Йæ алы къахдзæф дæр баст у аивадимæ

0
287

Нывгæнджыты цæдисы равдыстыты залы байгом зындгонд скульптор Дзбойты Михалы юбилейон равдыст. Архайдтой дзы республикæйы парламент, хицауад, культурæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ, йæ ахуырдзаутæ æмæ йе сфæлдыстадæн стыр аргъ чи кæны, уыцы адæймæгтæ.

Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз сфæлдыстадон бæрæгбоны архайджытæн цы хъуыдытæ фехъусын кодта, уыдоны мидис æнгом баст уыд нæ удварны хæзнатæ æмæ историимæ:
«Дзбойты Михалы куыстытæ нæ æфтауынц нæ историйыл хъуыды кæныныл, нæ адæмы миддунейы æвæрæнтæ куыд æрцæуой хъахъхъæд, ууыл. Ууыл ахуыр кæны йæ фæстагæтты дæр. Æрæджы уыдтæн йе сфæлдыстадон æрмадзы, федтон йæ фырт Арсены куыстытæ æмæ бамбæрстон, йæ фыды хъуыддаг дарддæр хæццæгæнæг кæй ис, уый. Йæ куыстыты ис нæ историон идейæ, сарæзт сурæтты ирдæй æвдисы адæймаджы удыхъæд, йæ ахаст цардмæ. Михалы куыстытæ аив кæнынц Ирыстоны зæхх». Юбилярæн радта РЦИ-Аланийы Парламенты Кады гæххæтт.
«Нывгæнæг иу куыст куы саразы, æмæ йын æй адæм куы зоной, уæд уый хъæбатырдзинадыл нымад у. Дзбойты Михалæн та цал æмæ цал ахæм куысты зонынц адæм!» — загъта йæ раныхасы Мæргъиты Таймураз — Нывгæнджыты цæдисы сæрдар.
Юбиляры сфæлдыстады фæдыл дарддæр йæ хъуыдытæ фехъусын кодта Цыбырты Людвиг: «Ирыстоны сфæлдыстады хуызтæй æгас дунейы нæ нывгæнджытæй фылдæр никæцы адæмыхатты минæвæртты зонынц. Сæ иу у Дзбойты Михал. 50 азæй фылдæр лæггад кæны республикæйы аивадæн, йæ алы къахдзæф дæр баст у æгъдауимæ. Бирæ йын бантыст Ирыстоны хорзæхæн, æмæ ма йын уымæй фылдæр бантысæд».
Зæрдæмæхъаргæ ныхæстæ зæлыдысты, бирæ азты кæй зоны æмæ æмцег кæны, уыцы адæймæгтæй, йæ ахуырдзаутæй.
Республикæйы адæмон поэтессæ Гуырдзыбегты Иринæ бакаст сæрмагондæй Михалы юбилеймæ фыст æмдзæвгæ, сфæлдыстадон бæрæгбоны мадзалы зæлыдысты ирон мелодитæ, акодта сæ Культурæйы колледжы адæмон инструментты оркестр.

Хуыбиаты Ларисæ,
авторы ист къамтæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here