Социалон газуадзынад цæудзæн дарддæр

0
127

“Социалон газуадзынады программæйы 2022 азы сæйраг нысантæ æххæстгонд æрцыдысты”, — фæбæрæг кодта политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Сæрдар Дмитрий Медведев программæ æххæст кæныны фæдыл æмбырды.

Уым архайдтой Генсоветы нымæрдар Андрей Турчак, Хицауад, «Газпром» æмæ регионты минæвæрттæ. Уыдон æрныхас кодтой программæ 2023 азы дарддæр æххæст кæныны нысанты æмæ Президенты амынддзинад, льготæтæй пайдагæнæг граждæнтæй газ кæй хæдзæрттæм уадздзысты, уыдонæн 100 мин сомтæ субсидитæ радих кæныны тыххæй.
«Газы инфраструктурæйы арæзтад 2021 азæй фæфылдæр æртæ хатты. Сæйрагдæр ныртæккæ архайын хъæуы ууыл, цæмæй мингай хæдзæрттæ тагъддæр пайда кæнын райдайой газæй. Æмæ программæйы архайд рапарахат кæнын хъæуы ног регионты. Хæдзæрттæм газ бауадзын бæлвырд фæхуыздæр кæндзæн адæмы царды уавæртæ», — загъта Дмитрий Медведев. Уый фæсидт регионтæм, цæмæй фæтагъддæр кæной социалон газуадзынады льготæтæ радтыны нормативон гæххæттытæ сфидар кæнын. Президенты амынддзинадмæ гæсгæ æгас бæстæйы дæр цæмæй нысангонд æрцæуа субсидиты æппынкъаддæр бæрц 100 мин сомы граждæнты фараст къордæн.
Уыдонмæ хауынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджытæ æмæ инвалидтæ, хæстон архайды ветерантæ, чи фæмард, уыдоны бинонтæ, ветерантæ æмæ инвалидтæ, фæкæсынхъуаг граждæнтæ, бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынхъуаг бинонтæ. Андрей Турчак фæнысан кодта, зæгъгæ, федералон æххуысы мадзалмæ хауæг регионтæ, социалон газуадзынад скæнгæйæ, льготæтæм хауæг граждæнты тыххæй райсдзысты субсидитæ.
«Фæрæзтæ цæттæ сты, «Иугонд Уæрæсе» 2023 æмæ пъланон рæстæг 2024-2025 азты бюджетыл схъæлæс кодта. Махмæ ма раздæрау ис, льготæтæй сæ бон баххуыс кæмæн нæу, ахæм регионтæ. Уый фæдыл ныууадзæм нæ быцæутæ, фæлæ федералон штабмæ фехъусын кæнæм Президенты амынддзинад сæххæсты тыххæй», — загъта Андрей Турчак.
Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Новак фехъусын кодта, зæгъгæ, социалон газуадзынад дарддæр æххæст кæныны тыххæй арæзт æрцыд 724 мин бадзырды, æмæ æнæхъæн бæстæйы ист æрцыд 790 бавдысты. «Президенты уынаффæмæ гæсгæ программæ æххæстгонд цæуы æнæмгъуыд бындурыл. Ныртæккæ нысангонд цæуы хæдзæрттæм социалон газ бауадзын. Стæй программæ уæрæхгонд æрцыд скъолатæ æмæ медицинон уагдæттæм газ бауадзыны тыххæй дæр», — бафтыдта Александр Новак.
«Кæд Цæгат Ирыстоны газæй пайда кæнынц 97 процентæй фылдæр, уæддæр ма дзы ис ахæм бынæттæ, газ бауадзын кæдæм хъæуы, — загъта «Иугонд «Уæрæсе»-йы регионалон хайады нымæрдары хæдивæг, газ дарддæр уадзыны республикон штабы уæнг Едзойты Марат.
— Уыдон сты дæрддзæф хохаг цæрæнбынæттæ. Уымыты цæрджытæн социалон газуадзынады программæ тынг ахсджиаг у. «Иугонд Уæрæсе»-йы «Партион десант» иудадзыг йæ цæст дары, республикæйы газ уадзыны программæ дарддæр куыд æххæстгонд цæуы, уымæ. Алы къæпхæнты депутаттæ цы кусæг къорды сты, уый бабæрæг кæны, программæмæ цы хъæутæ хауынц, уыдон. Стæй регионалон партийы арæзт æрцыд Консультацион центр, уым республикæйы цæрджытæн сæ бон у ацы фарстайы фæдыл информацион æххуыс райсын».
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм: 2021 азы Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин «Иугонд Уæрæсе»-йы фракцийы ивддзинæдтимæ бафыста закъон хæдзæртты бынæттæм газ лæвар бауадзыны тыххæй. Социалон газуадзынады тыххæй бавдыст бадæттæн ис портал Госуслуг æмæ МФЦ-йы хайады уылты, «Газпром межрегионгаз» æмæ газуадзынады операторты сайтæй. Парти фæндон бахаста социалон газуадзынады рæстæг льготниктæн æххуысы мадзæлттæ фæуæрæхдæр кæнын æмæ сæ æнæхъæн бæстæйыл апарахат кæнын, стæй хицæн къордты граждæнтæн ифтонггæрзты æргътæ фæкъаддæр кæнын.

Санаты Альбинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here