РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис цы æмбырд скодта, уым рæгъмæ рахастой, Фыййагдон æмæ Мызуры æрзæтыссæн фабрикæты уæззау æппарæццæгтæ алфамбылайæн цы стыр зиан æрхастой, уый ауиварс кæныны тыххæй куырдиæтты гæххæттытæ бацæттæ кæныны фарстатæ.
Хицауады Сæрдар бафæдзæхста, национ проекты фæлгæты кусæг федералон проект «Бындурон æфснайд»-мæ Цæгат Ирыстон бахæссыны гæххæттытыл сæрæнæй бакусын. Æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министр Кокуаты Витали куыд радзырдта, афтæмæй цæттæ кæнынц Фыййагдон æмæ Мызуры æрзæтыссæн фабрикæты гæххæттытæ. Дзæуджыхъæуы «Электроцинчы» клинкер дæр сæ рох нæу. Кокуайы-фырт ма фæбæрæг кодта, «Росприроднадзор» æмæ Лабораторон анализ æмæ техникон сбарстыты Стъарапойлаг центримæ æмгуыстад.
Дзанайты Барис æмбырды архайджыты зæрдыл æрлæууын кодта, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло федералон центримæ фарста алыг кæныны тыххæй кæй баныхас кодта, уый. Ныр та хъуамæ цыбыр æмгъуыдмæ хъæугæ гæххæттытæ бацæттæ кæной, программæйы бацархайыны тыххæй æппæт хъуыддæгтæ дæр хъуамæ конд æрцæуой.
«Программæйы авналæнтæ егъау сты, республикæйы æппæт тыхстдзинæдтæ хъуамæ раздæр сбæрæг кæнæм, баиу сæ кæнæм. Уый фæстæ хæрзхъæд куырдиат бацæттæ кæнæм æмæ йæ федералон æмвæзадмæ арвитæм. Федералон центр алы фадæттæ кæны регионтæн, программæты, национ проектты нæ бон архайын у. Ис нæм лыггæнинаг фарстатæ, хъуамæ республикон æмвæзады дзæбæх бакусæм», — фæбæрæг кодта Дзанайты Барис.
Æмбырды ма баныхас кодтой алыхуызон ахсджиаг фарстатыл, комкоммæ «Бындурон æфснайд»-ы программæмæ чи хауы, уыцы хæстæ бæрнон адæймæгты раз сæвæрдæуыд.
Бутаты Эльзæ














