Фæндагон маршрутты ног комулæфт

0
84

РЦИ-Аланийы Хицауады хæдзары æрныхас кодтой бæлццæттæ ласыны уавæр фæхуыздæр кæныныл. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло рæгъмæ рахаста муниципалитетты æмæ регионты ‘хсæн бæлццæттæ ласыны фарстатæ фæнывылдæр кæныны нысантæ.

Фарон йæ амындæй республикæ балхæдта 67 автобусы, уыдонæй 40 сты ВекторNext-ы уагъд, цæудзысты муниципалитетты хсæн 21 маршрутыл, 27 машинæйы рауагътой Китайы, æрвыст цæудзысты регионты ‘хсæн 15 маршрутмæ, 2 автобусы та лæвæрд сты туристты ласынмæ.
Фæндагон комитеты сæрдар Солиты Тариэл куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ сбæрæг кодтой, автобустæ кæцы маршруттыл цæудзысты, уый. Хъуамæ специалисттæ бакусой сæрмагонд графикыл, ног автобусты банкон картæты фæрцы адæм куыд фиддзысты, уыдæттæ сбæрæг кæной. Æвæрд сæ ис сæрмагонд валидатортæ. Фæлæ, республикæйы Сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ фадат уа æхца бафидынæн дæр.
«Хъуамæ æппæт ногдзинæдтæ банымайат æмæ тагъд рæстæджы машинæтæ фæндæгтæм рарвитат. Раздæр уал бафæлвардзыстæм маршрут «Дзæуджыхъæу-Алагир», хуымæтæг бонты маршрутыл цæуынц 2 мин бæлццоны бæрц, фæлладуадзæн бонты та мин адæймаджы бæрц. Фылдæр адæм цафон фæцæуы, уый бæрæг у, уæдæ, цал автобусы æмбæлы радтын, уый дæр. Æрмæстдæр ма бафидыны мадзæлттæ сбæрæг кæнын хъæуы, ацы маршрутыл сбæрæг кæнут график, æмæ автобустæ цæуын райдайой. Æнхъæлмæ кæсын уæ бæлвырд уынаффæтæм», — фæбæрæг кодта республикæйы разамонæг.

Ныртæккæ ацы маршрутыл кусынц хицæн адæймæгты машинæтæ, цæуæггаджы аргъ у 60 сомы.
Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here