Цæгат Ирыстон ис раззагдæрты ‘хсæн

0
84

Цæгат Ирыстон цæрджыты хæдзæрттæм газ бауадзыны программæ æххæст кæнынæй Уæрæсейы рацыд раззагдæр бынатмæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй 2021-2022 азты программæ æххæстгонд æрцыд 100 процентæй.

Политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы, социалон æгъдауæй газ адæмы хæдзæртты онг бауадзыны хъæппæристæ царды куыд бантыстысты, ууыл ныхас рауад видеоконференцийы фæлгæты. Фембæлд амыдта партийы разамонæг Дмитрий Медведев.
Цæгат Ирыстоны номæй æмбырды архайдтой Хицауады Сæрдары хæдивæг Икъаты Русланбег, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн, компанитæ»Газпром межрегионгаз Дзæуджыхъæу» æмæ «Газпром газораспределение Дзæуджыхъæу»-ы генералон директор Хъодзаты Алан.
Фембæлды æрныхас кодтой, ивгъуыд азты газ хæдзæрттæм бауадзыны программæйыл, 2023 азы хæдзæрттæм, медицинон æмæ ахуырадон кусæндæттæм газ бауадзыны æмæ граждæнты хицæн къордтæн æххуыс кæныны нысантыл. Дмитрий Медведев фæсидт регионтæм, цæмæй сæ бавнæлд ма къуылымпы кæной, социалон æгъдауæй газ хæдзæртты онг хæццæ кæной.
Уый адæмы зæрдыл æрлæууын кодта Уæрæсейы Президент Владимир Путины фæдзæхст, ома, алы хæдзары онг дæр паддзахады хардзæй газ бауадзын. «Нæ бæстæйæн зæрдæмæдзæугæ бæрæггæнæнты онг кусдзыстæм, цалынмæ программæ кæронмæ нæ сæххæст кæнæм, уæдмæ», — фæбæрæг кодта «Иугонд Уæрæсе»-йы сæрдар.
Хицæн регионтæн программæ куыд бантыст, ууыл дзургæйæ, куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй 2021-2022 азты Цæгат Ирыстон хæстæ 100 процентæй сæххæст кодта. Азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ Цæгат Ирыстон ис хуыздæр регионты ‘хсæн, æппынæдзух фарстамæ йæ хъус дары РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Ныртæккæ газ хæдзæртты онг бауадзыны тыххæй бафыстой 1629 бадзырды, уыдонæй газ бауагътой 1410 зæххы хæйтты онг, 710 хæдзары та газ скуыста. Республикæйы пайда кæнынц æххуысы мадзæлттæй, газæй пайда кæныны ифтонггæрзтæн æмæ зæххы хæйтты мидæг газы хæтæлтæ бауадзыны хæрдзты ныхмæ адæмæн субсидитæ радих кодтой. Республикон бюджетæй æххуысхъуаг бинонтæ райстой 100 000 сомы, уыдон сты бирæсывæллонджын бинонтæ, æвæрæз адæм, иунæгæй цæрджытæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ æмæ инвалидтæ, фыццаг æмæ дыккаг къорды инвалидтæ, инвалид сывæллонимæ бинонтæ.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here