Ныхас — дарддæры социалон-экономикон райрæзты фарстатыл

0
88

Дзанайты Барисы разамындæй уæрæх æмбырд уыд республикон ведомствæтæ æмæ министрадты разамонджытæн. Фембæлды архайджытæ се ‘ргом аздæхтой Цæгат Ирыстоны дарддæры социалон-экономикон райрæзты фарстатæм.

Æмбырды архайджытæ сæрмагондæй æрдзырдтой, нысанмæ арæзт паддзахадон программæтæ æмæ фыццаградон национ проектты фæлгæты республикæ ацы аз цы ахсджиаг объектты арæзтад æмæ бындурон цалцæгыл кусдзæн, уымæ. Амæй размæ азты куыд уыд, афтæ ныр дæр фыццаградон æргом здæхт цæудзæн сывæллæтты рæвдауæндæттæ æмæ скъолаты, амбулаторитæ æмæ поликлиникæты, культурæйы хæдзæрттæ æмæ спортивон комплексты, стæй социалон инфраструктурæйы æндæр объектты арæзтад æмæ бындурон цалцæгмæ. Хицауады Сæрдар профилон министрадмæ æмæ ведомствæты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй 2023 азæн нысангонд куыстыты фæдыл æппæт бадзырдтæ дæр афойнадыл фидаргонд æрцæуой.
— Ацы азы арæзтад æмæ цалцæджы пълантæм цы ахсджиаг социалон объекттæ бахастам, уыдоны номхыгъд рагагъоммæ бæрæг уыд. Æппæт ведомствæты минæвæрттæй дæр курын, цæмæй арæзтад æмæ цалцæджы куыстытæм бавналыны фæдыл æппæт организацион мадзæлттæ дæр цыбырдæр æмгъуыдтæм ахицæн кæной. Уыимæ, æппæт профилон ведомствæты размæ дæр æвæрд цæуы бæлвырд нысан — æппæт куыстытæ дæр хъуамæ æххæстгонд цæуой афойнадыл, — бацамыдта Дзанайы-фырт.
Уымæй уæлдай, Хицауады Сæрдар министрадты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй республикæ уæрæхдæр архайа нысанмæ арæзт паддзахадон программæтæ æмæ фыццаградон национ проектты. Дзанайы-фырты ныхасмæ гæсгæ, 2024 азы паддзахадон программæтæ æмæ национ проекттæм цы республикон объекттæ бахæссын æмбæлы, уыдонæн хъæугæ проектон-сметон документаци æвæстиатæй саразын хъæуы.
Дарддæр Дзанайты Барис куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстон бавнæлдта «КАВКАЗ.РФ», «ДОМ.РФ», «ВЭБ.РФ» æмæ æндæр паддзахадон корпорацитимæ уæрæх æмархайдмæ. Уыцы æууæл хынцгæйæ, æппæт министрадтæ æмæ ведомствæты минæвæрттæ дæр сæ фæндæттæ хъуамæ бадæттой, амынд корпорацитимæ цы иумæйаг проекттыл бакусынвæнд кæнынц, уый фæдыл.
— Зæгъæм, Уæрæсейы Президенты амынддзинадмæ гæсгæ, корпораци «ДОМ.РФ» кусы Дзæуджыхъæуы дарддæры райрæзты мастер-пъланыл. Ацы стыр проект фидæны зынгæ фæивдзæн нæ республикæйы сæйраг горæты бакаст, зынгæ йын фæхъомысджындæр кæндзæн йæ экономикон уавæр. Æрæджы нæ республикæ радон хатт бабæрæг кодтой корпораци «ВЭБ.РФ»-йы минæвæрттæ дæр. Уыдон бæлвырд фæндæттæ бахастой горæт æмæ республикæйы экономикæ бæрзонддæр къæпхæнмæ сисыны фæдыл. Ныр нæ иумæйаг хæс у уыцы фæндæттæ æмæ хъæппæристы бындурыл бæлвырд проекттæ саразын, — бафиппайдта Дзанайы-фырт.
Республикон ведомствæты минæвæрттæй уæлдай, Хицауады Сæрдар бæлвырд амынддзинæдтæ радта муниципалитетты разамонджытæн дæр. Афтæ, уыдон хъуамæ фылдæр æргом аздахой инвестицион проекттæм. Уæлдайдæр та — Инвестициты фарстаты фæдыл республикон советы уæнгтæ уæлдай хорз аргъ кæмæн скодтой, уыцы проекттæм.

— Районты разамонджытæ дæр уæхскуæзæй хъуамæ бакусой муниципалитетты инвестицион хъомыс ахадгæдæр кæныныл. Зæгъæм, районы къæбицы хъуамæ уой зæххы хæйттæ ног проекттæ царды рауадзынæн, экономикон æмæ социалон инфраструктурæйы кæцы къабæзтæм хъæуы фылдæр цæстдард, уый фæдыл бæлвырд раиртæстытæ цæттæ кæнын… Зæгъæм, иу муниципалитеты хуыздæр фадæттæ ис туризм æмæ бальнеологийы райрæзтæн, иннæ ран та — хъæууон хæдзарадæн. Æмæ уыцы æууæлтæ хъуамæ рагагъоммæ бæлвырдгонд уой. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы æмæ æндæр организацион мадзæлттæ ахъаз уыдзысты ног цымыдисаг проекттæ царды рауадзынæн, адæмæн кусæнбынæттæ дæттынæн, стæй республикæйы бюджеты æфтиæгтæ дæр фылдæр кæнынæн. Æппæт амынд фарстаты фæдыл фæндæттæ дæр бадæттут Экономикон рæзты министрадмæ, — загъта Дзанайты Барис.
Транспорт æмæ фæндагон инфраструктурæйы комитеты разамындæн хæсгонд æрцыд, цæмæй автомобилон фæндæгтæ митæй афойнадыл сыгъдæггонд цæуой. Уымæй уæлдай, фæндæгты техникон уавæрмæ хъуамæ уа иудадзыгон цæстдард.
Æмбырды архайджытæ се ‘ргом аздæхтой, æрæджы РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн республикæйы цæрджытимæ цы «комкоммæ бастдзинады лини» арæзт æрцыд, уымæ.
— Зындгонд куыд у, афтæмæй бирæ адæм алыхуызон фæндæттæ æмæ тыхстаг фарстатимæ бахатыдысты республикæйы разамонæгмæ. Æппæт уыцы æрмæджыты фæдыл профилон республикон ведомствæтæ æмæ муниципалитеттæн лæвæрд æрцыд бæлвырд амынддзинæдтæ, цæмæй адæмы тыхстаг фарстатыл бакусой. Уыимæ, «комкоммæ бастдзинады линийы» æрмæджытыл куыст куыд цæуы, уымæ сæ цæст дардзысты Хицауады Сæрдары хæдивджытæ. Алкæцы куырдиат сæххæст æмæ лыггæнинаг фарста аиуварс кæнынæн æвæрд æрцыд бæлвырд æмгъуыдтæ. Æмæ уыцы куыст афойнадыл бакæнын хъæуы, — бацамыдта Дзанайты Барис.
Ныхасы архайджытæ æрдзырдтой республикæйы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады комплексы дарддæры нывыладыл, скъолаты бындурон цалцæгыл, муниципалитетты санитарон сыгъдæгдзинад æмæ æндæр фарстатыл.

Калманты Аслан

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here