РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады хæрзиуджытæ радта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг, къорд «Аланыстон»-ы раздæры разамонæг, ныр та цырд уагахсты къорды командæгæнæг Гæбуты Игорæн.
Республикæйы разамонæг сын радта «Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг»-ы майдантæ, цы стыр бæрнон хæстæ сыл æвæрд цæуы, уыдон æнтыстджынæй кæй æххæст кæнынц, уый тыххæй сын бузныг загъта. Куыд ма бафтыдта, афтæмæй сын йæ зæрдæ зæгъы æнæниз æмæ арæхстджын уæвын.
Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады майдан «Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг» фидаргонд æрцыд 2022 азы 10 августы. Бындурæн райстой «Сырх Стъалыйы» советон орден. Хуызæрдæм дзы бæрæг у «Сырх Стъалы», уый советон дуджы рæстæг уыд кадджын хæрзиуæг. Сæрмагонд æфсæддон операцийы нысантæ æххæст кæныны чи фесгуыхт, уыдон дзы хорзæхгонд цæуынц.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ














