Мæскуыйаг дохтыртæ рынчын сывæллæтты уавæр раиртасдзысты

0
171

Ацы бонты Цæгат Ирыстоны кусæг балцы сты Мæскуыйы академик Н. П. Бочковы номыл медикон-генетикон наукон центры специалисттæ. Зындгонд æмæ дæсны мæскуыйаг дохтыртæ консультацион фембæлдтытæ кæнынц, гуырдзæй рахæсгæ низтæ кæй тыхсын кæнынц, уыцы сывæллæттæ æмæ сæ ныййарджытимæ.

Мæскуыйаг специалистты къорды сты наукон центры директоры хæдивæг, профессор, медицинон наукæты доктор Ренæ Зинченко, медицинон наукæты кандидат, офтальмолог Виталий Кадышев, медицинон наукæты кандидат, генетик Айсылу Муртазина æмæ дохтыр-педиатр Артем Боровиков.
Æххуысхъуаг адæмæн медицинон консультацитæ кæныны размæ наукон центры делегацийы уæнгтæн сæрмагонд фембæлд уыд РЦИ-Аланийы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сосланимæ. Уым бæлвырд ныхас рауад мæскуыйаг наукон центр æмæ республикæйы медицинон кусæндæтты дарддæры æмархайды нысантыл.
Академик Н. П. Бочковы номыл медицинон центр æмæ Цæгат Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад æмгуыстады бадзырд бафыстой 2017 азы. Уæдæй нырмæ мæскуыйаг центры специалисттæ иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдысты Дзæуджыхъæуы, иу æмæ дыууæ рынчын адæймагæн нæ баххуыс кодтой…
Æмæ та ацы бонты дохтыртæ сæ хæрзаудæн архайд адарддæр кодтой. Ацы хатт Дзæуджыхъæуы уыдзысты 10 февралы онг. Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй мæскуыйаг специалистты консультацитæ бабæрæг кæндзысты 600 сывæллонæй фылдæр. Уыимæ, рынчынты уавæр рабæрæг кæнынæй уæлдай, сывæллæтты ныййарджытæн амынддзинæдтæ ратдзысты дарддæры архайды фæдыл.

Джихаты Стэллæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here