Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы пресс-службæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстонмæ æрбаластой сыгъдæг ацæргæ моладзан Мæскуыйаг Матронæйы стджытимæ чырын.
Ацы дзаума нæ республикæйы фæуыдзæн 23 апрелы онг.
Сыгъдæг ацæргæ моладзан Мæскуыйаг Матронæйы стджытимæ Дзæуджыхъæуы уыдзæн мæнæ ахæм бонты:
29 мартъийы — Сыгъдæг Мады-Майрæмы Цыппурсы кувæндоны;
29-30 мартъийы — зындзинæдтæ бавзарæг сыгъдæг Иоанн Æфсæддоны кувæндоны;
30-31 мартъийы — Хуыцауы сыгъдæг пехуымпар Илияйы кувæндоны;
31 мартъийы-1 апрелы — Хуссайраг поселочы Архангел Михаилы кувæндоны;
1-2 апрелы — Чырыстийы ахуырдзауты æмсæр цытджын кънйаз Владимиры кувæндоны.
Нæ уацхæссæг














