Нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Дзæуджыхъæуы Администрацийы разамонæг Милдзыхты Вячеславæн бахæс кодта, зæронд трамвайтæ историон хуызмæ рацаразын. Уый фæдыл ныхас цыдис къуырисæры аппаратон æмбырды.
— 28 зæронд трамвайæ 4 муниципалон сты, æмæ ахъуыды кæнут, историон «ретро» хуызмæ сæ куыд раивдзыстут, ууыл. Цæмæй сæ æддаг бакасты адæймаг æнкъара горæты ивгъуыд æмæ нырыккон азæлд. Уымæн стыр æхцаты фæрæзтæ нæ хъæуы. Æрбаздахут, ног трамвайтæ нын чи æрбарвыста, уыцы урайлаг специалистты куыст дæр, — загъта Сергей Меняйло.
Хуыцаубоны Дзæуджыхъæумæ æрцыд æртыккаг ног трамвай. Техникон æгъдауæй ацыд æмбæлгæ мадзæлттæ дæр. Æппæт 28 ног трамвайы та Дзæуджыхъæумæ æрбарвитдзысты 2023 азы фыццаг æмбисы.
Хуасдзауты Алинæ














