Уæрæсейы æфсады 22-æм æфсæддон корпусы разамонæг, инæлар лейтенант Мæрзойты Аркади Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины Указмæ гæсгæ хорзæхджын æрцыд Александр Невскийы орденæй.
Аркади у Уæрæсейы Гæрзифтонг тыхты фæлтæрдджындæр инæлартæй иу.
2021 азы фæззæджы Мæрзойты Аркадийы сæвæрдтой Хъырымы 22-æм æфсады корпусы разамонæгæй. Йæ дæлбар хай сæрмагонд æфсæддон операцийы тæккæ фыццаг бон хæцгæ-хæцын ацыди 100 километрæй фылдæр æмæ байгом кодта цæгатхъырымаг къанауы ауазæнтæ. Уый фæрцы æрдæгсакъадахмæ кæлын байдыдта, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы дон.
Датиты Ольгæ














