Республикæйы закъонæвæрынадон оргæны разамонæг ТУСКЪАТЫ Таймураз дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй Парламенты уыд, хъæууонхæдзарадон къабазы ахсджиагдæртæй иу – фосдарынады райрæзтыл ныхас кæм цыд, ахæм цæлхæмбырд. Æмбырд арæзт æрцыд Парламенты аграрон æмæ зæххы политикæйы, экологи æмæ æрдзон фæрæзты комитеты хъæппæрисæй. Архайдтой дзы, фарста кæмæ хауы, уыцы министрадтæ æмæ ведомствæтæ, ахуырадон кусæндæттæ æмæ Хæххон аграрон паддзахадон университеты студенттæ.
Æмбырд йæ разныхасæй байгом кодта Тускъаты Таймураз.
– Хъæууон хæдзарад у нæ бæстæйы хойраджы æдасдзинады бындур. Уымæ гæсгæ сæйраг хæс у мидбæстон продукци парахат кæнынæн уавæртæ аразын, паддзахад политикон æгъдауæй, алы хъуыддагæй дæр æдас куыд уа, афтæ, – загъта Парламенты Сæрдар. Стæй йе ‘ргом аздæхта чысыл хъæутæ æмæ цæрæнбынæтты демографион уавæрмæ:
– Истори куыд æвдисы, афтæмæй бирæбинонджын, куыстуарзаг, æгъдæуттæн уæлдай фылдæр аргъгæнæг адæмæн сæ фылдæр цæрынц хъæуты. Афтæмæй, хъæууон хæдзарадмæ бавæрæн нæм дывæрæй здæхы – экономикон æгъдау æмæ сыгъдæг удварны æгъдауæй. Æмæ, къабаз размæ ракæныныл архайгæйæ, уыдæттæ хъæуы нымайын.
Парламенты Сæрдар уæлдай æргом аздæхта паддзахадон æххуысы мадзæлттæм æмæ загъта, фæстаг азты фосдарынады къабазæн финансон æххуыс кæй уыд 436 милуан сомы бæрц. Фæлæ æппæт фарстатæ нырма лыггонд не ‘рцыдысты, æмæ уый домы бæстон равзæрст æмæ аккаг аргъ.
Æмбырд саразæг комитеты сæрдар Качараты Олег йæ раныхасы куыд загъта, афтæмæй фосдарынад канд хойраджы æдасдзинады бындур нæу, фæлæ ма йæ фæрцы хъæуты цæрæг адæмæн фæзыны куысты бынæттæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, фылдæр æргом аздахын хъæуы, къабазы размæцыд чи къуылымпы кæны, уыцы къуыхцытæм: куыстадон хъомыс у лæмæгъгомау, хæрзмыггаг фос ссарын у зын хъуыддаг, артаджы кадавар æмæ æндæртæ. «Дардмæ æмгъуыдмæйы нысантæ цæмæй къухы æфтой, уый тыххæй хъæуы дæсны кусджытæ фылдæр цæттæ кæнын, стæй наукæйы хъомыс размæ ракæнын», – загъта депутат.
2023-2025 азты хъæууон хæдзарады къабазы райрæзты паддзахадон программæ царды рауадзын – уый уыд республикæйы хъæууон хæдзарады министры фыццаг хæдивæг Къадзаты Игоры ныхасы сæр. Куыд загъта, афтæмæй паддзахадон æххуысы фæрцы хъæууон хæдзарады ис ивддзинæдтæ. Царды уагъд цæуынц инвестицион æмæ грантты æххуысы фæрцы проекттæ фыстæ дарыны, аквакультурæ, стæй æхсыр æмæ æхсыры товар уадзыны къабæзты. Сæ фæрцы фæзынд ног куысты бынæттæ дæр. Къабазы размæцыд чи хъыгдары, уыцы аххосæгты ‘хсæн министры хæдивæг ранымадта æрдзы уавæртæ, генетикон æрмæгæй, ветеринарон хостæ æмæ ифтонггæрзтæй нырма фæсарæнтæй бирæ аразгæ кæй у, дæсны кусджытæ фаг кæй нæй æмæ æндæртæ.
Фосдарынады къабазы сæм цы фæлтæрддзинад бамбырд, уый фæдыл ныхас кодта Кировы районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Батиаты Хъазыбег. Уыцы фæлтæрддзинадæн аргъгæнгæйæ, Тускъаты Таймураз бахатыд хъæууон хæдзарады министрадмæ, цæмæй, паддзахадон æххуысы мадзæлттæ районтыл дихгæнгæйæ, бынæттон хицæутты хъуыды дæр нымайой, се ‘ххуыс та хъуамæ уа комкоммæ арæзт.
Фосдарынады къабазы ветеринарон куыст у уæлдай ахсджиаг. «Абоны бонмæ эпизоотикон уавæр республикæйы у нывыл. Фæлæ, дарддæр дæр цæмæй афтæ уа, уый тыххæй хъæуы иумæйаг профилактикæ, лабораториты ‘рдыгæй – цæстдард æмæ æдасдзинады мадзæлттæ æххæст кæнын», – йæ раныхасы загъта республикæйы Ветеринарон управленийы разамонæг Кокойты Сослан.
Хæххон æмæ хæхрæбын хъæууон хæдзарады наукон-иртасæн институты директор Кодзырты Сослан ныхас кодта, хъæууонхæдзарадон куыстад рапарахат кæнынæн цавæр наукон мадзæлттæ æмæ раззагдæр технологитæ ис, уыдоны фæдыл. Амынд сты 2030 азмæ РЦИ-Аланийы Агропромышленнон комплекс райрæзын кæныны стратегийы, куыд ахсджиагдæр нысантæ, афтæ, æмæ сыл институт абон æнтыстджынæй архайы.
Фосдарынады къабазæн дæсны кусджытæ куыд цæттæ кæнынц, ууыл ныхас кодта Хæххон аграрон паддзахадон университеты ректор Гогаты Олег. Специалисттæ цæттæ кæныны системæ сæм æххæссы æппæт къæпхæнтыл дæр: астæуккаг профессион ахуырадæй бакалавриаты, специалитеты, магистратурæ æмæ аспирантурæйы онг. 2025 азы та сæм фæзынд ахуырады ног хуыз – «Доны биоресурстæ æмæ аквакультурæ», зæгъгæ, ацы программæйыл кусыны тыххæй институт райста лицензи.
Иннæ раныхасгæнæг – агропромышленнон холдинг «Мастер-Прайм. Березка»-йы генералон директор Беккуызарты Ларисæ дæр сæ фæлтæрддзинадимæ æмбырды архайджыты базонгæ кодта æмæ сæ фæхуыдта сæ куыстуатмæ, цæмæй, бынаты уæвгæйæ, хъуыддагыл ноджы бæстондæрæй æрныхас кæной.
Æмбырды кæронбæттæн йæ архайджытæ рахастой хъæугæ уынаффæтæ æмæ амынддзинæдтæ.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ














