Инвестицион программæйы фæлгæты

0
199

Хуссар Ирыстоны дарддæры социалон-экономикон райрæзтæн ахъазгæнæг инвестицион программæйы фæлгæты 2023 азы республикæйы куыст цæудзæн ахсджиаг инфраструктурон 18 объекты арæзтадыл.

Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта республикæйы арæзтады, архитектрурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Дзæгъойты Эдуард.
Уыимæ, министры ныхасмæ гæсгæ, амынд 18 ахсджиаг объектæй 14 хъуамæ сцæттæ уой ацы аз. «Едысæй Цхинвалмæ донуадзæны, сывæллæтты рæвдауæндоны, бирæфатерон цæрæн хæдзæрттæ æмæ æндæр ахсджиаг социалон объектты арæзтады фæдыл подрядон бадзырдтæ ныридæгæн фидаргонд æрцыдысты. Хæстæгдæр рæстæг амынд объектты проектон-сметон документацийæн аргъгæнæг уыдзæн Уæрæсейы паддзахадон арæзтадон экспертизæйы службæ. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй мартъийы мæймæ æппæт организацион фарстатæ дæр лыггонд æрцæудзысты», — загъта Дзæгъойы-фырт.
Министр куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй 2023-2025 азтæн инвестицион программæ фидаргонд æрцыд Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны иумæйаг сæрмагонд хицауадон къамисы уынаффæйæ. Программæмæ бахастой социалон-экономикон райрæзты фæдыл алыхуызон 46 мадзалы (уыдоны нымæцы — 44 социалон объекты арæзтад дæр). Программæйы мадзæлттæ æххæст кæнынæн 3 азмæ дихгонд æрцæудзæн 3,5 миллиард сомы бæрц.

(Информацион
агентад «Спутник»)

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here