Адæмы удæнцойæн

0
88

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй уыд Хицауады уæнгты æмæ районты сæргълæуджыты æрвылкъуырион æмбырд.

Нæ республикæйы æрвылбоны социалон-экономикон царды фарстатыл дзургæйæ, Сергей Меняйло, фыццаджыдæр, байхъуыста, ивгъуыд къуыри министрадтæ æмæ ведомствæтæ сæ куыст куыд æххæст кодтой, уымæ.
«Роспотребнадзор»-ы Цæгат Ирыстоны управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, грипп æмæ æндæр хæцгæ низтæй рынчынты нымæц фæфылдæр. 31 адæймаджы дзæбæх кæнынц ковидæй, 530 адæймагæн уал скодтой тæссаг низы ныхмæ вакцинаци.
Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрмæ Сергей Меняйло фарста радта, «тагъд æххуысы» машинæтæ фаг кæны, зæгъгæ? Министр фехъусын кодта, 68 бригады æнæсцухæй кæй лæггад кæнынц адæмæн, машинæты нымæц фаг кæны. Республикæйы Сæргълæууæг бафæдзæхста, æмæ сæ куыст афтæ саразой, æмæ «тагъд æххуысы» мобилон комплекстæ хæццæ кæной дæрддзæф районтæм дæр æнæкъуыхцытæй æмæ афойнадыл.
Паддзахадон программæ «Земскаг дохтыр»-ы бындурыл, ацы аз 23 дохтыры райсдзысты федералон æххуыс.
Ахсджиаг социалон æмæ инфраструктурон объектты арæзтадыл дзургæйæ, республикæйы Сæргълæууæг бафæдзæхста, цæмæй капиталон цалцæджы, паддзахадон экспертизæйы куыстытæ фæрæвдздæр кæной. Алывæрсыг æххуыс уыдзæн амалхъомады райрæзтæн.
Хæстæгдæр рæстæг фелсырон пункттæ байгом уыдзысты Горæтгæрон районы Донгæроны, Хъобаны æмæ Куырттаты хъæуты
Ацы мæйы кæрон социалон æххуысы фондæй фиддонтæ кæмæн æмбæлы, уыдон сæ исын райдайдзысты.
«Горæты цæрджытæн хæрзвадат уавæртæ саразыны» программæйыл кусынц æппæт районтæ дæр. Сæ фылдæр бацæттæ кодтой проектон-сметон документаци, программæ къуыхцытæ кæм кæны, уыцы районты разамонджытæ уайдзæфтæ райстой.
Ноджы ма Сергей Меняйло фидарæй загъта, электронтыхдæттæн фæрæзтæн иудадзыг фиддонтæ афойнадыл æмбырд кæнын у алы районы хæс дæр.
Республикæйы разамонæг, Уæлахизы бонмæ цæттæгæнгæйæ, бафæдзæхста нæ хъæуты æмæ горæтты хъæбатырты æппæт цыртдзæвæнтæ æмæ мемориалтæ банывыл кæнын.
Нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ хъæппæрис бахаста, цæмæй скъолаты арæзтадон æмæ цалцæггæнæн куыстыты архайой студентты арæзтадон къордтæ.
Аппаратон æмбырды архайджытæ ма ныхас кодтой æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр.
Зæгъæм, куыст цæуы, цæмæй бæлццæтты удæнцойдзинадæн æхсæнадон транспорты уа, картæйы руаджы бафидæн кæм ис фæндаггаг, ахæм нымайæнтæ.
Республикæйы Сæргълæууæг бафæдзæхста, национ æхсæнадтæ, не ‘мзæххонтимæ æндæр рæтты, стæй нациты ‘хсæн бастдзинæдтæ фидардæр кæнынæн цæмæй бацæттæ кæной куысты пълан.
Хъæуы саразын иумæйаг туристон маршруттæ, æрбамбырд кæнын, ацы куыстыл иузæрдион чи у, ахæм адæмы æмæ афтæмæй национ туроператор саразын.
Ацы аз расидтысты ахуыргæнæг æмæ зондамонæджы азæй. Æмæ уыцы фарстамæ дæр уыдзæн уæлдай цæстдард.

Цæгæраты Жаннæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here