Æмгуыстад —рæзты институттимæ

0
82

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис министртимæ, районты разамонджытимæ скодта рæзты институттимæ æмгуыстад фæтыхджындæр кæныны тыххæй æмбырд. Рæгъмæ рахастой Фæзуæтты рæзты фонды фæрæзтæй спайда кæныны фарстатæ.

Республикæйы дарддæр кусынц, хи фæрæзты фæрцы фатеры арæзтады чи балæууыд, æнæхца æмæ æнæ фатерæй чи баззад, уыцы адæмы бартæ сног кæныныл. Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй хъуамæ ацы цæрджыты хайы фарста сæхгæной. «Реестрмæ бахастам цыппар хæдзары, иу дзы сараздзыстæм, иннæ æртæйы тыххæй ацы аз уынаффæтæ рахæсдзыстæм. Республикæйы Хицауад цы фæндагон картæ сарæзта, уый æххæст кæнынмæ уæ цæст фæдарут. Æппæт мадзæлттæ афоныл æмæ хæрзхъæдæй конд æрцæуæнт», — загъта Дзанайы-фырт.
Коммуналон инфраструктурæйы рацарæзты программæйы республикæ куыд архайдзæн, уый тыххæй радзырдта цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн. Йæ ныхасмæ гæсгæ, бакуыстой РЦИ-Аланийы «Коммуналон инфраструктурæйы хызæджы рацарæзт»-ы программæйыл, конд у 2023-2027 азтæн. Хъуамæ 2023-2024 азты Алагиры районы раивой донуадзæн хызтæ, саразой донисæн «Лæц». Афтæмæй Алагиры район æмæ хæстæг хъæутæ донхъуаг нæ уыдзысты.
«Республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æххæстгæнæг хицауады оргæнты кусджытæн бафæдзæхста рæзты институтты программæты бæстонæй архайын. Фæзуæтты рæзты фонд банымайæн ис сæйраг организацийыл, уый граждæнтæн хорз уавæртæ æмæ фæрнæйдзаг цард саразынæн алыхуызон фадæттæ аразы. Уырдæм ахæсгæ сты коммуналон инфраструктурæйы рацарæзт, сайды бахауæг адæмы бартæ, кæлæддзаг хæдзæрттæй цæрджыты ног бынæттæм раивыны фарстатæ. Мах корпорацийы цалдæр программæйы архайæм, ис нæм, æвæстиатæй алыг кæнын кæй хъæуы, ахæм фарстатæ. Хъуамæ Фондимæ нæ куыст фæтыхджындæр уа», — фæбæрæг кодта Хицауады Сæрдар.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here