Ног азы арфæтимæ — ног нысантæм

0
289

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй уыд Хицауады уæнгтæ æмæ районты сæргълæуджыты æрвылкъуырион аппаратон æмбырд.

Ног азы арфæтæ ракæнгæйæ, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы разамонæг æмбырды архайджыты æргом аздæхта нæ республикæйы æрвылбоны царды фарстатæм.
Фыццаджыдæр, Сергей Меняйло министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæм байхъуыста, ногазон бæрæгбæтты рæстæг службæтæ сæ куыст куыд æххæст кодтой, уымæ. Фæлладуадзæн бонты æнæкъуыхцыйæ архайдтой æнæниздзинад хъахъхъæнынады, энергетикæ, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады æмæ æндæр ахсджиаг службæтæ.
Уадзæн пункт «Уæллаг Ларс»-ы сæрты ацы бонты ахызт 16 мин адæймаджы æмæ 24 680 машинæйы. Ныртæккæ дзы рады лæууы 615 машинæйы.
Хъыгагæн, республикæйы фæндæгтыл æрцыд 43 фыдбылызы, æртæ адæймаджы дзы фæмард, алы аххосæгтæм гæсгæ æрцыд 21 зынгсирвæзты, иу адæймаг хъыгдард баййæфта.
«Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, грипп æмæ æндæр хæцгæ низтæй рынчынты нымæц бирæ фæкъаддæр, уыимæ, сывæллæтты ‘хсæн дæр.
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад дæр фæбæрæг кодта, уавæр нывыл кæй у, бæрæгбæтты «Тагъд æххуыс»-ы бригадæтæ æнæкъуылымпыйæ кæй куыстой. Сергей Меняйло бафæдзæхста, цæмæй ахæм æххуыс афойнадыл хæццæ кæна дæрддзæф районты хъæуты цæрджытæм дæр.
Дарддæр æмбырды архайджытимæ ныхас цыдис 2023 азы куысты пълантыл. Сæрмагонд æргом здæхт æрцыд ахсджиаг социалон инфраструктурæйы объектты арæзтадмæ, бюджеты уавæрмæ, бындурон арæзтадмæ. Ныхас цыдис Дзæуджыхъæуы полигон æмæ «Электроцинчы» хауæццæгтæ ссыгъдæг кæныныл. — Алы разамонæг дæр хъуамæ æмгъуыдæй цалдæр санчъехы раздæр цæуа, дардмæуынаг æмæ арфхъуыдыгæнаг уа, йæ куысты хæстæ рагацау чи æххæст кæна, æнтыстдзинад дæр уыдоны къухы бафтдзæн, — загъта Сергей Меняйло.
Фидæн аз стыр æргом здæхт цæудзæн автомобилон фæндæгты уавæрмæ, стæй транспортæй ифтонгадмæ. Республикæйы Сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, районтимæ транспортон бастдзинадмæ уыдзæн хицæн æркаст.
— Æнæнхъæлæджы цы мит ныууарыд æмæ ма, синоптикты хъуыдымæ гæсгæ, уардзæн, уый æвæстиатæй хъуамæ æфснайд цæуа, — загъта республикæйы Сæргълæууæг. Раст æм нæ кæсы, дæнцæгæн кæй æрхаста, уыцы регионты фæткæвæрд. — Цалынмæ миты ‘руарды бæрзæнд 21 сантиметры уа, уæдмæ йæ, сæ технологитæм гæсгæ, не ‘фснайынц.
Хайгай æрсидты чи архайы, уыдоны бинонтæн цавæр æххуыс цæуы, уый тыххæй радзырдта РЦИ-Аланийы фæллой æмæ социалон рæзты министр Айдарты Алинæ.
Скъолаты бындурон цалцæг, нæ республикæйы равзæрды 100 азы юбилеймæ цæттæдзинад, Цæгат Кавказы кинохроникæйы студи сног кæнын, Дзæуджыхъæуы Доны станцæ æмæ Терчы былгæрæтты аивгæнæн куыстытæ, — Ирыстоны цæрджытæн зæрдæ æвæрд цæмæй æрцыд, æппæт уыцы объекттæ хъуамæ конд æрцæуой æмбæлгæ хуызы.
Республикæйы Сæргълыууæг районты сæргълæуджыты размæ хæстæ сæвæрдта, цæмæй адæмы иу куырдиат дæр æнæ дзуаппæй ма баззайа, горæттæ æмæ хъæуты санитарон уавæрмæ цæстдард, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады лæггæдтæн хъалонтæ афойнадыл æххæст кæнын.
Æмбырды архайджытæ ма æрдзырдтой æндæр ахсджиаг фарстатыл.

Гугкаты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here