Цæгат Ирыстоны цæрджытæм сидынц мæргътæн хæдзæрттæ аразыны акцийы бацархайынмæ. Мадзал арæзт у «ЭКА» змæлды хъæппæрисæй. Эксперттæ радзырдтой, цы пайда хæссынц мæргътæ адæм æмæ сахартæн, уый тыххæй.
— Мæргъты ахадындзинад горæты фæлгæты ахсджиаг у. Уæлдай ахсджиаг сты, уырынгонты цы хæры, уыцы хуызтæ. Сæ сæйраг нысан та уый мидæг ис, æмæ ахæм мæргътæ къогъотæ æмæ бындзыты нымæц нæ уадзынц фылдæр кæнын, уыимæ, къаддæр кæнын дæр. Иннæ цъиутæ, зæгъæм, фæныкхуыз халæттæ фæхъыгдарынц стыр сахарты цæрджыты. Ныридæгæн уыцы халæтты нымæц азæй-азмæ рæзы. Фæлæ сæ пайда та уый мидæг ис, æмæ уыдон фæлхæрттæ хæрынц. Афтæмæй ивынц уырыты, кæцытæ сты низтæ парахатгæнæг цæрæгойтæ.
Иннæ сæйраг хабар та у мæргъты зард. Сахары цы хъæлæбатæ фæцæуы, уыдон халынц зæлынадон уавæр, мæргътæ та йæ хуыздæр кæнынц. Уыимæ, сæ зардæй адæймаджы зæрдæ дæр барухс вæййы, сæ куыст та æнцондæрæй феххæст кæнынц, — загъта биолог Дмитрий Федотов.
Акцийы бацархайæн уыд сайт Ecowiki.ru- йы. Сайты æвæрд уыдысты, куыд ерысы домæнтæ, афтæ, цы зæрдылдарæн лæвæрттæ ис рамбулæн, уыдон дæр. Акцийы архайыны мадзал цыдис 30 мартъимæ.
Гобозты Агуындæ














