Туристон фæзуæттæ

0
89

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыд нæ республикæйы Туризмы комитеты сæрдар Дзæрæхохты Ацæмæзимæ. Ныхас бацахста туристон фæзуæтты рæзтимæ баст мастер-пълан. Æрæджы уый тыххæй уыд стратегион сесси, «Хуры рон»-ы фæзуæттæ фæбæрæг кодтой.

Дзæрæхохты Ацæмæз куыд радзырдта, афтæмæй сессийы КАВКАЗ.РФ куыстуæттæ «НКД», «Терра Тех», «Асгард»-имæ проекты фыццаградон къæпхæнтæ сбæрæг кодтой. Регионы, йæ хæххон хайы туристон индустрийы рæзты хатдзæгтæ рæгъмæ рахастой. Стыр куыст бакодтой космосæй исгæ къамтимæ, бастдзинады оператортимæ.
Ведомствæйы разамонæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хъуамæ аразын райдайой лæггæдты бынæттæ, сæ аивдзинадыл бакусдзысты, фæзындзысты фæлгæсæн туристон фæзуæттæ, фистæгæй цæуыны маршруттæ. Цæмæй Дæргъæвс æмæ Фæснæлы хуызæн туристон бынæттæ рæзой, уый тыххæй хицæн мастер-пълантæ сарæзтой. Бахастой сæм архитектурон-горæттæаразæн концепцитæ.
Республикæйы Сæргълæууæджы ныхасмæ гæсгæ, хъуамæ куыст фæрæвдздæр уа, мартъимæ та кæронбæттæн хуыз сцæттæ уа. «Гæххæтт нын бар ратдзæн рæзты фæзуæттæ, проектты параметртæ, фæрæзты хъомыс сбæрæг кæнынæн, уый руаджы амалхъомтимæ кусдзыстæм. Нæ бон пълантæ кæнын уыдзæн, бюджетон инвестицитæй спайда кæныны фадат дæр равзардзыстæм», — загъта Сергей Меняйло.
Уый ма Дзæрæхохы-фырты ‘ргом аздæхта туризмы нырыккон инвестицион технологитæй спайда кæнынмæ. Зæгъæм, навигаторы фæрцы туристтæн сæ бон уыдзæн республикæмæ ссæуыны æргътæ, транспорты уавæртæ базонын. Ведомствæйы разамонæг радзырдта, бирæфадатджын фæрæзыл куыст кæй цæуы, уый тыххæй. Пайда дзы кæндзысты, куыд информацион навигаторæй, хъæугæ информацийæ æххæст уыдзæн.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here