Мæцутæйæ Комы-Артмæ фæндаг

0
76

Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы Мæцутæйæ альплагер Комы-Арты онг фæндаг рацарæзты фæстæ байгом, йæ дæргъ Гæлиаты хъæумæ бацæуæнимæ, у 21,3 километры. Кадджын хъуыддаджы архайдта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Фæндагаразджытæ бындуронæй базылдысты 5 хидмæ, тæссаг бынæтты бетонæй гæрæнтæ скодтой. Фæндаджы хай бирæ бынæтты рапарахат кодтой, уымæй змæлд æдасдæр фæцис. Æхсæнадон транспорты цæуæг бæлц-цæттæн дзы фæзынд æрлæууæн бынæттæ.
Фæндаг æхгæд у асфальтæй, нысантæ дзы скодтой, йæ кæрæттæ фидаргонд æрцыдысты, æппæт фæзилæнтæм базылдысты. Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, уазджытæ æмæ бынæттон цæрджытæн фадатджын фæндаг фæзынд. «Нæ пълантæм бахастам уæлæмхасæн уавæртæ саразын, Цыкола-Мæцутæ-Комы-Арты проектон-хæрдзты документаци цæттæ кæнæм. Хъуамæ тъунел саразæм фæндаджы 22-æм километры. Уæд бæлццæттæ бынтон æдас уавæрты цæудзысты, ныртæккæ зæйтæй, дуртæ ракæлынæй тæссаг у, уым.
Туризмы рæзт баст у фæндæгты уавæримæ, Ирыстоны Дыгургом у тынг аив бынат. Туристтæ нæм хорз цæуынц, сæ фæллад суадзынмæ цы бынæттæ равзæрстой, уырдæм сын фидар æмæ лæгъз фæндæгтæ аразæм. Фарон нæ къухы бафтыд фæндагон инфраструктурæйы бирæ объекттæ саразын, ацы азы нысантæ дæр бæрæг сты. Дыгургомы фæзындзæн тъунел, «Мамысон»-ы дыккаг-æртыккаг къæпхæнтæ кæронмæ сцæттæ уыдзысты», — фæбæрæг кодта республикæйы разамонæг.
Куыд зонут, афтæмæй Транспорты æмæ фæндагон инфраструктурæйы комитет, ныртæккæ кусгæ чи кæны, уыцы фæндæгтæм зилы æмæ хæххон бынæтты фæндæгты хæйттæ ногæй аразы. Алы районы дæр нымад цæуынц сæ нырыккон техникон уавæртæ æмæ бынæтты рæзты нысантæ.
Паддзахадон программæтæй иу у «Туристон-рекреацион комплексы рæзт», уымæ гæсгæ Æрæфы районы туристон хъомысы рæзтыл куыст цæуы. Инвестицион проект «Хæххон Дыгуры туристон кластер»-мæ гæсгæ, раздæр азты Æрæфы районы сцалцæг кодтой Цыкола-Мæцутæ-Комы-Арты фæндаджы 32 километры.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here