Инспекцийы ног разамонæг

0
105

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис раарфæ кодта Фæллойы паддзахадон инспекцийы разамонæг Берозты Тамерланæн йæ куысты ног бынаты тыххæй. Ног разамонæджы Хицауады Сæрдаримæ базонгæ кодта Фæллой æмæ куысты бынæттæ дæттыны федералон службæйы разамонæджы хæдивæг Андрей Кожевников.

Дзанайы-фырт куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны æххæстгæнæг хицауад архайынц фæллойадон ахастытæ цардарæзты æппæт бынæтты банывыл кæныныл, цæттæ сты ведомствæимæ æмгуыстадмæ.
«Фæллойадон инспекциимæ æмархайд ахсджиаг авналæн у, хъуамæ уæрæсейаг закъонæвæрынады домæнтæн дзуапп дæттой, быцæутæ рæстагæй нывылгонд цæуой, коллективты уа сабыр, удæнцой уавæртæ куыстæн. Ахæм уаг нæ домы республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Хицауады цур кусы Фæллой хъахъхъæныны ведомствæты ‘хсæн къамис. Инспекцийы ног разамонæгæн мæ зæрдæ зæгъы æнтыстдзинæдтæ, иумæйаг хорз бæрæггæнæны тыххæй æмгуыстадмæ цæттæ стæм», — загъта Дзанайы-фырт.
Андрей Кожевников куыд фехъусын кодта, афтæмæй Берозты Тамерлан бакуыста цæстдарæн-контролгæнæн системæйы, ис æм хорз фæлтæрддзинад. Федералон центр йæ зæрдæ дары, ног разамонæг ахадгæ куыст кæй кæндзæн, ууыл.
Берозты Тамерлан куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй цæттæ у Цæгат Ирыстоны фæллойгæнджыты бартæм цæст дарын, хъахъхъæнын сæ. Республикæйы разамындимæ куыстмæ дæр цæттæ у.
Уæрæсейы Президенты Указæй 1995 азы Цæгат Ирыстоны фæзынд Фæллойы паддзахадон инспекци, абон у Федералон службæйы фæзуатон оргæн. Цæгатирыстойнаг инспекцийы кусынц 12 адæймаджы, сæ бæрны сты архайæг 30 мин хæдзарадон куыстуаты.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here