РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис министртимæ скодта кусæг æмбырд. Ныхас рауад, Уæрæсейы Хицауад кæй сфидар кодтой, республикæйы социалон-экономикон рæзты уыцы мадзæлттæ царды куыд æнтысынц, ууыл.
Министртæ бæлвырд радзырдтой алы объекты тыххæй дæр. Сæ арæзтад, сæ рацарæзт, скъолаты, рæвдауæндæтты, рынчындæтты, поликлиникæты, фелсырон-акушерон пунктты, культурæйы хæдзæртты, спортивон комплексты æмæ фæндæгты уавæртæ рæгъмæ рахастой. Дзанайы-фырт фæбæрæг кодта фарстайы ахадындзинад, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг нысантæм æппынæдзух йæ цæст кæй дары, уый загъта.
«Цыдæриддæр мадзæлттæ бæрæггонд æрцыд, уыдон нын ахсджиаг сты. Ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, социалон къабазы, культурæйы, спорты объекттæ цæрджытæн удæнцойдзинæдтæ æрхæсдзысты, сæ фылдæр арæзт фесты. Бафтыдтой ма сæм Беслæны генералон пъланы, Мæздæджы æмæ Горæтгæрон районты арæзтæдтæ. Куыстытæ цæудзысты 2026 азмæ, хъуамæ сбæрæг кæнæм æхцайы гуырæнтæ», — загъта Хицауады Сæрдар.
Ацы аз Беслæны æрбынæттон уæвæг районы поликлиникæ, Сывæллæтты сфæлдыстады хæдзар, Фæсивæды галуан рацаразынмæ бавнæлдтой, тагъд медицион æххуысы станцæ аразынц. Фæндæгтæ дæр цалцæг кæнынц. Беслæны фыдбæллæхы амæттæгтæ исынц материалон æххуыс, санаторитæм сæ æрвитынц, фæсарæнты сæ бон у бæрзондтехнологон медицион æххуыс райсын.
Горæтгæрон районы дæр аразынц рæвдауæндæттæ, скъолатæ, фелсырон-акушерон пункттæ. Дзанайты Барис бæрнон адæймæгтæн бафæдзæхста æппæт фарстатæм дæр къæрцхъус уæвын. Фæбæрæг ма кодтой æндæр ахсджиаг фарстатæ.
Нæ уацхæссæг














