Спортивон афæлгæст

0
149

Ног азы къæсæрыл лæугæйæ, алы адæймаг дæр зæронд азыл афæлгæсгæйæ, хатдзæгтæ скæны: цы йын бантыст саразын йæ фароны фæндтæй, цавæр æнтыстдзинад, кæнæ хорз хабар ын барухс кодта йæ зæрдæ, цы ма йæ фæндыд сæххæст кæнын…

Спортивон цардыл дзургæйæ, Ирыстоны спортсментæн чысыл нæ бантыст. Уæрæсейы спортсментæн политикон уавæрты аххосæй Европæ æмæ дунеон ерыстæм сæ фæндаг æхгæд кæд æрцыд, уæддæр афæдзы дæргъы сæ ныфс нæ асаст.
Нæ чызджытæ æмæ лæппутæ раздæрау архайдтой сæ спортивон цæттæдзинад бæрзонддæр кæныныл æмæ уый фæзынд, цы алыхуызон ерысты архайдтой, уыцы бæрæггæнæнтыл.
Ирыстойнаг спортсментæй 2022 азы «Спорты мастермæ кандидат»-ы ном лæвæрд æрцыд 487 спортсменæн. Уæрæсейы «Спорты мастер»-тæ систы 19 спортсмены, «Дунеон къласы спорты мастер»-ы ном та райста иу адæймаг.
Олимпиаг хъæзтыты программæмæ хаст чи у, уыцы спорты хуызтæй, раздæрау, нæ республикæйы спортсментæ æппæты фылдæр æмæ стырдæр æнтыстдзинæдтæ равдыстой уæгъдибар хъæбысхæстæй.
Ирон богæлттæ азы сæйраг ерысты, Уæрæсейы чемпионаты рамбылдтой 6 — сыгъзæрин, 1 — æвзист æмæ 6 бронзæ майданы.
Ацы аз Уæрæсейы чемпионтæ систы: Найфонты Артур (86 кг), Соттиты Аслæнбег (97 кг), Хуыбылты Ален (125 кг), Кæсæбиты Алинæ (62 кг) æмæ Танделаты Алинæ (70 кг, 21 азы онг).
Æвзист майданæй хорзæхджын ссис Уалыты Чермен (74 кг), бронзæ хæрзиуджытæ та рамбылдтой: Тауытты Чермен (61 кг), Байаты Давид (74 кг), Уалыты Радик (79 кг), Уалыты Владислав (92 кг), Кодзырты Сергей (97 кг) æмæ Хынцæгты Сослан (125 кг).
Ноджыдæр ма нæ таурæгъон тренер Дзгойты Аслæнбеджы номыл Наро-Фоминскы цы Уæрæсейы чемпионат арæзт æрцыд абсолютон уæзы, уым 1-аг æмæ 2-аг бынæттæ бацахстой Коциты Знауыр æмæ Гæззаты Батрадз.
Нæ богæлттæ æнтыстджынæй архайдтой Æппæтуæрæсеон спартакиадæйы, дунеон турнир Гран-при «Иван Ярыгин»-ы, Андиаты Сослан æмæ Дмитрий Коркины Æппæтуæрæсеон номарæн турнирты æмæ Владимир Семеновы номыл турниры.
Уыцы ерысты уæлахиздзаутæ систы: Найфонты Артур, Уалыты Чермен, Уалыты Радик, Чертхъоты Гурам, Хынцæгты Сослан, Джиоты Жорик.
Сæрæнæй равдыстой сæхи нæ богæлттæ фæсивæдон (21 æмæ 23 азы онг) ерысты архайгæйæ дæр. Уæрæсейы чемпионтæ систы: Джиоты Жорик, Гобаты Артем, Сæбанты Алыксандр, Дзæгъиаты Сослан, Хъызынты Дзамболат, Джиоты Арсени, Тогойты Артур.
Ацы кары 2-аг бынæттæ бацахстой: Коцойты Тамерлан, Быгъуылты Зауырбег, Плиты Алан.
Хъæбысхæсты цы ног дунеон ерыстæ фæзындысты «Иван Поддубныйы лига», зæгъгæ, уым Ирыстоны минæвæрттæ афæдзы дæргъы архайдтой æнтыстджынæй.
Олимпиаг хъæзтыты уæлахиздзау, дунейы 2 хатты чемпион Сидахъаты Зауырбег, Европæйы 3 хатты чемпион, Олимпиаг хъæзтыты призер Найфонты Артур æмæ нæ чызг-богал Кæсæбиты Алинæ ацы аз уыцы ерыстæй цы æртæ этапы цыдысты, уыдоны бацахстой 1-аг бынæттæ. Дыууæ хатты уæлахиздзау ссис Кодзырты Сергей, фæйнæ иу хатты фæуæлахиз сты Тускъаты Азæмæт æмæ Хынцæгты Сослан.
Грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй Уæрæсейы Кубок рамбулыныл ерысты фесгуыхт Тыбылты Георги. Уый уæлахиздзау ссис 60 кг онг уæзы. Æрыгæтты ‘хсæн (16 азы онг) Уæрæсейы 1-аг бынат рамбулæг ссис Абациаты Рустем. Уымæй уæлдай ма Рустем дыккаг сыгъзæрин майдан рамбылдта ахуырдзауты Æппæтуæрæсеон спартакиадæйы.
Цæгат Кавказы федералон зылды 1-аг бынæттæ сæ карæнты ‘хсæн бацахстой Теблойты æфсымæртæ Даниэл æмæ Давид (21 азы онг). Æрыгæтты ‘хсæн (16 азы онг) та нæ зылды 1-аг бынæттæм рацыдысты: Уалыты Давид, Хъуылымбегты Аслан æмæ Богдан Загоруйко.
Уæззау атлетикæйæ азы дæргъы цы ерыстæ цыд, уым сæхи сæрæнæй равдыстой Ирыстоны минæвæрттæ. Уæлдай æнтыстджындæр рауад нæ чызджыты архайд. Соттиты Янæ 1-аг бынæттæ рамбылдта Уæрæсейы Кубок рамбулыныл ерысты, Уæрæсейы чемпионаты æмæ Æппæтуæрæсеон спартакиадæйы.
Уæрæсейы Кубок рамбулæг ссис Гусалты Зæринæ дæр. Уымæй уæлдай ма Зæринæ фæуæлахиз Æппæтуæрæсеон спартакиадæйы æмæ æрыгæтты (17-18 æмæ 19-20 азы онг) ‘хсæн Уæрæсейы чемпионатты: Зæринæйы бафæзмыдта Челæхсаты Мæдинæ дæр. Уый 1-аг бынæттæ бацахста йæхи кары (17-18 азы æмæ 23 азы онг) чызджыты ‘хсæн ерысты. Уый фæстæ та Мæдинæ фæуæлахиз хистæр кары сылгоймæгты чемпионаты.
Йæ карæнты ‘хсæн ма (13-15 азы онг) Уæрæсейы 1-аг бынат бацахсæг ссис Анастасия Черемных.
Нæлгоймæгты ерысты Уæрæсейы Кубок рамбулæг ссис Наниты Тимур.
Æрыгæтты ‘хсæн фесгуыхт Теблойты Сæрмæт. Нæ 17-аздзыд лæппу Уæрæсейы 1-аг бынат бацахсæг ссис 15-18-аздзыдтæ, уый фæстæ та 19-20-аздзыд штангисттимæ ерыс кæнгæйæ. Ацы кары ма 2-аг бынæттæ бацахстой Дзабайты Станислав æмæ Мæрзойты Георги.
Нæ æрыгон фæсивæд цы бæрæггæнæнтæ равдыстой, уый ныфс дæтты, уæззау атлетикæйæ нæм хорз фæлтæр кæй рæзы, æмæ сын стыр сгуыхтдзинæдтæ кæй бантысдзæн, уымæй.
Нæ иннæ олимпиаг спорты хуыз, дзюдойæ дæр нæ фæсивæд уыдысты раззагдæртимæ. Европæйы чемпион Тасойты Инал Манголы сæйраг горæт Улан-Баторы цы дунеон турнир «Сыгъзæрин згъæрхуд» цыд, уым уæззау уæзы йæ разæй никæй ауагъта. Инал 1-аг бынат рамбылдта Æппæтуæрæсеон спартакиадæйы дæр. Ацы спартакиадæйы 2-аг бынат бацахсæг ссис Хуыбецты Алан, Елбачиты Георги та 3-аг бынатмæ рацыд Уæрæсейы чемпионаты.
Ахуырдзауты Æппæтуæрæсеон спартакиадæйы 1-аг бынат бацахсæг ссис Къадзаты Рустем.
Дзюдойæ сæхи сæрæнæй равдыстой нæ чызджытæ дæр. Ногæй та Уæрæсейы чемпионаты йæ разæй никæй ауагъта Олимпиаг хъæзтыты фесгуыхæг Таймазты Мæдинæ æмæ ссис Уæрæсейы чемпион. Сыгъзæрин майданæй хорзæхджын ссис Улан-Баторы дæр, дунеон турнир «Сыгъзæрин згъæрхуд»-ы ерыс кæнгæйæ.
Боксæй Уæрæсейы æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды ерысты Ирыстоны чызджытæ æмæ лæппутæ сæрæн хæст ракодтой æрыгæтты (13-14, 15-16, 17-18-аздзыдты) ‘хсæн. ЦКФЗ-ы 1-аг бынæттæ бацахстой: Гуыцмæзты Тамерлан, Милдзыхты Батрадз, Абайты Аланæ (13-14 азы онг), Дзугаты Миланæ (15-16 азы онг), Челæхсаты Алыксандр æмæ Æлбегаты Сæрмæт (17-18 азы онг).
Сылгоймæгты (19-40 азы карæнтæ) ‘хсæн Къуылыхты Кристинæ ссис ЦКФЗ-йы чемпионкæ, Уæрæсейы чемпионаты та рамбылдта бронзæ майдан.
Сыгъзæрин майданæй хорзæхджын ссис, ССР Цæдисы сгуыхт тренер Борис Грековы Æппæтуæрæсеон номарæн турниры, 13-аздзыд боксер Хъæбæлоты Артур.
Фехтованийы спортæй дæр Ирыстоны минæвæрттæн бантыст Уæрæсейы чемпионаты сыгъзæрин æмæ бронзæ майдантæ, дунейы Кубок рамбулыныл ерысты та сыгъзæрин æмæ æвзист майдантæ рамбулын. Сыгъзæрин майдантæй хорзæхджын систы Бекмæрзты Янæ (дунеон Кубок рамбулыны этап) æмæ Фардзинты Алан (Уæрæсейы чемпионат). Анастасия Назарова æвзист майданæй хорзæхджын ссис дунеон Кубок рамбулыныл ерысты, Хъесаты Маринæ та Уæрæсейы чемпионаты рамбылдта бронзæ майдан. Уымæй уæлдай ма Маринæ æвзист майданæй хорзæхджын ссис фæсивæды ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты, Уæрæсейы тыхджындæр спортсменты спартакиадæйы та бацахста 3-аг бынат æмæ хорзæхджын ссис бронзæ майданæй.
Рог атлетикæйæ Ирыстоны спортсментæ сæхи сæрæнæй равдыстой ЦКФЗ-йы æрыгæтты æмæ хистæр спортсменты зымæгон æмæ сæрдыгон чемпионатты.
Æрыгæтты ‘хсæн Никитæ Великотский æмткæй райсгæйæ, рамбылдта дæс хæрзиуæгæй фылдæр. Уыдонæй аст сты сыгъзæрин, дыууæ та — æвзист майдантæ. Уыимæ, Никитæ Уæрæсейы ахуырдзауты спартакиадæйы цæлхдуртимæ 110 метрмæ згъоргæйæ, сæвæрдта нæ бæстæйы ног рекорд æрыгæтты (18-азы онг) ‘хсæн.
Уыцы спартакиадæйы 400 метрмæ згъоргæйæ, 1-аг бынат бацахста Игорь Байкулов.
Цæгат Кавказы федералон зылды (ЦКФЗ) ма уæлахиздзаутæ систы: Уæзæгты Вадим, Денис Бобылев, Кæлухты Софиа, Кокойты Элинæ, Хæдарцаты Алинæ, Билаонты Аринæ, Баситы Аринæ.
Тхэквондойæ хистæр спортсменты ерысты Уæрæсейы тыхджындæр спортсменты спартакиадæйы уæлахиздзау ссис Цакъоты Сæрмæт. Уымæй уæлдай ма Сæрмæт 1-аг бынæттæ бацахста: ЦКФЗ-ы чемпионаты, Республикæ Беларусы Кубок рамбулыныл ерысты æмæ рейтингон дунеон турниры.
Уæрæсейы чемпионаты нæ республикæйы иугонд командæ (Цакъоты Сæрмæт, Быгъуылты Руслан, Бырнацты Аскер, Икъаты Давид, Арут Меликсетянц) бацахста 2-аг бынат.
Нæ æрыгон тхэквондисттæ фондзæй 1-аг бынæттæ рамбылдтой ЦКФЗ-ы фыццаг бынат рамбулыныл ерысты. Уымæй уæлдай ма призон бынæттæ бацахстой Уæрæсейы чемпионаты сæ карæнты ‘хсæн.
Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты иумæйаг ерысты хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой Ирыстоны ленкгæнджытæ. 1-аг бынæттæ рамбылдтой: Такъоты Максим, Георгий Глущенко, Дзугкойты Валери. Нæ ленкгæнджытæ ма уымæй уæлдай æвзист æмæ бронзæ майдантæй хорзæхджын систы иуæндæсæй.
Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты иумæйаг чемпионаты аивадон гимнастикæйæ 2-аг бынæттæ рамбылдтой Маргаритæ Билимович æмæ Гадзаонты Аминæ.
Олимпиаг хъæзтыты программæмæ чи нæ хауы, уыцы спорты хуызтæй дæр Ирыстоны спортсментæ æнтыстджынæй архайдтой афæдзы бæрнондæр ерысты.
Уæрæсейы чемпионтæ систы: Артур Агаширинов (джиу-джитсу), Дзанайты Сослан (самбо), Багаты Руслан (сумо), Церекаты Раман (армлестлинг), Фæрниаты Егор (армрестлинг), Золойты Алан (армрестлинг), Байаты Миланæ (армрестлинг), Хортиты Оксанæ (армрестлинг), Хъаирты Мæдинæ (армрестлинг). Степан Иванов (мас-рестлинг). Къах-къухтæй тохты, фæсивæды ‘хсæн Уæрæсейы чемпионтæ систы Датиты Аслæнбег æмæ Хабæты Камиллæ, Джаджиты Камиллæ та Уæрæсейы 1-аг бынат бацахсæг ссис æрыгæтты (12-13 азы онг) ‘хсæн. Ацы спорты хуызæй ма æрыгæтты (14-15 азы онг) 2-аг бынат бацахста Виктория Ныркова.
Лæгæй-лæгмæ тохты æмхæццæ хуызæй (ММА)-йæ фæсивæды (21-азы онг) ‘хсæн дунейы чемпион ссис Сабеты Хетæг. Уанеты Сослан та йæ карæнты (14-15-аздзыд) ‘хсæн 1-аг бынат бацахста Цæгат Кавказы федералон зылды.
Кикбоксингæй нæ федералон зылды чемпионтæ систы: Герман Чмыхов, Тотраты Феликс, Хъуысаты Мæдинæ æмæ Касаты Лидия.
Нæ спортсментæ хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой каратэйæ, фат æхсынæй, рæттимæ хъæбысхæстæй.
Каратэйæ Калоты Кирæ æмæ Маргаритæ Карепова сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Цæгат Кавказы федералон зылды æрыгæтты ерысты.
Рæттимæ хæцгæйæ, Уæрæсейы чемпион ссис Пухаты Алинæ, фат æхсынæй та Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты иумæйаг чемпионаты 1-аг бынæттæ рамбылдтой Вероникæ Костионова æмæ Гæззаты Камиллæ.
Йе ‘нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы спортсменты ерысты Уæрæсейы чемпионтæ систы: Хуыгаты Хъазыбег, Пухаты Артем, Дзоцъиты Георги (æртæйæ дæр уæгъдибар хъæбысхæстæй). Армрестлингæй Уæрæсейы чемпионтæ систы: Дзæрæхохты Батрадз, Фидараты Фидар, Дыгъуызты Малхаз, Дзугаты Марат æмæ Мæлдзыгаты Алинæ.
Рог атлетикæйæ Уæрæсейы чемпионаты 1-аг бынæттæ рамбылдтой: Хынцæгты Альберт, Сланты Виктория, Кокойты Алан, Дулаты Георги, Перисаты Роберт, Хæбæлаты Таймураз, Хынцæгты Хетæг æмæ Мæргъиты Георги.
Къуырма футболистты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты 1-аг бынат бацахста Ирыстоны ФК «Алани».
Нæ иннæ командæ «Ирыстон», къахæй сахъат футболистты чемпионаты, рацыд 2-аг бынатмæ, ФК «Стимул» та 3-аг бынат бацахста, йæ змæлæн оргæнтæ хъыгдард кæмæн сты, уыцы спортсменты ‘хсæн.
Ивгъуыд аз РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спортæй архайджыты нымæц уыд 220-ы онг.
Дзыллон спортивон змæлд парахатдæр кæныны мадзæлттæ нæ республикæйы ивгъуыд аз арæзт цыдысты парахатæй. Уыдонмæ хауынц: «Æппæтуæрæсеон Олимпиаг бон», «Адæмон кросс», баскетболæй ерыстæ «Бурбын пурти», футболæй æрыгæтты ерыстæ «Сæрак пурти», спортивон фестивал «Фæнды мæ чемпион суæвын».
Æппæтуæрæсеон футболон ерыстæ «Сæрак пурти»-йæ Беслæны 2007-2008-азты гуырд лæппуты командæ «Пищевик» ссис Уæрæсейы чемпион.
Нæ республикæйы афæдзы дæргъы арæзт æрцыдысты 200 алыхуызон спортивон ерыстæ сывæллæттæй райдай æмæ суанг ацæргæ спортсменты онг. Уыцы ерыстæй сæйрагдæртæм хауынц Аланыстоны саргъуыды 1100 азы кадæн спорты цалдæр хуызæй цы ерыстæ арæзт æрцыд, уыдон: бæхылбадыны спортæй Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат æмæ РЦИ-Аланийы Кубок рамбулыныл ерыстæ, аивадон гимнастикæйæ Æппæтуæрæсеон ерыстæ «Къахдзæф Олимпмæ», фехтованийæ Годжиты Владимиры номарæн Æппæтуæрæсеон турнир, дзюдойæ Плиты Иссæйы номарæн Æппæтуæрæсеон турнир, уæгъдибар хъæбысхæстæй Андиаты Сосланы номарæн Æппæтуæрæсеон турнир…
Уымæй уæлдай ма Ирыстоны уыдысты Цæгат Кавказы æмæ Уæрæсейы 1-аг бынат бацахсыныл ерыстæ: велосипедон спортæй, армрестлингæй, фехтованийæ, аивадон гимнастикæйæ, мотоциклетон спортæй, топпæй æхсынæй. Зæрдæмæдзæугæ рауад Дзæуджыхъæуы Æппæтуæрæсеон гом культурон-спортивон фестивал «Сабыр Кавказ».
2022 азы нæ республикæйы фæзынд цалдæр ног спортивон-цæттæгæнæн фæзы. Æппæтуæрæсеон проект «Спорт — нæ цардыуаг»-ы фæлгæты гомгонд æрцыд, дæргъвæтин рæстæг кæй арæзтæуыд, уыцы нырыккон бирæвæрсыг спортивон комплекс Æрыдоны. Уым уыцы-иу рæстæг тренировкæтæ кæнынæн фадат ис 200 адæймагæй фылдæрæн.
Гом, бирæвæрсыг спортивон-физкультурон фæзтæ арæзт æрцыд æмæ кусын райдыдтой: Дзæуджыхъæуы фæрсагхъæу Хуссайраджы, Горæтгæрон районы Сунжæйы æмæ Мæздæджы.
Уымæй уæлдай ма проект «Бизнес-спринт (Æз равзæрстон спорт)»-ы фæлгæты Ирыстоны арæзт цæудзæн цалдæр спортивон-физкультурон комплексы.
Ивгъуыд аз ма Æппæтуæрæсеон проект «Спорт — нæ цардыуаг»-ы фæлгæты нæ республикæйы хъæугæ кусæнгарзæй ифтонггонд æрцыдысты физкультурон-спортивон комплекс «ГТО»-йы фæзтæ.
Азы дыккаг æмбисы аразджытæ зæрдиагæй бавнæлдтой Ирыстоны сæйраг стадион «Спартак» йæ къахыл слæууын кæнынмæ. Футболуарзджытæн йæ сырæзт уыдзæн стыр лæварау, уæлдайдæр ма ног азы нæ командæ «Алани» — Премьер-лигæмæ куы рацæуа, уæд!
Ног аз нын иумæйагæй амæндтæ хæссæг рауайæд!!!

Баскаты Уырызмæг

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here