Ног куыстуат æмæ куысты бынæттæ

0
223

Компаниты къорд «Цех» ныр къорд азы дæргъы кусы нæ республикæйы. Аразы хæдзары дзаума: стъолтæ, бандæттæ, скъæппытæ, хуыссæнгæрзтæ, дивантæ æмæ афтæ дарддæр. Йæ директор Махъоты Сослан нын фехъусын кодта:

— Куыддæр фабрикæ аразын райдыдтам, афтæ нæм нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æрбацыд æмæ нæ бафарста, цæмæй уын баххуыс кæнæм, зæгъгæ. Нæ фабрикæмæ æрбацæуæн нæ уыдис æмæ нæ куырдиат уыд асфальт фæндаг саразынæй нын баххуыс кæнын. Республикæйы Сæргълæууæг уайтагъд телефонæй адзырдта æмæ цыбыр рæстæгмæ Дзæуджыхъæуы Æнæзонгæ салдаты уынджы асфальт æвæрд æрцыдис. Уæдæй нырмæ нын æххуыс кæны нæ алы хъуыддаджы дæр, уымæн æмæ уыны, республикæйы хорздзинадæн кæй архайæм, уый. Ныртæккæ нæм кусы 126 адæймаджы, фæлæ нæ зæрды ис куысты бынæттæ фæфылдæр кæнын 400 адæймаджы онг, — загъта Сослан, æмæ ма дарддæр фæбæрæг кодта:
— Фабрикæ йæ куыст кæны, фæлæ официалон æгъдауæй нæма байгом стæм. Цалынмæ сæрмагонд хæстон операци цæуы, æмæ нæ фæсивæд, мах сæрибар царды сæраппонд, уым сæ сæртæ мæлæтмæ дæттынц, уæдмæ нæ бæрæгбæттæм не ‘вдæлы.
Дзæуджыхъæумæ компаниты къорд «Цех»-мæ кусæг балцы хуынд æрцыд зындгонд уæрæсейаг скъола «Детали»-йы дизайнер-ахуыргæнæг Тинæ Гуревич. Уый сарæзта мастер-класс нырыккон дизайны сусæгдзинæдты тыххæй. Мастер-классмæ æрбацыдысты æрыгон дизайнертæ канд Цæгат Ирыстонæй нæ, фæлæ сыхаг республикæтæй дæр. Нæ уазджытæн æнæнхъæлæджы цау рауад, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло сæ кæй бабæрæг кодта, уый. Регионы разамонæг разыйæ баззад фабрикæйы куыстæй æмæ арфæ ракодта Махъоты Сосланæн, республикæйы бюджетмæ зынгæ бавæрæн кæй хæссы, цæрджытæн куысты бынæттæ кæй аразы, уый фæдыл, æмæ Тинæ Гуревичæн, йæ дæсныдзинады сусæгдзинæдтæ, дизайны фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыцы æрыгон фæсивæдæн æнæвгъауæй кæй лæвар кæны, уый тыххæй.
— Сосланы хуызæн амалхъом фæсивæд нæм кæй ис, уый хорз хъуыддаг у, уымæн æмæ нæ республикæйы цард фæхуыздæр кæныныл хъуамæ иумæйагæй архайæм. Сослан кусгæ фылдæр Мæскуыйы кæны, пайда та хæссы республикæйы бюджетмæ. Ахæм егъау инвесторты руаджы нæ республикæйы æххæстгонд цæуынц бирæ проекттæ. Абон ам цы мастер-класс арæзт æрцыд, уый фæпайда уыдзæн канд нæ республикæйы нæ, фæлæ æгас Хуссар федералон зылды дизайнерты дæсныдзинад фæбæрзонддæр кæныны хъуыддаджы. Уый тыххæй стыр бузныг зæгъын Махъоты Сосланæн æмæ Тинæ Гуревичæн. Махмæ дæр ис зонындзинæдтæ, æмæ мах дæр уыдонæй цæстуарзонæй бахай кæндзыстæм, — загъта Сергей Меняйло, æмæ ма дарддæр йæ ныхасыл бафтыдта:
— Фарон нæ къухы бафтыд сцалцæг кæнын æмæ саразын 170 объекты. Ацы аз сарæзтам 160 объекты. Кæд бирæты нæма уырны, уæддæр тагъд арæзт фæуыдзыстæм «Аланыстон-парк» æмæ «Мамысон».

Хъойбайты Галинæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here