Фондз азы размæ нæ республикæйы равзæрд ног æхсæнадон организаци «Ирыстоны фæскомцæдисонтæ». Йæ сæргъы — Зæнджиаты Чермен.
— Зноны фæскомцæдисонтæ кæнынц стыр куыст фæсивæдимæ, — зæгъы Чермен. — Мах не стыр хæсыл нымайæм рæзгæ фæлтæры фæскомцæдисы истори æмæ традицитимæ зонгæ кæнын. Æхсæнадæн алы районы дæр ис хайæдтæ. Сæрæндæрæй йæхи æвдисы Рахизфарсы районы хайад, йæ сæргъы Бибылты Анатолийы чызг Светæ. Уый йæ алфамбылай æрбамбырд кодта фæскомцæдисы ветеранты, кæцытæ цæуынц скъолатæм, фембæлдтытæ аразынц хистæр кълæсты ахуырдзаутимæ, бабæрæг кæнынц рынчын, кæнæ та, фæкæсынхъуаг чи у, ахæм ахуыргæнджыты. Сæ фарсмæ балæууынц Хæблиаты Батрадз, Василий Артюшенко, Мырыкаты Мæирбег, Бургалаты Заремæ.
Ацы арфæйаг хъуыддагмæ се ‘ххуысы хай хæссынц ахуыргæнджытæ сæхæдæг дæр. Скъоладзаутæй бирæтæ сфæнд кæнынц организацийы уæнг суæвын. Уый руаджы Рахизфарсы районы фæскомцæдисонты нымæц схæццæ 400-мæ.
Æрæджы организацийы уæнгтæ сарæзтой Къудухты Бесикы мад Лейлæимæ фембæлд йæ фырты номыл Спортивон галуаны хъомылгæнинæгтимæ.
Бесикы ном Ирыстоны чи нæ зоны, ахæм бирæ нæ разындзæн. Хъыгагæн, Дунейы цыппар хатты чемпион хъæбысхæстæй 27-аздзыдæй фæндагон фыдбылызы фæмард. Æмæ цалдæр азы фæстæ Беслæны ног Спортивон галуан куы сарæзтой, уæд ын радтой йæ ном.
…Цалдæр сæдæ адæймаджы сыстадысты æмæ къухæмдзæгъдимæ сæмбæлдысты, номдзыд чемпионы чи схъомыл кодта, уыцы мадыл. Йæ фарсмæ цыдысты Бесикы хъæбултæ — 10-аздзыд Георги æмæ 11-аздзыд Евæ.
— Кæддæр мæ лæппу дæр сымахау згъордта тренировкæтæм, тырныдта ерысты рамбулынмæ æмæ Ирыстоны кад фæбæрзонддæр кæнынмæ, — загъта Лейлæ. — Æмæ йын æнтысгæ дæр бæргæ бакодта… Абон сымахмæ кæсын, æмæ мæ æдзард лæппу мæ цæстытыл уайы. Бузныг уе ‘ппæтæн дæр. Æнæниз ут, æмæ уæ фæндтæ уæ къухы бафтæнт.
Баскаты Эльзæ














