Адто мидæгмоймæ бацыд иу усмæ. Йæ цардæй разы бæргæ уыд, цалынмæ сæм йæ усы мад нæ фæзынд, уæдмæ. Ус хъахбай, налат разынд. Йæ ныхас æппынæдзух уыдис уыцы иугъæдон: «Хæдзары хъуамæ уа иу хицау, иу уынаффæгæнæг, æмæ уый дæн æз». Уæлдай сыбыртт кæнын никæй уагъта, уæлдайдæр сиахсы. Лæг тыхсын райдыдта, йæ хъæстытæ йе ‘мбæлттæн фæкодта. Уæд иу бон доны был бадынц, дзæбæх анызтытæ кодтой, æмæ лæппутæй иу афтæ зæгъы: Адто, лæг дæ æви уыг дæ?
— Лæг дæн, уæдæ цы дæн. Уæдæ ма дæ иухатт лæджы тæф ракæлæд. Стъол тымбыл къухæй ныххой! Ам хицау чи у?
Уыцы хъæлдзæг æмæ ныфсджынæй хæдзармæ бацыд, хæрæндоны æрбадт æмæ йæ усмæ дзуры: «Ам хицау чи у? — стъол тымбыл къухæй æрхоста æмæ хъæрæй. — Кæй зæгъын æй хъæуы, æз!» Йæ ныхас кæронмæ нæмæ фæци, афтæ усы мад дуарæй æрбахызт. — Цы загътай, цы? — уыцы иу тъæлланг фæкодта. Сиахс хорзау нал фæци æмæ ма ныллæг ризгæ хъæлæсæй сдзырдта:
— Цæй, хъазæн ныхас зæгъæн дæр нæй.
Сæрибар
Иу лæг бинонты хъуыддаг бакодта æмæ йын куысты ног фатер радтой фарæстæм уæладзыджы. Иу цалдæр мæйы фæстæ сæм йæ усы мад фæзынди. Æрбынæттон. Бинонтæм йе ‘взаг хæццæ кæнын байдыдта, уынаффæтæ йæхимæ исы, сиахсæн дæр зонд амоны. Лæгæн йæ бон куы нæуал уыдис, уæд æй иу райсом йæ æфцæгготæй балкъонмæ радавта, йæ сыхаг лæгтæ дæр йæ фæйнæфарс сæ балкъонты тамако дымынц. Усы æфцæгготыл хæцы, афтæмæй сыхæгты фæрсы: «Вано, ды дæ усы мадæн цы бакуыстай?»
— Бæласыл æй æрцауыгътон. Гиго, ды та цы бакуыстай дæ усы мадæн? — Ивылд доны йæ баппæрстон! Кæсыс! Адон æппындæр тæригъæд нæ зонынц. Æз та уал дæ сæрибарæй уадзын.
Хæрæгсаст
Ирон адæм ма фылдæр цуанæй куы цардысты, уыцы рæстæг иу лæг, мæгуыргомау цæрæг, бирæ фæцуан кодта, фæлæ ницæуыл сæмбæлд сырды ‘гъдауæй. Изæрмæ хæстæг иу обауыл йæхи æруагъта, чысыл мæ фæллад æрцæуа, зæгъгæ. Хъæуырдыгæй райхъуыст хъæлæба. Кæсы, æмæ бирæгъ сывæллоны фескъæфы хъæдмæ. Фæлтæрд цуанон æрхъавыд æмæ бирæгъ — дæ фыдгул дæр афтæ. Сывæллоны фыд тарстхуызæй йæ разы алæууыд.
— Хорз лæг, мæ иунæг сабийы мын аирвæзын кодтай, хорзæй дын цы фæуон? Ницы дын бавгъау кæндзынæн, ис мæм, цæрæг лæг дæн.
Цуанон ницы сфæрæзта зæгъын.
— Уæдæ ахсæв ахъуыды кæн æмæ райсом ацафон, фылдæр дæ чи уарзы, уыимæ ам сæмбæл. Цы зæгъай, уый дын мæнæй.
Цуанон æнафонмæ йæ бинойнагимæ фæрахъуыды-бахъуыды кодтой, цы хъуаг æййæфтой, уыдон æрымысыдысты.
Обауыл æнхъæлмæ кæсынц сæ хæрзгæнæгмæ. Уый фæстиат кодта. Цуанон йæ усмæ дзуры: “Гыццыл æрхуыссон, тынг фæллад дæн”. Æмæ уайтагъд афынæй. Уалынмæ лæг уыцы хорз арæзтæй фæзынд. Усæн йæхи бацамыдта. Цуанон фынæй кæны. Лæг усимæ ныхæстыл фæци. Йæхи йын бауарзын кодта. Сылгоймаг сразы ис йæ ус суæвыныл. Фæлæ, дам, цуаноны та цы фæкæнæм? — Хъыгдарыны хос, æндæр нын куы ницы у, æмæ йæ амарæм, — загъта лæг.
— Куыдæй?
— Мæнæ дын хъама, æмæ йæ цæв.
Ус йæ лæджы сæрмæ хъама систа. Ардауæг ныхъхъæр кодта:
— Кæдæм æй марыс?!
Цуанон фехъал. Кæсы, æмæ йæ усы къухы хъама. — Стыр бузныг, сдзырдта йæм нæлгоймаг, — хорз лæг, мæ лæппуйы мын кæй фервæзын кодтай, уымæй. — Фæлæ уыныс, æз та дын дæхи фервæзын кодтон. Ныр стæм хæрæгсаст.
Мамиаты Таймураз,
æхсæнадон уацхæссæг














