Тыхстаг æмæ риссаг фарстатимæ

0
261

Уæрæсейы Президент куыд домы, афтæмæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей МенЯйло фембæлд республикæйы цæрджытимæ. Уыдон рæгъмæ рахастой хи æмæ æхсæнадон ахадындзинадимæ куырдиæттæ. Фембæлды архайдтой районты разамонджытæ, Хицауады Сæрдары хæдивджытæ, министртæ.

Цыколайы цæрджыты фæндыд базонын, Будтуйы-фырты уынг асфальтæй кæд сæхгæндзысты, уый. Районы бынæттон хиуынаффæйады разамонæг Лагкуты Омар куыд радзырдта, афтæмæй уал раздæр, фæндаджы бын цы заууат коллектор ис, уый скæной. Хъуыддæгтæ конд цæуынц «Хъæууон фæзуæтты иумæйаг рæзт»-ы паддзахадон программæйы фæрцы, 1 августмæ кæронмæ фæуыдзысты. Республикæйы Сæргълæууæг куыд бафæдзæхста, афтæмæй куыддæр коллектор баивой, афтæ хъуамæ бавналой фæндагмæ. Бынæттон æмæ республикон бюджеты фæрæзтæй спайда кæндзысты.
Дигорайы горæты Бицайы-фырты уынджы уавæр дæр адæмы тыхсын кæны. Иннæ фæндæгтæ дæр хуыздæр уавæры не сты. Сергей Меняйло районы бынæттон хиуынаффæйады разамонæг Туккаты Рустамæн бахæс кодта къуырисæрмæ æппæт базилинаг фæндæгты хыгъд æрбадæттын, се сцалцæг кæныны нысантимæ. Туккайы-фырт куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ныртæккæ Бицайы-фырты уынг бындуронæй сцалцæг кæнын хаст æрцыд муниципалон программæмæ.
Сындзыхъæуы цæрджытæ сæвæрдтой ахуырадон кусæндонмæ бындуронæй базилыны фарста. Дыгуры районы бынæттон хиуынаффæйады хицауы ныхасмæ гæсгæ, скъолайы куыстытæ «Ахуырады рæзт»-ы программæйы бындурыл райдайдзысты ацы аз. Республикæйы Сæргълæууæг куыд бафиппайда, афтæмæй районты разамонджытæ хъуамæ цæрджытæм æппæт социалон нысантæ, цалцæджы, арæзтады хъуыддæгтæ хæццæ кæной.
Мæздæджы районы цæрæг та Притеречныйы поселочы Культурæйы хæдзары актон залæн куырдта 200 мин сомы. Уым бындурон цалцæджы фæстæ куыст райдыдта. Сергей Меняйлойы ныхасмæ гæсгæ, Культурæйы хæдзарæн æнæмæнг баххуыс кæндзысты. «Ис мæм районы разамындмæ фарста, ау, уæ бон 200 мин сомы раттын нæу? Уый ахæм стыр бæрц нæу æмæ йæ республикæйы æмвæзадмæ хæссат. Финансон ведомствæйы разамонæгимæ æрцæудзыстæм районмæ æмæ уын уæ бюджетмæ æркæсдзыстæм. Цымæ дзы уыцы фæрæзтæ нæ разындзысты? Махмæ кæд фæсидтæ æххуысмæ, уæд æй скæндзыстæм, суанг ма Культурæйы хæдзарæн дæр хъæугæ ифтонггæрзтæ балхæнæны онг дæр», — фæбæрæг кодта Сæргълæууæг.
Царды уæззау уавæрты бахауæг адæм куырдтой материалон æххуыс. Алкæмæ дæр байхъуыстой, дзуапдæттæг адæмæн бахæс кодтой фарстатæм æргом аздахын.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here