Ахуыргæнæг æмæ зондамонæджы кадæн

0
193

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг Тугъанаты Ларисæ амыдта Ахуыргæнæг æмæ зондамонæджы аз скæныны организацион комитеты æмбырд. Рæгъмæ рахастой, 2023 азы дыккаг кварталы цы сæйраг мадзæлттæ æххæст кæндзысты, уыдоны пълан.

Тугъанаты Ларисæ фæсидт æппæт бæрнон адæймæгтæм, цæмæй фарстатæм лæмбынæг æркæсой, пъланы ис 70 алыхуызон нысаны: Æппæтуæрæсеон форумтæй, конференцитæй райдай æмæ республикæйы ахуыргæнджытæн æххуысы мадзæлттæ кæнынæй фæу. Дзæуджыхъæуы æмæ районты уынгты равæрдзысты зындгонд ахуыргæнджыты æмæ зондамонджыты къамтæ.
Республикон дзыллон хабархæссæг фæрæзты фæзындзысты ахуыргæнджыты тыххæй æрмæджытæ. Тугъанаты Ларисæ бафæдзæхста республикæйы паддзахадон Исбонад æмæ зæххы ахастдзинæдты министрадæн, цæмæй Дзæуджыхъæуы разамындимæ бацархайой, горæты ахуыргæнджыты скверы фаг зæхх радих кæныныл.
Районы разамонджытæ хъуамæ ахъуыды кæной Цæгат Ирыстоны кадджындæр ахуыргæнджыты нæмт- тæ уынгтæн радтыныл.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here