Арæзтад æфстæутты фæрцы

0
195

РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис бабæрæг кодта цæрæнуæтты арæзтад Дзæуджыхъæуы. Арæзтад цæуы Терчы былгæрон, пайда кæнынц бюджетон инфраструктурон æфстæуттæй.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Моргуаты Константин куыд радзырдта, афтæмæй хъуамæ комплексы уа фондз фарастуæладзыгон хæдзары, коммерцион бæстыхæйттæ хæдзæртты хуылфы арæзт уыдзысты. Сæ иу арæзт æрцыд, бынаты ма уыдзæн коммерцион бæстыхай дæр. Æфстауы хардзæй инженерон хызтæ, канализацион коллектор, донуадзæн аразынц, йæ цæттæдзинад хæстæг у 80 процентмæ. Кольбусы уынджы ма фæзындзæн фистæгæй цæуæн хид. Ацы аз Терчы былгæронмæ дæр базилдзысты.
Инвестицион проекты нысангонд инфраструктурæйæн федералон бюджетæй республикæ 2022-2023 азты райсдзæн 251 милуан сомы бюджетон æфстауы хуызы. Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй арæзтад цæуы нывыл, аразджытæ йæ хъуамæ йе ‘мгъуыдмæ сцæттæ кæной. Хицауады Сæрдар сæвæрдта куыстытæ хæрзхъæд скæныны хæс.
«Бюджетон инфраструктурон æфстау скодтой федералон æмвæзады. Уый фæрцы республикæ инвесторты цур балæудзæн, царды рауадздзæн арæзтадон объекттæ. Æдæппæтæй 2025 азмæ мах райсдзыстæм 1,5 миллиард сомы. Цæгат Ирыстон ма цæттæ у 2023-2024 азты уæлæмхасæн бюджетон æфстау райсынмæ», — загъта Хицауады Сæрдар.
Уый ма аразджытæн бафæдзæхста нырыккон социалон инфрастурктурæйы рæзт нымайыны хæстæ. Хъуамæ базилой цæугæдоны былгæрæттæм, адæм дзы куы тезгъо кæной, уæд хъуамæ сæхи хорз æнкъарой.
Цæгат Ирыстон 2022-2023 азты бавнæлдта цыппар инфраструктурон проекты царды уадзынмæ. Спайда кодта бюджетон æфстауæй. Фæрæзтæ сты 811,2 милуан сомы. Уыдоны фæрцы фæзындзæн туризмы æмæ цæрæнуæтты арæзтады инфраструктурæ. Комкоммæ — Терчы былгæрæтты цæрæнуæтты æмæ коммерцион арæзтад, Дзæуджыхъæуы цæгат-ныгуылæйнаг хайы цæрæнуæтты арæзтад, аква-парк «Аквасити» æмæ Дæргъæвсы хъæуы туристон комплекс «Къæхтысæр»-ы инфраструктурæ.
Ноджыдæр ма 620 милуан сомы райсдзысты 2024-2025 азты. Спайда сæ кæндзысты Дзæуджыхъæуы цæрæнуæтты социалон æмæ инженерон инфраструктурæйы арæзтады.

Бутаты Эльзæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here