райрæзтимæ, тарифтæ уæлдæр кæнын нæ уадзынимæ æмæ ацы къабазы компенсациты уагæвæрд банывыл кæнынимæ баст уыд, Таматы Майрæн депутатты размæ кæй рахаста, «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы фæзуатыл хъарм æмæ донуадзæн коммуналон хæдзарады льготон тарифты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы уыцы закъоны проект дæр.
Дыууæ закъоны проектты фæдыл æмдокладтæ скодта Парламенты цæрæнуатон-коммуналон къабазы æмæ арæзтадон политикæйы фарстаты фæдыл комитеты сæрдар Остъаты Георги.
Сæ фиппаинæгтæ загътой депутаттæ Дойаты Светланæ, Фадзайты Арсен, Хæдарцаты Аслæнбег, Тетцойты Георги, Цæгæраты Руслан.
Дыууæ закъоны проекттæн дæр сæ ахсджиагдзинад æмбаргæйæ, закъонтæ фидаргонд æрцыдысты фыццаг, дыккаг æмæ кæронбæттæн бакасты.
Тускъаты Таймураз бафиппайдта ахæм закъонты ахсджиагдзинад æмæ загъта, сæ нысан кæй у паддзахадон политикæ ацы къабазы фидарæй æххæст кæнын æмæ адæмы царды уавæртæ нывылдæр кæнын. «Уымæ гæсгæ сæ æххæст кæныны мадзæлттæ домынц бæстон æмæ лæмбынæг цæстдард», — бафиппайдта Парламенты Сæрдар.
“2023 азмæ æмæ 2024-2025 азты пъланон рæстæгмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы республикон бюджеты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проекты фæдыл Парламенты æмбырды раныхас кодта республикæйы финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Исахъты Олег.
Куыд загъта, афтæмæй ноябры кæрон республикæйы Хицауад бацæттæ кодта закъоны проектмæ ивддзинæдтæ. Уыдон баст сты, федералон бюджетæй уæлæмхасæн фæрæзтæ республикæйæн лæвæрд кæй æрцыд, уыимæ. Уымæ гæсгæ ивынц бюджеты сæйраг бæрæггæнæнтæ: 2023 азы бюджеты æфтиæгтæ фылдæр кæнынц 8,776 миллиард сомæй, 2024 азы бюджеты æфтиæгтæ — 3,909 миллиард сомæй æмæ 2025 азы бюджеты æфтиæгтæ фылдæр кæнынц 4,592 миллиард сомæй. Уымæ гæсгæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ивынц хæрдзтæ дæр: 2023 азæн уыдон фылдæр кæнынц 7,378 миллиард сомæй, 2024 азæн — 1,938 миллиард сомæй æмæ 2025 азæн — 4,643 миллиард сомæй. Министры ныхасмæ гæсгæ, фылдæр кæнынц бюджетон кусджытæн сæ мызд бафидыны хæрдзтæ, уыимæ, æппынкъаддæры мызды бæрц 16, 242 сомы кæй суыдзæн, уымæ гæсгæ дæр.
Иннæ хæрдзты ‘хсæн Исахъты Олег ранымадта сидзæр сывæллæттæн цæрæнуæттæ дæттыны хæрдзтæ, адæмы сæ кæлæддзаг хæдзæрттæй ног цæрæн бынæттæм раивыны хæрдзтæ, бæлццæттæ ласыны къабазы архайæг амалхъомтæн баххуыс кæныны хæрдзтæ æмæ æндæртæ. Бахаст ивддзинæдтæ нымайгæйæ, 2023 азы бюджеты сæйраг бæрæггæнæнтæ рауадысты ахæм: æфтиæгтæ — 46,817 миллиард сомы, хæрдзтæ — 47,040 миллиард сомы, бюджеты кадавар — 224 милуан сомы. 2024 азы бюджеты бæрæггæнæнтæ куыд пълангонд цæуынц, уымæ гæсгæ, æфтиæгтæ уыдзысты 38,655 миллиард сомы, хæрдзтæ — 37,436 миллиард сомы, афтæмæй, бюджет уыдзæн æфтиагджын — 1,220 миллиард сомæй. Æмæ 2025 азы бюджеты бæрæггæнæнтæ сты ахæм: æфтиæгтæ — 34,814 миллиард сомы, хæрдзтæ — 35,023 миллиард сомы, бюджеты кадавар — 209 милуан сомы.
Фарстайы фæдыл доклад скодта республикæйы экономикон рæзты министр Кучиты Зауыр.
Закъоны проекты фæдыл æмдоклад скодта Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдары хæдивæг Тауытты Алыксандр. Сæ фиппаинæгтæ загътой депутаттæ Дыдарты Сослан, Тетцойты Георги, Дойаты Светланæ, Цæгæраты Руслан, Фадзайты Арсен. Закъон фидаргонд æрцыд фыццаг, дыккаг æмæ кæройнаг бакасты.
Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитет ма дыккаг бакасты сæм æркæсынмæ бацæттæ кодта экономикæйы алы къабæзты архайæг чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомтæн баххуыс кæныны фæдыл республикон къорд закъонты проекттæ. Депутаттæ рахæцыдысты сæ фарс, афтæмæй, закъонтæ æрцыдысты фидаргонд.
Республикæйы царды алы къабæзтимæ баст закъонты проектты фæдыл æмбырды архайджыты раз ныхас кодтой Парламенты закъонады, закъонæвæрынад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан, промышленносты, транспорты, бастдзинад æмæ амалхъомады комитеты сæрдар Киситы Мурат, социалон политикæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ, наукæйы, ахуырад æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князева, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады æмæ арæзтадон политикæйы фарстаты фæдыл комитеты сæрдар Качараты Олег. Республикон закъонты проекттæм се ‘ппæтмæ дæр каст æрцыд дыккаг æмæ кæройнаг бакасты, афтæмæй фидаргонд æрцыдысты республикон ног закъонтæ.
Депутаттæ байхъуыстой Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдары хæдивæг равзарыны фарстамæ. Уый фæдыл раныхас кодта Тускъаты Таймураз. Куыд загъта, афтæмæй «Рæстаг Уæрæсе —Рæстдзинады фарс», зæгъгæ, парламентон ацы фракци Парламенты Сæрдары хæдивæджы бынатмæ бавдыста сæ партийы уæнг, депутат Дойаты Светланæйы кандидатурæ. «Социалон æмæ æндæр фарстатæ лыг кæныны хъуыддаджы Дойаты Светланæмæ ис стыр фæлтæрддзинад. Æвзарджытæ йæ зонынц йæ удæлдай архайдæй, алы лыггæнинаг хъуыддагмæ дæр бæрнон цæстæй кæй акæсы, уымæй, æмæ уыцы бæрндзинадæн алкæддæр вæййы хорз фæстиуджытæ», — загъта Парламенты Сæрдар.
Фарстайы фæдыл раныхас кодта депутат Хъамболты Дзамболат.
Электронон системæйæ пайда кæнгæйæ, сусæгæй хъæлæс кæныны уагæй депутаттæн сæ фылдæр Дойаты Светланæйы равзæрстой Парламенты Сæрдары хæдивæгæй.
Дойаты Светланæ, депутаттæн арфæ кæнгæйæ, загъта, се ‘ууæнк сын кæй нæ фæсайдзæн æмæ, йæ ног бынаты дæр æвзарджыты цард хуыздæр кæныныл, нырмæ куыд куыста, дарддæр дæр афтæ кæй кусдзæн, уымæй зæрдæ бавæрдта.
Уымæй уæлдай, Тускъаты Таймуразы раныхасмæ гæсгæ, депутаттæ сфидар кодтой 2023 азмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы æвдæм равзæрст Парламенты закъонæвæрынадон архайды пълан, стæй ивд- дзинæдтæ бахастой Парламенты иуæй-иу комитетты скондтæм.
Дедегкаты Зæлинæ














