Хатдзæгтæ æмæ ног нысантæ

0
208

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло æрвылкъуырион аппаратон æмбырды хицауады уæнгтæ æмæ муниципалон скондты разамонджытимæ хатдзæгтæ скодта ивгъуыд къуырийы куыстæн æмæ сбæрæг кодта ног нысантæ фидæнмæ.

Республикæйы метеослужбæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ, хæхбæсты тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. Арвыкомы фæндагыл цæстдард цæуы транзитон автотранспорты цыдмæ. Ныридæгæн уал фæндаг гом у транспорты алы хуызтæн дæр. Паддзахадон арæныл ахизыны тыххæй радмæ æнхъæлмæ кæсынц 1165 уæзласæн машинæйы. Шофыртæн æмæ бæлццæттæн алы хъуыддагæй дæр æххуыс цæуы. Ивгъуыд къуыри Уæллаг Ларсыл Гуырдзыстонмæ ацыд 18501 автотранспорты æмæ 48224 адæймаджы.
Республикæйы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрад куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ ивгъуыд къуыри урæд æрцыд цардæн æнæмæнг ахсджиаг 48 объекты куыст. Уыдонæй 30 — пъланмæ гæсгæ, 18 — аварийон уавæрмæ гæсгæ. Цыбыр рæстæгмæ хъæндзинæдтæ иууылдæр иуварсгонд æрцыдысты.
8 апрелы Алагиры районы Уæллаг æмæ Дæллаг Цъæйы хæлд æрцыд электрон тыхдæттæн системæ. Йæ аиуварс кæныныл куыстытæ цæуынц æнæкъуылымпыйæ.
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, бæрæгбоны рæстæг фыдбылызтæ не ‘рцыд.
Сергей Меняйло аппаратон æмбырды Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Реутовæн бафæдзæхста алы бон дæр медицинон уагдæтты уавæры тыххæй хыгъдлæвæрд цæттæ кæнын. Ноджы ма республикæйы районты разамонджытæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады администрацитæн бахæс кодта уæлмæрдтæ ссыгъдæг кæнын.
— Æрхæццæ кæны Мæрдты куадзæны бон, æмæ, æнæмæнг, базилын хъæуы уæлмæрдтæм. Куыд æхгæд цæуынц, уымæ дæр уæ хъус æрдарут. Сæвæрут бырондæттæ æмæ афтæ дарддæр, — загъта республикæйы Сæргълæууæг, æмæ ма дарддæр фæнысан кодта, цæмæй Уæлахизы бонмæ æппæт мемориалтæ æмæ хæстон ингæнтæ æфснайд æрцæуой.

Хъойбайты Галинæ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here