Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы раныхас республикæйы социалон-экономикон сæйраг рахæцæнты æмæ 2022 азы республикæйы Хицауады архайды тыххæй

0
279

Республикæйы Парламенты зынаргъ депутаттæ!
Республикæйы зынаргъ цæрджытæ!

Æппæт бæстæимæ мах ивгъуыд аз арвыстам вазыгджын политикон æмæ экономикон уавæрты, цæрæм дунеон ивддзинæдты рæстæг. Ахсджиаг историон цаутæ нæ бæстæйы фидæн бæрæг кæнынц. Уæрæсе Ныгуылæны ‘рдыгæй уыцы ивддзинæдтæм, комкоммæ хæстон тæссагдзинæдтæм куыд сарæхсдзæн, уымæй уыдзæн аразгæ нæ фидæн. Коронавирус æмæ сæрмагонд æфсæддон операци фæзындысты нæ царды алы къабæзтыл. Фæлæ уæддæр хъæддых фæлæууыдыстæм. Абон нын ис кæцырдæм æмæ куыд цæугæ у, уый тыххæй дзурæн.

Сæрмагонд
æфсæддон операци: йæ архайджытæ æмæ сæ бинонтæн æххуыс

Нæ бæстæ сæмбæлд æвирхъау, сæрмагонд тæссагдзинæдтимæ: Уæрæсейы ныхмæ сарæзтой парахат кампани, тыхджын экономикон, политикон, хæстон æлхъывдад, фæнды сæ нæ хæдбардзинад, нæ культурæ фесафын. Æмдых Ныгуылæн Украинæйы быцæу расайдтой, нæ размæ сæвæрдтам нæ бирæнацион адæмы иудзинад сфидар кæныны, политикон нывылдзинады, æхсæнадон разыдзинады фарс рахæцыны, фидар экономикон рæзты нысантæ.
Уæрæсейы Президент нæ размæ цы хæстæ сæвæрдта, уыдон æххæст кæнынмæ Донбассы æмæ Украинæйы нæ адæм уайтагъд бавнæлдтой. Не ‘фсæддонтæ се ‘взыгъддзинады, лæгдзинады тыххæй райстой паддзахадон хæрзиуджытæ, Есенаты Таймураз æмæ Датиты Аланæн радтой Хъæбатыры Стъалытæ. Сæрмагонд æфсæддон операци куыддæр райдыдта, афтæ сарæзтам фыццаг ирон хæдбар къорд «Аланыстон», адæм райстой хæцæнгарз, сæрмагонд цæттæдзинады æууæлтæ ахуыры райсгæйæ цыдысты фронтмæ.
Æппæт фæзилæнтæ дæр банымадтам, тæссагдзинæдтæ ныллæг уавæрмæ æркодтам. Хæдбар къордтæн радтам уæлæдарæс, хъæугæ ифтонггæрзтæ. Уыдæттæ кодтам Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрадимæ. Уый фæстæ нæм фæзынд къорд «Ныббырст. Ирыстон». Фæззæджы нæм хайгай æрсидт ацыд, уыдæттæ психологон æгъдауæй уæззау сты. Фæлæ нæ лæппутæ æвдисынц лæгдзинад, уды хъару, фæстæмæ дæр нæ фæкастысты, афтæмæй слæууыдысты Фыдыбæстæйы сæраппонд.
Мах нæхирдыгæй алцыдæр аразæм, цæмæй нæ лæппуты цур балæууæм, алцыдæр нывыл кæй у, уый базоныны тыххæй арæх мæхæдæг цæуын сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ. Бузныг зæгъын мæ фæнды нæ лæппутæн, ахæм фидар æмæ æнæфæцудгæ, уæлахизыл æууæнкджын кæй сты, уый тыххæй. Сæ ныййарджытæн та уæлдай арфæтæ, ахæм нæлгоймæгты кæй схъомыл кодтой, уый фæдыл. Фæлæ царды бартыл хæцæнгарзимæ хæцгæйæ æнæ мæлæт нæ рауайы. Сæ рухс нæмттæ сын æдзæмæй алæугæйæ æрымысæм.
Хæдбар æфсæддонты алцæмæй ифтонг кæнын республикæ йæхимæ райста, фæрæзтæ бюджетæй нæ исæм, сты æнæбюджетон. Хæстон цауты бынаты сабыр цæрæг адæмæн гуманитарон æххуыс æрвитæм, æхсæнадон организацитæ, амалхъомтæ, хуымæтæг адæм паддзахадон хицаудзинады оргæнтимæ иумæ кусынц. Нæ республикæйы цæрджытæн, амалхъомтæн бузныг зæгъын, нæ лæппутæн æххуыс кæй кæнынц, уый тыххæй.
Не ‘фсæддонтæн æмæ сæ бинонтæн æххуыс кæнын у нæ ахсджиагдæр хæс. Фæсфронт хæдзармæ цæфтæй чи ссыд, уыдон дæр сты æххуысхъуаг. Уыдæттæ йæ Ныстуаны фæбæрæг кодта бæстæйы Президент. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн арæзт æрцыд паддзахадон æххуысы фонд. Хъуамæ операцийы æппæт архайджытæ, ветерантæ, хæсты чи фæмард, уыдоны бинонтæ исой æмбæлгæ æххуыс. Цæгат Ирыстоны дæр фонд саразыныл куыст цæуы. Алы бинонтæн дæр сараздзыстæм социалон паспорттæ, хæстон цауты архайджытæн кæндзысты реабилитацийы æмæ ресоциализацийы мадзæлттæ.

Экономикæ

Фарон бæстæйыл фæзынд, Ныгуылæн ныл цы экономикон гæрæнтæ сæвæрдта, уый. Нæ экономикæ фæкъуылымпы, фæлæ Уæрæсейы Президент афойнадыл цы ахадгæ уынаффæтæ рахаста, уыдон бæстæ фæцудын нæ бауагътой. Нæ республикæйы экономикон бæрæггæнæнтæ рауадысты нывыл:
фарон промышленнон куыстады индекс рауад 106 проценты;
хиуагъд продукцийы бæрц 18,3 проценты фылдæр фæцис.
Экономикæ æмæ социалон къабазмæ инвестициты бавæрд рауад 43 миллиард сомы, дыууæ азмæ хъавæм бæрæггæнæнтыл 6,7 проценты бафтауын. Инвестицитæ бавæрдтам хъæууон хæдзарады, транспортон инфраструктурæйы, туризмы, национ проектты æмæ паддзахадон программæты. Республикæйы иумæйаг бюджеты æфтиæгтæ 2023 азы 1 январы рауадысты 61,6 миллиард сомы. Уый, фароны уыцы æмгъуыдимæ абаргæйæ, у 19,8 проценты фылдæр.
Нæ Хицауад сæ размæ æвæрынц ахсджиаг нысантæ, хъуамæ промышленнон куыстады индекс 2023-2025 азты рауайа 113 проценты. Хъæууон хæдзарады иумæйаг мидбæстон продукт 2025 азы хъуамæ схиза 117 процентмæ. Инвестицион архайды рæзтыл æппынæдзух куыст цæуы. Бацæттæ кодтам 30 инвестицион фæзы, нæ инвестицион бакаст хуыздæр кæны, Национ рейтинджы стæм хуыздæрты ‘хсæн. Нæ бæстæйы Президент 2030 азмæ Уæрæсейы национ рæзты нысантæ сбæлвырд кодта.
Уыдоны руаджы уæрæсейæгты царды уавæртæ фæхуыздæр уыдзысты. Мах сарæзтам РЦИ-Аланийы экономикон рæзты хуыз. Бавæрдтам дзы фондз размæцыд проекты, æдæппæтæй сын бахъæудзæн 64 миллиард сомы. Фæзындзæн нæм 7 мин ног куысты бынаты. Ныр уал хъуыддæгты бавæрдтæм 20 миллиард сомы, скодтам 600 ног кусæн бынаты. Республикæйы Хицауадæн сæ размæ æвæрын, республикæйы экономикæмæ инвестицитæ æрбаздахыны хъуыддагыл бацархайыны хæс.
Æрмæст егъау амалхъомадыл нæ цæуы ныхас, хъуамæ рох ма уой чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомтæ дæр. Республикæйы мин адæймагмæ хауы 24 амалхъомадон объекты. Уыцы бæрæггæнæнæй Цæгат Кавказы федералон зылды стæм æртыккаг бынаты. Хи фæрæзты руаджы хъуыддаг чи байгом кодта, уыдон фарон уыдысты 25257 адæймаджы, махмæ ацы бæрæггæнæнтæ рæзынц. Ацы аз «Промышленносты рæзт æмæ йæ ерысхъомдзинад»-ы программæмæ гæсгæ федералон бюджетæй райстам 100 милуан сомы, республикæ дæр радих кæндзæн 50 милуан сомы. Хъуамæ куыстуæттæ балхæной хъæугæ ифтонггæрзтæ
Республикæйы агропромышленнон комплекс фидарæй рæзы, фарон сын рауад æнтыстджын. Иумæйаг мидбæстон продукт рауад 42,5 миллиард сомы. Æнæ техникон модернизацийæ куыстад нæ рæзы, фарон хъæууонхæдзарадон кусджытæ лизинджы руаджы райстой техникæйы 131 иуæджы 748,1 милуан сомæн. Туризмы рæзт нæ экономикæйыл фæбæрæг уыдзæн, фарон алыхуызон æмвæзады бюджеттæм туризмæй хъалонтæ бафтыд 1,5 проценты фылдæр. Æртæ егъау федералон туроператоры кусынц Цæгат Ирыстонимæ.
Нæ размæ бирæ нысантæ лæууынц, 9 туристон объекты уал нæм фæзынд, бавæрдтам дзы 1,8 миллиард сомы. Ацы аз дарддæр ахæццæ кæндзыстæм цалдæр объекты арæзтад, стырдæр объект у «Мамысон»-ы комплекс. Дæс азы дæргъы арæзтад æргъæвд цыдис, абон хъуыддагмæ лæмбынæг бавнæлдтам. Дзæуджыхъæуы аразæм ирхæфсæн «Аланыстон-парк», фæлгæсæн цалх сæвæрдтам. Июны уал фыццаг туристтыл æмæ уазджытыл сæмбæлдзыстæм.

Паддзахадон программæтæ æмæ национ проекттæ

— Иу хатт ма йæ зæгъын — абон тынг ахсджиаг у, цæмæй нæ паддзахады царды алы къабаз дæр куса æнæкъуылымпыйæ! А фæстаг азты цаутæ нын ирдæй равдыстой, ахуыр кæуыл уыдыстæм, дунейы уыцы архитектурæ куыд сæртæг æмæ лæмæгъ у æмæ алцыдæр куыд æнцонтæй фехæлдзæн, уый.
Уымæ гæсгæ, нæ алчидæр хъуамæ йæ кусæн бынаты архайа, цæмæй нæ бæстæйы сомбон уа фидар æмæ æнæфæцудгæ, цæмæй нæ адæмы царды уавæртæ уой зæрдæмæдзæугæ.
Уымæн та нын æххуыс уыдзысты паддзахадон программæтæ æмæ национ проекттæ. Æрмæст ивгъуыд аз мах куыстам ахæм программæтæй дыууæ æмæ ссæдзыл, уыдон цæмæй царды рацæуой, уымæн та федералон æмæ регионалон бюджеттæй рауагътой 28,6 миллиард сомы.

Ахуырад

Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты скуыстой иуæндæс удæнцой æмæ æдас ног рæвдауæндоны.
Уый фæрцы нæм фæзынди дыууæ мин уæлæмхасæн бынаты скъолайы размæ ахуыргæнинæгтæн. Абон рæвдауæндæтты бынæттæй хъуаг не ‘ййафæм.
Байгом дыууæ ног скъолайы — Чермены хъæуы æмæ Беслæны. Ногир æмæ Дзæуджыхъæуы фæйнæ скъолайы та скуыстой бындуронæй сцалцæг кæныны фæстæ. Тагъд байгом уыдзæн ног скъола Черноярскы станицæйы. 32 скъолайы ма бындурон цалцæг скæндзыстæм ацы азы кæронмæ. Скъолатæ иууылдæр уыдзысты ифтонг тæккæ нырыккон техникон æмæ ахуырадон мадзæлттæй.
2024-2025 азты бындурон цалцæг кæндзыстæм 70 скъолайы æмæ 20 ахуырадон организацийы. Куыстыты аргъ уыдзæн 2,2 миллиард сомы.
Национ проект «Ахуырады» фæлгæты нæм байгом сывæллæтты технопарк «Кванториум». Байгом курдиатджын сабиты центр «Вершина», ис дзы 140 бынаты кæм ис, ахæм хуыссæн корпус. Райдыдтой кусын, уыимæ хъæуты дæр, «Рæзты бынæттæ», зæгъгæ, ахæм 22 ахуырадон бынаты.
«Иумæйаг Ныгуылæны» ныхмæ цæмæй фидар фæлæууæм, уый тыххæй хъуамæ æппæт хъарутæй дæр архайæм нæ ахуырад, наукæйы рæзт æмæ профессионалон дæсныйад бæрзондæй-бæрзонддæр кæныныл. Уый егъау куыст у, фæлæ йæ кæнын хъæуы æнæкъуыхцыйæ.
Ацы аз Уæрæсейы Президент Владимир Путин йæ Указæй рахуыдта «Ахуыргæнæг æмæ зондамонæджы аз». Хъуамæ фыццагау кадджын æмæ ахадгæ суа ахуыргæнæджы куыст!
2022 азы рахицæн кодтам 330 милуан сомы ахуыргæнджыты мызд фæфылдæр кæнынæн. Уымæй уæлдай ма сарæзтам æндæр мадзæлттæ уыцы фарстайы уавæр фæхуыздæр кæнынæн, фыццаджыдæр, æхцайы фæрæзтæй.

Æнæниздзинад

Вазыгджын у нæ царды ацы къабаз алырдыгæй дæр. Ныхас цæуы нæ цæрджыты æнæниздзинадыл, хæрзхъæд медицинон æххуысыл алы адæймагæн дæр. Хъыгагæн, бирæ лыггæнинаг фарстатæ ма нæм ис. Æмæ, раст зæгъгæйæ, уый тыххæй цæуы куыст дæр. Ивгъуыд аз скуыстой Горæтгæрон районы сæйраг поликлиникæйы фелсырон-акушерон пункт, амбулаторитæ хъæуты.
Бындуронæй цалцæг сты Кировы районы сæйраг рынчындон, амбулатори Луковскы станицæйы, фелсырон-акушерон пункт Цæлыккаты хъæуы.
Медицинон кусæндæттæн балхæдтам 56 алыхуызон кусæнгарзы, фараст сæрмагонд хæдтулгæйы.
Паддзахадон социалон æххуысы фæлгæты рынчынты иуæй-иу къордтæн рауагътой 1 миллиард сомы аргъ хостæ.
Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ нæм нæма фаг кæны хъæугæ лæвар хостæ онкологийæ æмæ сæкæрнизæй рынчынтæн. Архайæм уый тыххæй уæлæмхасæн æхцайы фæрæзтæ ссарыныл.
Дæрддзæф хъæуты скуыстой цæугæ медицинон комплекстæ. Уыдоны фæрцы дохтыртæ бæстон æркастысты 24 мин адæймаджы æнæниздзинадмæ. «Тагъд æххуысы» станцæты хæдтулгæтæ иууылдæр баивтам ногтæй.
Дард хъæуты байгом кодтам 51 афтечы, хæстæгдæр рæстæг та ма уыцы нымæцмæ бафтаудзысты 49.
Нæ дарддæры нысанты сты Мæздæджы, Горæтгæрон æмæ Алагиры районты фондз дзæбæхкæнынады арæзтад æмæ бындуронæй цалцæг, Рахизфарсы районы сæйраг рынчындоны поликлиникæйы рацарæзт, стæй Беслæны «Тагъд æххуысы» дæлстанцæйы арæзтад. Рох нæ не сты Мæздæджы районы сæйраг рынчындоны арæндоны, сабиты рæуджыты низы стационары арæзтад, Цæгат Ирыстоны онкологийы диспансеры, улæфæнтæн æххуысы республикон центры рацарæзт.

Граждæнтæн социалон æххуыс

Нæ сæйрагдæр хæстæй сæ иу у нæ цæрджытæн æххуыс кæнын — бирæсывæллонджын бинонтæн, царды зилдухы тыхст уавæрты чи бахаудта, йæ сахъатдзинады тыххæй йæ гæнæнтæ хæрз чысыл кæмæн сты, Беслæны теракты чи бахаудта, уыцы адæмæн.
2022 азы дарддæр цыди куыст, сывæллæттæ кæмæн ис, уыдонæн æххуыс кæнынæй. Уый фæдыл æхцайы фæрæзтæ райстой 68 мины 662 адæймаджы, фæлладуадзæн æмæ æнæниздзинад фидардæр кæныны бынæттæм æрвыст æрцыдысты 32 мины 688 сывæллоны. Ацы аз уыцы нымæц схæццæ уыдзæн 36 минмæ. Æртæ æмæ фылдæр сабийы кæмæн ис, уыцы бинонтæн радих кæндзысты æдæппæт 560 зæххы хайы лæвар.
Æххуысхъуаг 8 мин 665 бинонтæ райстой æдæппæт 1 миллиард сомы æртыккаг æмæ фылдæр сывæллоны райгуырды фæстæ.
Иурæстæгон æхцайы фæрæзтæ райстой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 474 архайæг æмæ инвалиды, Ленинградыл æрхъулайы рæстæджы цæрджытæ, концлагерты æмæ геттойы уæвæг адæм, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, стæй фæстæдæр чи амард, уыцы хæстонты идæдз устытæ.
Беслæны теракты чи бахаудта, уыдонæй 390 адæймагæн феххуыс кодтой æхцайы фæрæзтæй.
77 фатеры баххуырстой, æнæ ныййарæджы æххуысæй чи баззад, уыцы æнахъом сабитæн. Уыцы куыст цæудзæн дарддæр дæр.

Арæзтад æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад

Стыр куыст цæуы арæзтадон къабаз æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады. 2022 азы сарæзтам цæрæнуæтты 341 мин æмæ 800 квадратон метры. Программæ «Уæрæсейы бинонты цæрæнбынаты» фæлгæты ног фатертæ райстой 338 бинонтæ, 248 та — æрыгон бинонтæ, хæстон быцæуты ветеранты бинонтæ, æнæбары æрбалидзæг адæм сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн райстой æхцайы æххуыс — æдæппæт 396 милуаны 800 мин сомы. Баххуыс кæндзысты, Херсон æмæ йæ рахизфарсæрдыгæй чи ‘рбалыгъд, уыцы 17 бинонтæн дæр.
Радтой æхца Тогойы-фырты номыл уынджы бирæфатерон хæдзары арæзтад ахицæн кæнынæн.
Лыггонд цæуынц æмæ цæудзысты, иуæй-иу хæдзæртты арæзтадмæ æхца чи бахаста æмæ сæ хъуыддаг кæмæн нæ фæрæстмæ, уыцы адæмы фарстатæ.
Хæлддзаг цæрæнбынæттæй ног фатертæм баивтой 627 адæймаджы. Ацы аз уыцы куыст цæудзæн дарддæр.
Уæдæ куыст цæуы нæ хъæутæ æмæ горæтты фæлгонцад æмæ цæрыны уавæртæ нывылдæр кæныныл дæр. Зæгъæм, ивгъуыд азы дзæвгар фæаивдæр сты 42 æхсæнадон æмæ 74 кæртыты фæзуæттæ. Уыдоны нымæцы сты Жуковскийы номыл сывæллæтты парк, Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл Центрон парк, «Уæлахизы парк» Мæздæджы æмæ афтæ дарддæр.
2022 азы рацарæзтой донуадзæн хæтæлтæ Алагиры, доныздахæн æмæ тæрккъæвдайы канализацийы хызтæ Беслæны, донæфсадыны æууæлтæ Мæздæг æмæ районы хъæуты, Мæздæджы донсыгъдæггæнæнтæ.
Рагæй дæр горæт Алагиры донæй æфсадыны хабæрттæ уыдысты сагъæссаг. Ныр æнтыстджынæй цæуы уыцы къуылымпытæ аиуварс кæныны куыст, уым уал рауагътой 10 километры бæрц ног хæтæлтæ. Уыцы, стæй ма иннæ ахадгæ мадзæлтты фæрцы горæт æмæ районы цæрджытæ донæй хъуаг нал æййафдзысты.
Æмткæй райсгæйæ та Цæгат Ирыстоны донæй æфсадыны гæнæнтæн йæ 80 проценты сты ивинаг. Уымæ гæсгæ, нæ республикæ бахаудта федералон проектмæ, кæцыйы фæрцы нæ бон уыдзæн райсын федералон бюджетæй хъæугæ фæрæзтæ уавæр банывыл кæнынæн.
Цæуы куыст бырæттæ куыд æмбæлы, ахæм уаг æмæ фæткыл æфснайынæн. Национ проект «Экологийы» фæлгæты кæронмæ æрхæццæ Дзæуджыхъæуы бырондоны рекультиваци. Ацы ахсджиаг фарстайыл архайынц Æрыдоны, Горæтгæрон æмæ иннæ районты дæр.
Дарддæр цæуы республикæйы цæрæнбынæттæм газ уадзыны куыст. Абон газ ис Цæгат Ирыстоны 94,3 проценты.

Фæндæгтæ æмæ транспорт

Муниципалон скондты фæндæгты райрæзтыл мах архайæм паддзахадон программæмæ гæсгæ. Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты ног арæзт æмæ цалцæггонд æрцыдысты 150 километры автомобилон фæндæгтæ, æдæппæт 3,6 миллиард сомы аргъæй фылдæр. Рацарæзтой фæндæгтæ туристон объекттæм. Уыдонмæ хауынц курорт «Мамысон»-ы ног арæзтад, Цыколайы турбазæ “Комы-арт”. Ныртæккæ, Хъолайы цъитийæ зæй æрцыды фæстæ фыццаг хатт Гæналдоны комæй Дæргъæфсмæ ацæуæн ис æдас уæрæх фæндагыл.
Æхсæнадон транспорты куыст нæ республикæйы у æппæты риссагдæр фарста. Дæсгай азтæ уыцы фарстамæ фаг æргом здæхт нæ цыд. Афтæмæй та йæ реформæ кæнын хъуыд тынг рагæй! Фарон транспортон пълан кæныны математикон моделыл куыст сæххæст кодтам. Æппæт æнæлыггонд фарстатæ ахицæн кæныны тыххæй сбæлвырд кодтам бæлццæттæ ласыны системæ, бæрæггонд æрцыдысты паддзахадон æмæ хи транспортыл куыстуæтты архайды фæтктæ, бæлццæтты удæнцойæн æлхæд æрцыд нырыккон 67 автобусы, хæстæгдæр рæстæгы ма республикæмæ æрбафтдзæн 20 автобусы. Фарон муниципалон контракт фидаргонд æрцыд 28 нырыккон трамвай райсынæн. Дарддæр нысан кæнæм трамвайты фæндæгтæ рацаразын кæнын æмæ депо саразын. Æнæ зæгъгæ нæй, ивгъуыд азы кæрон аэропорт «Дзæуджыхъæуы» ног терминал кæй байгом, уый тыххæй.

Æхсæнадон-политикон фарстатæ

Ацы аз мах бакæнын хъæуы егъау куыст Хицауад æмæ æхсæнады æмархайд фæхуыздæр кæныныл.
Уыцы хъуыддаджы хорз кусы республикæйы Æхсæнадон палатæ. Уæлдай хуыздæр та йæхи равдыста æвзæрстыты рæстæг. Уым арæзт æрцыд æвзæрстытæм цæстдарыны æхсæнадон штаб. Фæнды мæ æхсызгонæй фæбæрæг кæнын, абон æхсæнадон иугæндтæ кæй ахсынц ахсджиаг бынат паддзахадон хицауад æнтыстджынæй кæй кусынц, регионы царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæныныл, уым. Ахсджиагдæр нысантæй иу у æвзæрстыты хъуыддаг.
Фарон республикæйы æвзарджытæ сæвзæрстой Цæгат Ирыстоны Парламенты депутатты, ноджы архайдтой 150 бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæм æвзæрстыты. Хъуыддаг ацыд æнæ закъонхæлдтытæй æмæ цаутæй. Депутаттæ сæ куыст хъуамæ аразой партиты ‘хсæн æмгуыстадæй нæ республикæйы цæрджыты пайдайæн!
Ацы аз та нысангонд цæуынц муниципалон æвзæрстытæ. Мах нæ зæрдæ дарæм, политикон партиты регионалон хайæдтæ конструктивон куыст кæй бакæндзысты, ууыл.
Ныртæккæ нæ паддзахады Сæргълæууæджы хъæппæрисæй арæзт цæуы егъау мадзæлттæ нæ бæстæйы социалон-экономикон уавæр фæхуыздæр кæнынæн.

Культурæ

Регионы æххæст райрæзтæн нæй гæнæн æнæ монон æмæ культурон цардæй. Махæн цы диссаджы бынтæ баззад, уыдон хъуамæ æрмæст хъахъхъæнгæ ма кæнæм, фæлæ архайæм сæ фæфылдæр кæныныл.
Культурæйы къабазы цаутæй нæ республикæ уыд хъæздыг. Бæрзонд æмвæзадыл ацыдысты Аланыстоныл саргъуыды 1100 азы кадæн мадзæлттæ. Цалцæггонд æрцыдысты Нарыхъæуы Хетæгкаты Къостайы хæдзар-музей, Зыруджы аргъуан, дурæй дзуар «Зылын цырт». Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты цалцæггæнæн куыстытæ бакодтой цыппар аргъуаны. Абон ма мах нæхи цæттæ кæнæм Дзæуджыхъæуы райгуырæг зындгонд театралон режиссер Евгений Вахтанговы хæдзар кадджын уавæры байгомы бон. Уыцы егъау мадзал саразыны хæстæ республикæйы æххæст æххуысæй йæхимæ райста Вахтанговы номыл паддзахадон академион театр. Хæдзар-музей суыдзæн йæ филиал.
Мах нæхи цæттæ кæнын райдыдтам Цæгат Ирыстоны автономийы 100 азы бæрæгбонмæ. Уыцы бæрæгбон фидаргонд æрцыд Уæрæсейы Президенты Указæй. Дарддæр ма кусæм цалдæр регионалон проектыл. Æххæстгонд æрцыд бæхты театры комплекс «Нарт»-ы проект.
Фарон сцалцæг кодтам Паддзахадон академион ансамбл «Алан»-ы агъуыст. Стыр ахсджиаг проектыл нымайæм дунеон культурон-патриотон центр «Беслæн 1-æм скъола»-йы арæзтад.
Ивгъуыд аз рацарæзтой федералон æмæ регионалон нысаниуæджы 7 культурон объекты. Егъау куыстытæ нæм æнхъæлмæ кæсы ацы аз дæр. Техникон ифтонгдзинады мадзæлттæй æххæстгонд æрцæудзæн Тугъанты Махарбенджы номыл музей, рацараздзысты Алагиры Культурæйы хæдзар «Фæскомцæдисон», Беслæны нысангонд цæуы Фæсивæды галуаны, Сывæллæтты сфæлдыстадон хæдзар æмæ Музыкалон скъолайы арæзтад. Хъæугæ хъуыддагыл нымайæм национ проект «Культурæ»-мæ Цæгат Ирыстоны Ирон академион театры капиталон цалцæг бахæссыны фарста дæр.

Физикон культурæ æмæ спорт

Нæ граждæнты хæрзвадат æмæ æнæниз цардæн стыр ахъаз у физикон культурæ æмæ спорты архайынæн инфраструктурæ саразын. 2022 азы нæ атлеттæ, алыхуызон чемпионаттæ æмæ ерысты райстой 951 хæрзиуæджы. Уыдонæй 110 майданы сты, физикон æгъдауæй йæ фадæттæ къуындæг кæмæн сты, уыцы спортсменты.
Æнæуый, нæ республикæйы абоны онг физикон культурæ æмæ спорты архайы 233 мин адæймаджы. Уый бæрзонд бæрæггæнæн нæу, нæ бæстæйы иннæ регионтимæ абаргæйæ. Ацы къабазы иудадзыг хъæуы системон куыст кæнын, уымæн æмæ царды æмвæзад бæрæг кæны, адæмæн спортивон объекттæ, æмæ се ‘нæниздзинадмæ цæстдарынæн хæрзвадæттæ куы уа, уæд.
Ивгъуыд аз кусын райдыдтой: Æрыдоны спорткомплекс, поселок Хуссайраджы физкультурон-дзæбæхгæнæн гом хуызы комплекс, дыууæ «зондджын» спортивон фæзы та Мæздæг æмæ Сунжæйы. Цалдæр боны размæ ма байгом кодтам стадион «Пищевик» дæр Беслæны.
Нацпроект «Демографи»-йы, «Спорт — царды нормæ», — зæгъгæ, программæйы фæлгæты Дзæуджыхъæуы аразæм дыууæ егъау спортивон объекты — æхгæд футболон манеж æмæ физикон-дзæбæхгæнæн комплекс ленк кæнæн бассейнимæ. Ацы дыууæ фарстайы æххæстгонд æрцæудзысты 2024 азы кæронмæ. Дзæуджыхъæуы райдыдта физкультурон-дзæбæхгæнæн комплекс «Клеверспорт»-ы арæзтад дæр. Ацы объект та кæронмæ арæзт æрцæудзæн 2025 азмæ. Уымæй дарддæр арæзт цæуы ихын аренæ æмæ спортивон-дзæбæхгæнæн комплекс Цыколайы.
Архайд цæуы республикон стадион «Спартак»-ы рацарæзтыл дæр. Уыцы куысты абон фыдæбон кæны 200 адæймаджы. Куыстытæ цæуынц дыууæ радæй. Бирæ хъуыддæгтæ дзы арæзт æрцыд ныридæгæн. Цы цæлхдуртæ сæвзæры, уыдон та æвæстиатæй банывыл кæнæм.

Фæсивæдон политикæ

Традицион æгъдауæй физкультурæ æмæ спортæй нæ республикæйы архайы фылдæр фæсивæд. Махæн та нæ иумæйаг хæс у, канд æнæниз царды уагмæ тырнындзинады хъуыддæгты нæ, фæлæ сын се ‘хсæн нывыл зондахаст æвзæрын кæныны фарстатыл дæр кусын.
Нæ республикæйы тынг хорз чызджытæ æмæ лæппутæ ис. Æппæты уæззаудæр, коронавирусы пандемийы æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджыты нæ æрыгон бархионтæ равдыстой, кæддæриддæр сыл зæрдæдарæн кæй ис, ахæм лæгдзинад. Уый фæзминаг дæнцæг у, хицауиуæггæнæг оргæнтæй хъæугæ æххуыстæ куы цæуа, уæд. Абон, фæсивæдимæ ахæм куыст кæнын, æнæмæнг хъуыддаг у. Фæлтæрддзинад æмæ сын нæ зонындзинæдтæ хъуамæ æнæвгъауæй дæттæм, республикæйы цы процесстæ цæуы, уырдæм сæ здахæм.
Фарон Цæгат Ирыстон баиу, УФ-йы Президент нæ бæстæйы сывæллæттæ æмæ фæсивæды Æппæтуæрæсеон æхсæнадон-паддзахадон змæлд саразын кæмæн бахæс кодта, уыцы организацимæ. Дарддæр куыстытæ цæуынц ахуырадон-методикон центр «Авангард»-ы арæзтады дæр. Центры нысан уыдзæн, рæзгæ фæлтæримæ патриотон-хъомыладон куыст кæнын. Ахсджиаг ма у, сывæллæтты уæлæмхасæн ахуырады программæтæм здахын дæр. Ныридæгæн скъоладзауты 75 проценты архайынц алыхуызон къордтæ æмæ секциты. Æнæмæнг сын хъæуы уавæртæ аразын сæ интеллектуалон, сфæлдыстадон æмæ физикон рæзтæн. Ноджыдæр ма иу фарста: абон архайд цæуы нæ республикæйы Фæсивæдон парламенты ног скондыл. Ацы регионалон-æхсæнадон организаци арæзт æрцыд фæсивæды æхсæнадон змæлд сфидар кæнынæн, граждайнаг хъуыдыкæнынад æмæ барадон культурæ сын се ‘хсæн райрæзын кæныны нысантæн. Уымæй уæлдай, ацы организаци у, иттæг хорз «фæз», активон æмæ нысанмæарæзт чи у, ахæм æрыгон фæсивæдæн.

Кæронбæттæн

Зынаргъ æмбæлттæ! Мæ раныхасы кæрон мæ зæгъын фæнды: мах хорз æмбарæм, ацы аз вазыгджын аз кæй уыдзæн, уый. Ныфсæнцой фæлæууæм фронты не’ фсæддонтæн, сæ бинонтæм сын нæ цæст фæдарæм. Республикæйы экономикæйы фидар рæзтыл бацархайæм æмæ æппæт социалон хæслæвæрдтæ сæххæст кæнæм. Ис нын, нæ бæстæйы Президент æмæ федералон центры хорз æххуыс. Бузныг нæ федералон коллегæтæн, уыдон нын нæ куырдиæттæ æмæ тыхст фарстатæ алыг кæнынæн æвæстиатæй кæй баххуыс кæнынц, уый тыххæй.
Сарæзтам коммуникациты эффективон уагæвæрд, æмæ уыцы æмархайд хъæуы фидардæр кæнын. Нæ размæ ис бæлвырд цæлхдуртæ. Æмæ уый тыххæй абон хъуамæ æрмæст нæ къæхтыл фидар ма лæууæм, фæлæ ма иу хатт равдисæм, размæвæрд нысантæм цæуыны хъуыддаджы цыфæнды зындзинæдты сæрты дæр кæй ахидзыстæм, уыцы нысантæ та сты: нæ хистæрты сабыр цард, нæ сомбоны фæрныгад æмæ нæ фæндтæ цæмæй сæххæст уой, ууыл архайын.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here