Сыхаг хъæумæ — фистæгæй

0
204

Дыгургомы фондз хъæуæй сывæллæтты бахъæуы сыхаг Мæцутæйы скъоламæ фистæгæй цæуын.

Зæгъæн ис, æмæ æрвылбон сывæллæтты æрмæст иуырдæм ацæуын бахъæуы 5-13 километры дæрддзæфмæ.
— Ныртæккæ нæ хъæуы скъолайы бындурон цалцæггæнæн куыстытæ кæй цæуынц, уый нымайгæйæ, Мæхческæй, Къаматæ, Уæхъæц, Стыр-Дыгур æмæ Дзинагъайæ ссæдз сывæллоны раивтой Мæцутæйы скъоламæ. Транспорт ис, фæлæ сывæллæтты чи ласид, ахæм скъæрæг кæй нæй, уый нымайгæйæ, сыхаг хъæумæ скъоладзауты цæуын бахъæуы æмдзугæнæг транспортæй, арæх та — фистæгæй. Хохмæ ‘ввахс бынæтты рæстæгæй-рæстæгмæ лыстæг зæйтæ рацæуынц. Скъоламæ сывæллæтты æрвитын тæссаг у, — зæгъы мæхческаг Синаты Зæлинæ.
Рæхджы амынд фарста лыггонд кæй æрцæудзæн, ахуырдзауты ныййарджытæ сæ зæрдæ ууыл дарынц.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here