Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй уыд республикæйы Хицауады уæнгты æмæ муниципалитетты разамонджыты æрвылкъуырион аппаратон æмбырд. Фембæлды архайджытæ се ‘ргом аздæхтой паддзахадон арæны сæрты транспортон фæрæзтæ уадзыны фæткмæ, сæвзæргæ эпидемиологон уавæр æмæ республикæйы царды æндæр ахсджиаг фарстатæм.
Зындгонд куыд у, афтæмæй цалдæр боны размæ Сергей Меняйло фæндон бахаста, цæмæй, Турчы республикæйы цы тыхджын зæххæнкъуыст æрцыд, уый уæззау фæстиуджытæ хынцгæйæ, уыцы бæстæмæ цæуæг уæзласæн транспорт «Уæллаг Ларс»-ыл уагъд цæуа, сæ радмæ нæ кæсгæйæ.
— Æмæ кæд æрдзы уавæртæм гæсгæ, контролон-уадзæн пункт иуцасдæр рæстæгмæ æрæхгæнын бахъæуы, уæддæр, фæндаг куыддæр фегом уа, афтæ та дзы æппæты фыццаг ауадзын хъæудзæн Туркмæ цæуæг транспорт, — ахæм амынддзинад Сергей Меняйло радта Мидхъуыддæгты министрады разамындæн.
Уымæй уæлдай, Цæгат Ирыстоны разамонæг фæндон бахаста, цæмæй Хицауады уæнгтæ æмæ хицаудзинады иннæ æххæстгæнæг оргæнты минæвæртты иубонон мызд æрвыст æрцæуа Турк æмæ Сирийы ирон диаспорæты уæнгтæн æххуысы фондмæ. «Ацы фарста фыццаджы-фыццагдæр хауы Хицауады Сæрдармæ, йæ хæдивджытæм, министртæ æмæ комитетты разамонджытæм. Финансты министрадæн хæс кæнын, цæмæй амынд чиновникты иубонон мызд сбæлвырд кæна æмæ йæ æвæстиатæй æххуысы фондмæ арвита. Сæвзæргæ уавæрты, мæнмæ гæсгæ, уый уыдзæн æппæты растдæр хъуыддаг», — загъта Сергей Меняйло.
Æмбырды архайджытæ се ‘ргом аздæхтой, ивгъуыд къуырийы кæрон Мæздæджы 1-æм скъола-интернаты бæстыхæйттæй иуы цы зынгсирвæзт æрцыд, уый фæстиуджытæ иуварс кæнынмæ дæр. Мæздæджы районы администрацийы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Адырхаты Руслан куыд фехъусын кодта, афтæмæй зынгсирвæзты зиантæ рауадысты 13 милуан сомы бæрц. Адырхайы-фырты ныхасмæ гæсгæ, профилон ведомствæты минæвæрттæ ныртæккæ цæттæ кæнынц хъыгдардбаййафæг бæстыхайы цалцæгæн хъæугæ сметон-проектон документаци. Уыимæ, интернаты хъомылгæнинæгтæ ныридæгæн сæ ахуырмæ ногæй раздæхтысты, рæстæгмæ та уал цæрынц Мæздæджы 2-æм интернаты.
Цæгат Ирыстоны Финансты министрадæн амынд æрцыд, цæмæй, Мæздæджы районы бюджеты фадæттæ хынцгæйæ, хъæугæ фæрæзтæ бацагура зынгсирвæзты фæстиуджытæ цыбырдæр æмгъуыдмæ аиуварс кæнынæн. Уымæй уæлдай, Сергей Меняйло бахатыд УФ-йы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады РЦИ-Аланийы Сæйраг управленийы разамындмæ, цæмæй бæстон раиртасой, республикæйы скъолатæ æмæ иннæ социалон кусæндæтты зынгсирвæзтытæй æдасдзинады домæнтæ куыд æххæстгонд цæуынц, æппæт уыцы фарстатæ.
Дарддæр æмбырды раныхас кодта ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Ведомствæйы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, сæвзæргæ эпидемиологон уавæры къæпхæн иуцасдæр кæй фæкарздæр, уыцы æууæл хынцгæйæ, рæстæгмæ æхгæд æрцыдысты 8 скъола æмæ 16 рæвдауæндоны. Хицæн къордтыл дзургæйæ та, министр æрхаста ахæм нымæцтæ: рæстæгмæ сæхгæдтой 53 къласы æмæ рæвдауæндоны 26 къорды.
Профилон ведомствæйы разамындæн хæсгонд æрцыд, цæмæй «Роспотребнадзор»-ы республикон управленийы специалисттимæ иумæ бæстон æркæсой сæвзæргæ уавæрмæ æмæ фæндæттæ æрбадæттой грипп æмæ иннæ ахæм хæцгæ низты хъомыс фæсæттыны фæдыл.
Уый фæстæ æмбырды доклад скодта республикæйы экономикон рæзты министр Кучиты Зауыр. Министры раныхас баст уыд 2024 азы пълантæм республикæ цы ахсджиаг социалон объекттæ аразынвæнд кæны, уыдоны фæдыл хъæугæ проектон-сметон документаци цæттæ кæнынимæ. Кучийы-фырт куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй фидæн азы пълантæм Цæгат Ирыстон фæнд кæны 72 алыхуызон объекты арæзтад æмæ цалцæг бахæссын. Уыцы номхыгъдæй уал ныридæгæн 52 объекты фæдыл хъæугæ документаци æрвыст æрцыд федералон ведомствæтæм.
Уыцы архайд хорзыл банымайгæйæ, Сергей Меняйло профилон ведомствæты минæвæрттæн бафæдзæхста, цæмæй æппæт иннæ объектты арæзтад æмæ цалцæджы фæдыл хъæугæ гæххæттытæ дæр афойнадыл цæттæгонд æрцæуой.
— Кæй зæгъын æй хъæуы, цас растдæр арæзт цæуа проектон документаци, уый бæрц къаддæр фаутæ хаст цæудзæн ведомствæты архайдмæ, уый бæрц ахадгæдæр уыдзæн нæ æмархайд федералон министрадтæ æмæ ведомствæтимæ. Иу ныхасæй, æппæт фадæттæй дæр спайда кæнын хъæуы, цæмæй уæлдæр амынд объекттæ хаст æрцæуой 2024 азы пълантæм, — фæнысан кодта республикæйы разамонæг.
Ныхасы архайджытæ се ‘ргом аздæхтой æндæр фарстатæм дæр.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ














