Профессион ахуырады тыххæй диплом ис. Куыст та?

0
171

Нæ республикæйы Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз фембæлд Хæххон паддзахадон аграрон университеты æмæ Цæгат Ирыстоны базарадон-экономикон колледжы студенттимæ. Ныхасы сæр уыдысты республикæйы Фæсивæдон парламентмæ æвзæрстытæ, æрыгон фæлтæры архайд социалон-культурон æмæ политикон тыгъдады, патриотон хъомылад, Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад.

Ивгъуыд азы октябры мæйы студенттимæ фембæлд уыдис нæ республикæйы Парламенты. Уæд Тускъайы-фырт раарфæ кодта базарадон-экономикон колледжы студенттæн. «Закъонтæ уадзыны хъæппæрис», зæгъгæ, ахæм Æппæтуæрæсеон конкурсы уæлахиздзау кæй разындысты, уый фæдыл. Ацы хатт та Парламенты Сæрдары сæхимæ уазæгуаты æрбахуыдтой.
Фембæлды ма архайдтой депутаттæ Еленæ Князева æмæ Джиоты Георги.
Йæ арфæйы ныхасы Тускъаты Таймураз бахахх кодта, ахуырады ахадындзинад, куыд æнæхъæн æхсæнадæн, афтæ хицæн адæймæгтæн дæр сæйрагдæр кæй у, уый.
— Хъуамæ хорз зонат уæ бæстæйы, нæ республикæйы, уæ бинонты истори. Дызæрдыггаг нæу — сымахæй алкæмæн дæр ис ахæм зонгæ адæймæгтæ, кæцытæн сæ ахадындзинад, хъомыс ахъаззаг сты не ‘ппæт æхсæнадæн дæр. Æмæ сæ хъуамæ фæзмат, уый уын феххуыс уыдзæн царды бæрзæндтæм схизынæн. Ирыстон у, æнæхъæн дунейы дæр кæй зонынц, аргъ кæмæн кæнынц, ахæм адæймæгты райгуырæн зæхх. Ранымайдзынæн сæ — цытджын Хетæгкаты Къоста, дунейы фыццаг сылгоймаг-дирижер Дудараты Вероникæ, ихсæттæн нау «Ленин»-ы капитан Кучиты Юри, Советон Цæдисы дыууæ хатты Хъæбатыр, Монголы Адæмон Республикæйы Хъæбатыр Плиты Иссæ æмæ ма ноджы бирæтæ. Царды цавæрфæнды къабаз куы райсай, уæддæр дзы ссардзынæ нæ адæмы минæвæртты намысджын нæмттæ, уыдонимæ дзæвгар ис æрыгон адæймæгтæ дæр.
Студенттæ канд хъусгæ нæ кодтой, фæлæ сæхæдæг дæр лæвæрдтой Тускъайы-фыртмæ фарстатæ, уый сын радта бæлвырд, æххæст дзуаппытæ. Алыхуызон фæрстыты æмрæнхъ уыдис ахæм дæр — æрыгон специалист ахуыр фæци, райста диплом, фæлæ куыст ссарын йæ бон нæу. Æмæ уæд та цы чындæуа? Уыцы фарстæн Тускъаты Таймураз радта ахæм дзуапп: «Уæ фыццаг куысты бынатмæ куырдиат куы радтат, уæд ма агурут рагацау уæхицæн уæлдай хорз уавæртæ æмæ фадæттæ. Сразы ут, куыстуаты разамынд уын цы зæгъа, ууыл. Æмæ райдайут кусын. Хицау кæсдзæн, æмæ уæ архайд, уæ февнæлд йæ зæрдæмæ куы фæцæуа, уæд уын йæхæдæг агурдзæн хуыздæр æмæ пайдадæр гæнæнтæ æмæ фадæттæ. Уæхиуыл кусынæй ма фæллайут, сæйрагдæр — ахуыр у æмæ йæм тырнут!”

Маматы Фатимæ,
æхсæнадон уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here