РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Мæскуыйы кусæг балцы уæвгæйæ, фембæлд Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады Мæскуыйы адæмты ‘хсæн ахастдзинæдты институты студенттимæ, дзуаппытæ радта сæ фарстытæн. Уый фæстæ йын фадат уыд алайнаг æхсæнады минæвæрттимæ аныхас кæнынæн.
Фидæны дипломаттимæ дзургæйæ, Сергей Меняйло фæбæрæг кодта Цæгат Ирыстоны рæзт, йæ экономикæ, туризм, егъау инвестицион проекттæ царды уадзыны нысантæ. «Алы регионы дæр ис, историон æгъдауæй чи сфидар, ахæм экономикон къабæзтæ, Ирыстонæн уыдон сты туризм, хъæууон хæдзарад, промышленност. Агропромышленносты мах царды уадзæм цалдæр проекты. Уыдонимæ сты, «Хъазахъхъаг хутор»-ы тагъд рæзгæ фæткъуыйы цæхæрадæттæ æмæ дыргъæфснайæнтæ, коопертив «Де-Густо», балергæсагдарæн фермæ. Туризмы рæзтæн мах цалдæр ахъаззаг проекты царды уадзæм — алы афонты кусæг «Мамысон», тематикон «Аланыстон-парк» æмæ æндæртæ. Уыдон хаст сты РЦИ-Аланийы экономикон рæзты хуызмæ æмæ сæ царды уадздзыстæм», — фæбæрæг кодта республикæйы Сæргълæууæг.
Республикæйы разамонæг ма рæгъмæ рахаста нырыккон политикон цауты рæстæг адæмты ‘хсæн ахастдзинæдтæ, уыдон регионты цардыл куыд фæзындзысты, уыдæттæ. Республикæйæ цы хæдбар батальон архайы сæрмагонд æфсæддон операцийы, хæстæ куыд æххæст кæнынц, уый дæр бæстон радзырдта. Йæхæдæг сæрмагонд æфсæддон операцийы бынаты куыд сæмбæлы, цавæр хъуыдытæ йæм сæвзæры, æфсæддонтæ сæхи куыд дарынц, уыдæттæ лæмбынæг дзырдта.
Институты студенттæ радтой фарстытæ йæ райгуырæн Алагиры скъолайы, йæ фыд-фронтовикы, республикæйы дарддæры рæзты тыххæй. Республикæйы хъæздыг культурон æмæ историон бынтæ бахъахъхъæныны тыххæй фарстæн Сергей Меняйло радта ахæм дзуапп: «Культурæйы бындуры ис æвзаг, мах царды уадзæм æвзаг бахъахъхъæныны æмæ рæзты программæ. Культурæйы бынты объектты тыххæй хыгъд нæм ис, рæстæгæй-рæстæгмæ йæм æфтауæм, сæ иу хай рацаразинаг у, иннæтæ сты консерваци хъуаг. Нæ размæ лæууы культурон æмæ историон бынтæ раиртасыны æмæ сæ хыгъдтæм бахæссыны хæс. Уæд сбæрæг уыдзысты хъахъхъæнæн бынæттæ», — бацамыдта республикæйы разамонæг.
Мæскуыйаг уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæугæйæ уал Сергей Меняйло фембæлд йæ ректор Анатолий Торкуновимæ. Ныхас бацахста дыууæвæрсыг ахастдзинæдты фарста. Æппæт фæзилæнтæ, бадзырдтæ сбæрæг кæндзысты æмгуыстады тыххæй разыйы гæххæтты. Хъуыддаг кæронмæ бантысдзæн Бетъырбухы дунеон экономикон форумы, июны.
РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ














