Фыццаг бынаты – бинонтæ

0
69

Фыццаджыдæр бинонтæ… ахæм темæйы фæдыл райдыдта йæ куыст Дзæуджыхъæуы федералон стратегион сесси «Семья на первом месте: цифровые технологии в интересах семьи и ребенка». Хъуыддаг арæзт æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Президенты фæдзæхстæй.

Архайдтой дзы Уæрæсейы Федерацийы Президенты цур сывæллæтты барты фæдыл æххæстбарджын минæвар Мария Белова-Львова, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, бирæсывæллонджын бинонтæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты кусджытæ. Мадзал райдыдта Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Дмитрий Чернышенко арфæйы фыстæгæй. Уый фæстæ сессийы архайджытæ бакастысты Ирыстоны историйы тыххæй документалон кинонывмæ. Сергей Меняйло йæ раныхасы фæбæрæг кодта, бинонтæй ахсджиагдæр кæй ницы ис.

– Ацы конференци тынг хъæугæ у, уымæн æмæ бинонтыл æнцайы цард, кæм фæнды ма уæм, нæ бинонтæй уæлдай нæм ничи фенхъæлмæ кæсы. Мæнæн царды мæ къухты цы æнтыстдзинæдтæ бафтыд, уыдон – мæ ныййарджытæ æмæ мæ бинонты фæрцы. Нырыккон æхсæнады бирæ ивддзинæдтæ цæуы, фæлæ сидзæр сабиты фарста нæ паддзахадæй рох никуы уыд. Нæ бæстæйы Президент бахæс кодта бинонты царды уавæртæм фылдæр æргом аздахын æмæ æххуыс кæнын, æнæ ныййарджытæй чи баззад, уыцы, бирæсывæллонджын бинонтæ æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæн. Архайдзыстæм, цæмæй сидзæр сывæллæтты нымæц къаддæр кæна, фæкæсынхъуаг бинонтæн æххуыс кæныныл, – загъта нæ республикæйы Сæргълæууæг.

Мария Львова-Белова та радзырдта, нырыккон технологон уавæрты алы фарста дæр æнцондæрæй æххæст кæнæн кæй ис.

– Ацы сесси ацы аз у фæндзæм, æмæ мын æхсызгон у, Дзæуджыхъæуы кæй цæуы, уый. Абон немæ сты эксперттæ, специалисттæ, сывæллоны бартыл куыст нырыккон уавæртæм чи рацарæзта, уыдон.

Цард размæ цæуы, æмæ мах хъуамæ рæстæгимæ æмдзу кæнæм. Цифрон технологитæ парахатдæр кæнынц бонæй-бонмæ, паддзахады куысты арф ахъардтой, æмæ уыцы фæзындæн, растдæр зæгъгæйæ та, рæстæджы домæнæн, бауромæн нæй. Мах куыст дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, æнгом баст у æмæ æнцой кæны «цифрæйыл». Нæ бирæвæрсыг æрвылбонон архайды цыдæриддæр вазыгджын фарстатæ ис, уыдон хынцæм нырыккон цифрон платформæйы фæрцы. Ацы проект нысангонд у 2030 азмæ, æмæ нæ ныфс ис, æнтыстджынæй йæ кæй сæххæст кæндзыс-
тæм.

Нæ республикæйы уазæг бæрзонд аргъ скодта, Цæгат Ирыстоны хицаудзинады дзуапдæттæг оргæнтæн сæ куысты тыххæй, стыр æргом кæй здахынц рæзгæ фæсивæды, бирæсывæллонджын æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны фарстамæ.

Мария Львова-Беловайы мидисджын раныхасмæ лæмбынæг хъуыстой фембæлды архайджытæ. Бæрæг уыд, бæстæ æмæ регионы разамынд стыр æргом кæй здахынц бинонты цард фæхъомысджындæр кæнынмæ. Ахæм фембæлдтытæ пайда сты, куыд дзуапдæттæг социалон оргæнтæн, афтæ алы бинонтæн дæр.

 САУТÆТЫ Тамилæ,

къамтæ систа

Татьяна ШЕХОДАНОВА

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here