Хъæууон хæдзарады райрæзт — нацийы хæдбардзинад æмæ æдасдзинады бындур

0
61

 Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты советы радон æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.

Депутаттæ æркастысты æмæ равзæрстой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст федералон æмæ республикон закъонты проекттæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы иуæй-иу субъектты закъонæвæрынадон хъæппæристæ.
Парламенты закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан æркæсынмæ цы республикон закъонты проекттæ рахаста, уыдонæй иу уыд «Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы территорийыл лæвар юридикон æххуыс кæныны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проект. Ахæм æххуыс ныронг цы адæммæ хауд, уыдоны номхыгъдмæ ма, закъоны проекты амындмæ гæсгæ, хаст цæуынц, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайынмæ кæмæ фæсидтысты, уыцы æфсæддонтæ, сæ бинонты уæнгтæ, 3-аг къорды инвалидтæ, 80 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, уыцы карджын адæм, æнахъом сывæллæттæ чи хæссы, ахæм идæдз сылгоймæгтæ, Чернобылы бæллæхы фæстиуджытæ аиуварс кæныны куыстыты архайджытæ æмæ хъыгдардбаййафджытæ.
Хъалонтæ æвæрыны уагæвæрдыл, уыимæ, организациты исбоны хъалоныл, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы бюджетон процессыл ныхас цы республикон закъоны проекттыл цыд, уыдон æркæсынмæ бавдыста Парламенты бюджеты, хъалонты, исбонад æмæ кредитон организациты комитеты сæрдар Хæдарцаты Аслæнбег.
«Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы зæххы ахастытæ нывыл кæныны хицæндзинæдты тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы 13 Закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы закъоны проекты фæдыл ныхас кодта Парламенты аграрон æмæ зæххы политикæйы, экологи æмæ æрдзон фæрæзты комитеты сæрдар Кочораты Олег. Документы ныхас цæуы зæхкусæг-фермерон хæдзарæдтæн зæхх хаццоны дæттыны ног уагæвæрдтыл. Амынд закъоны проект саразыны сæйраг хæс у, зæххытæй æрмæстдæр хъæууонхæдзарадон нысантæн пайдагонд цæмæй цæуа, уымæн закъонæвæрынадон бындур саразын.
Федералон æмæ республикон закъонты проектты фæдыл ма æмбырды ныхас кодтой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Остъаты Георги, Еленæ Князева, Реуазты Ларисæ, Киситы Мурат.

Советы уæнгтæ байхъуыстой, «2014-2025 азты хъæууон хæдзарады рæзт æмæ хъæууонхæдзарадон продукцийы, хомаг æмæ хойраджы базарад нывыл кæнын»-ы Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон программæ 2022 азы куыд æххæстгонд цыд, уый фæдыл республикæйы хъæууон хæдзарады министр Къусраты Аланы раныхасмæ. Куыд радзырдта, афтæмæй министрад æххæст кæны дыууæ паддзахадон программæйы — «Хъæууон хæдзарады рæзт æмæ хъæууонхæдзарадон продукцийы, хомаг æмæ хойраджы базарады нывылдзинад» æмæ «Хъæууон фæзуаты иумæйаг райрæзт». Фыццаг программæ царды рауадзынæн лæвæрд æрцыд 1 миллиард 136,5 милуан сомы. Уыдонæй 911,9 милуан сомы — федералон бюджетæй, 224,6 милуан сомы сты республикон бюджеты æхцатæ. Дыууæ программæйæн та царды сæ рауадзынæн лæвæрд æрцыд 2,5 миллиард сомы. Агропромышленнон комплекс ивгъуыд аз рауагъта 42 миллиарды 468,8 милуан сомы аргъ продукци, 2021 азы уагъд продукцийæ уый у 12,1 проценты фылдæр. Хъæууон хæдзарады алы къабаз дæр 2022 аз цы бæрæггæнæнтимæ ахицæн кодта, ууыл бæстон æрныхас кæнгæйæ, Къусраты Алан бафиппайдта, уавæр цæхгæр чи аивдзæн, нысанмæарæзт бæлвырд ахæм программæтæ агрокомплексæн фидæны куы нæ уа, уæд йæ дарддæры рæзт сагъæссаг кæй уыдзæн, уый. Æмæ фосдарынады, зæхгуыст кæныны бæрæггæнæнтæ 2021 азæй кæд хуыздæр сты, уæд, зæгъæм, æхсыр æмæ æхсыры продукци уадзыны хъуыддаг у бынтон лæмæгъ.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта профилон комитеты сæрдар Кочораты Олег. Фарстытæ æмæ фиппаинæгтæ уыд Парламенты Сæрдары хæдивджытæ Ортабайты Тимур æмæ Дойаты Светланæмæ, депутаттæ Киситы Мурат æмæ Хæдарцаты Аслæнбегмæ.
Парламенты иуæй-иу комитеттæ æмæ къамисты скондтæм ивддзинæдтæ бахæссыны фарстайы фæдыл ныхас кодта Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз.

Дедегкаты Зæлинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here