Цард — бæллиц, цард — театр

0
147

 

Цæгат Ирыстоны адæмон артист
Къуымæллæгкаты Владимирыл сæххæст 55 азы.

Цыфæндыйæ дæр театр æмæ кинойы актер ма суыдаид Къуымæллæгкаты Владимир, уымæн уæвæн нæ уыд. Йæ миддуне, авгау, сыгъдæг, сывæллонау æппæтыл æууæндаг, йæ абухгæ æнкъарæнты суадонæн æнæстонгæ нæ уыд, раджы уа-æрæджы.
Йæ мады ‘фсымæр Адеты Умар уыд мадæлон æвзаджы ахуыргæнæг, дзæнæты бадинаг Тылаттаты Бексолтаны фыд Сандро та Адеты хæрæфырт уыд. Рæзгæ лæппуйы цардыл, йæ равзæрст сфæлдыстадон фæндагыл сæ дыууæ дæр тынг фæбæрæг сты. Куыд сæрыстыр уыд чысыл Вовæ Бексолтанæй, уæвгæ дзы æгас Джызæлы хъæубæстæ дæр сæ сæр бæрзæндты хастой!
Иннæ ахæм — Къуымæллæгкаты æфсымæртæ — Мурат æмæ Бибо… 1980 азы экранмæ рацыд режиссер Борис Дуровы ист аивадон киноныв «Пираты 20-го века», адæм йæ фенынмæ гуылф кодтой кинотеатртæм. Ахъазыдысты дзы дыууæ ирон актеры — Къуымæллæгкаты Бимболат æмæ Дзытиаты Лактемыр. Куыд сæрыстыр сæ уыд уыцы рæстæг Вовæ, уæлдайдæр — йе ‘рвадæй. Арæх-иу уыдысты Бексолтан, Бимболат æмæ Мурат сæ хæдзары, дзаг фынджы уæлхъус-иу цыд ныхас аивадыл, стæй царды алыхуызон хъуыддæгтыл.
80-æм азты Ирон театры актертæ сарæзтой зарæггæнджыты ансамбл «Хурзæрин», йæ администратор уыд Къуымæллæгкаты Мурат. Цыдысты Ирыстоны горæттæ æмæ хъæутæм концерттимæ. Джызæлы Культурæйы хæдзары радон мадзал арвитыны фæстæ-иу сæ фæндаг ракодтой Къуымæллæгкаты фæрнджын хæдзарыл. Куыд хъал-иу уыд уыцы рæстæг фидæны театрæн лæггадгæнæг лæппу. О, нæ фæрæдыдтæн, афтæ йæ кæй рахуыдтон, уымæй. Сценæ канд уарзын нæ домы актерæй, уды арфæй лæггад ын хъæуы.
Йæ фыццаг рол Къуымæллæгкаты Вовæ ахъазыд Джызæлы скъолайы ахуыргæнгæйæ. Уый уыд пъырыстыфы рол Кочысаты Розæйы пьесæ «Нæ пъырыстыф сæрра»-мæ гæсгæ æвæрд спектаклы. Фæлæ, рагуалдзæг, малусæджы фæзындау, нырма сфæлдыстадмæ ницы бар дардта.
Цардбæллон лæппу райста монтировщикы дæсныйад æмæ Ирон театрмæ бацыд сценæйы кусæгæй, уыцы-иу рæстæг архайдта спектаклты, хъазыд иумæйаг сценæты.
Дыууæ хатты фæлвæрдта актеры дæсныйад райсынмæ, фæлæ сфæлдыстадон фæндаджы райдайæн бирæтæн лæгъз нæ вæййы. Уæдмæ нæхимæ дæр, Дзæуджыхъæуы Аивæдты училищæйы, байгом «Театр æмæ кинойы актер”-ы хайад, æмæ 1988 азы Къуымæллæгкаты Владимир ссис йæ фыццагкурсон. Бонæй ахуыр кодта, изæрæй та — кусгæ. Курсы разамонæг уыд Гæлæуты Анатоли. Цыппар азы сын аивады дунейы сусæгдзинæдтæ æнæвгъауæй гом кодтой ирон сценæйы дæснытæ Брытъиаты Зариффæ, Икъаты Серафин, Туменаты Еленæ, Сланты Къоста, Беккуызарты Орзетæ, Бекмæрзты Æхсар, Гуыбиаты Хъазыбег, Хъæцмæзты Лазыр.
Йе ‘мкурсонтæ Гæбуты Жаннæ, Гæлæуты Зæлинæ, Æлбегаты Ларисæ, Хуыбиаты Нелли, Дзасохты Ирæ, Малхъарты Зæлинæ, Кочиты Георгиимæ абон дæр се сфæлдыстадон фæндæгтæ нæ фæхицæн сты. Уæдæ, Черчесты Дианæимæ та æртыккæгæм курсы сарæзтой арфæйаг бинонты къорд. Сæ чындзæхсæвы дыууæ боны дæргъы Къуымæллæгкаты Раман æмæ Райæйы хæдзары къæрццæмдзæгъд хъазты уылæнтæ, кæрæдзийы ивгæйæ, уæлæрвтæм хъуыстысты, Владимир та уыцы бонты Ирон театры сценæйыл Дзантиаты Анатолийы пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакл «Рæдау Тутыр»-ы премьерæйы хъазыд.
Уæдæй рæстæг рацыд, фæлæ абоны онг дæр йæ зæрдæйы ахаст театрмæ нæ аивта. Цыппор ролæй йын фылдæры бантыст ахъазын, сæ фыццаг уыд Хъылцыхъойы рол Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакл «Дыууæ хойы». Фæстæдæр уыдысты Проспер Меримейы «Африкæйаг уарзондзинад»-ы Зейн-Бейн-Умейдойы, Будтуты Рамазаны «Дзандзирахъ»-ы Бадрийы, Годжыцаты Исахъы «Хъæддаг чызг»-ы Дзандары, Хуыгаты Георы «Æххуырст фæтæг»-ы Дуггийы, Хъайттаты Сергейы «Дыууæ зæрдæйы» Дæргъæвсаджы ролты.
Хуыгаты Георы «Хъæздыг хæдзар»-ы Тотыры сурæт дыууæ фестивалы жюрийы уæнгтæ хуыздæрыл банымадтой фæрсаг ролы номинацийы. Сæ иу уыд Адыгейы (фестиваль «Кавказский меловой круг»), иннæ — Дзæуджыхъæуы (фестивал «Театралон маскæ»).
Къуымæллæгкаты Владимирæн æнтысы бирæвæрсыг сурæттæ аразын, комедийæ райдай æмæ драмон уацмысæй фæу. Алы рол дæр, сæйраг ын уа, æви фæрсаг — кæсы йæм иухуызон, бæрнон цæстæй. Уымæн афтæ агайынц зæрдæ йæ нывæзт сурæттæ, зæрдæйы арфæй кæй цæуынц, уый æнкъары театрдзау. Адæмæн уарзон артист Андрей Мироновы хъуыдымæ гæсгæ, залы бадæг театрдзауты комулæфт, сæ ахаст сценæйыл цы цæуы уымæ, ницæмæй ис баивæн.
Иу æмæ дыууæ хатты нæ рацыд сценæмæ йæ цардæмбал, республикæйы адæмон артисткæ Черчесты Дианæимæ спектаклты хъазынмæ. Театр уарзыныл сахуыр кодтой сæ чызг Фатимæйы, стæй фырт Арсæмæджы дæр. Дыууæйæ дæр сæ рæзгæ бонтæ Ирон театры арвыстой. Чысыл Фатимæ фыццаг хатт сценæмæ рахызт йæ мад Дианæимæ Хуыгаты Георы пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакл «Нафи æмæ Нафигæйы чыздзжытæ»-йы. Фæстæдæр æй раивта йе ‘фсымæр Арсæмæг, Фатимæйы сфæлдыстадон фæндаг та адарддæр национ телеуынынад «Осетия-Ирыстон»-ы. Йæ равдыст «Фатимæ, бафæлвар-ма!» эфиры цыд æртæ азы. Арсæмæгæн та бантыст, Ирон театры репертуары цы спектаклтæ цыд, уыдонæй фондзы ахъазын.
Се сфæлдыстадон цæдис канд театры сценæмæ нæ хауы. Дæс азмæ ‘ввахс ПТРК «Аланыстон»-ы цыд Айларты Асæхмæты æрхъуыдыгонд юмористон журнал «Дам-думтæ», фæстæдæр ын радтой æндæр ном: «Худæм æмæ худæм». Цардæй ист нывтæ видеолентыл рауадзыныл Владимир куыста куыд актер æмæ сценарист. Журналы дæсгай сюжетты ахъазыд йæ бинойнаг Черчесты Дианæ æмæ сæ фырт Арсæмæгимæ.
Фæстæдæр, национ телекомпании «Осетия-Ирыстон»-ы бакуыста сывæллæтты равдыст «Алæмæты аргъæуттæ» эфирмæ бацæттæ кæныныл, у йæ амонæг. Æнахуыр зæрдæмæдзæугæ рауад программæ, дыккаг ахæм сæдæгай каналты ‘хсæн нæй ссарæн, эфиры цæуы абоны онг.
Нæ хъайтарæн бантыст къорд аивадон кинонывы ахъазын. Æрæджы уæрæсейаг экрантæм рацыд актер æмæ режиссер Игор Копыловы аивадон киноныв «Сыгъзæрин бронзæ», Владимир дзы ахъазыд тренеры ролы. Бантыст ын режиссер Ходжакули Нарлиевы аивадон киноныв «Мады хъæлæс»-йы эпизоды ахъазын.
Фæлæ, уæддæр нæ хъайтары царды ахсджиагдæрæй цы ис, уыдон æнæзынгæ тæгтæй фидар баст сты театримæ, Ирон театримæ.
Æцæг æмгардзинады ад дæр ам банкъардта. Мыртазты Тимуримæ сæ фыццаг бонæй фæстæмæ иу кæны, цардмæ æмхуызон цæстæй кæй кæсынц, кæрæдзийы иу сныхасæй дæр кæй æмбарынц, дыууæйæ дæр ирондзинады тæгтæ царды кæй нывæндынц æмæ йæ хорздзинадыл кæй архайынц, уый.
«Цæрæкты Оледжы бæсты хъуамæ хъазыдаин спектакл «Чери»-йы. Вовæ цалдæр азы театры нæ куыста, æмæ фæскулисты спектаклы рæстæг куы фæзынд, уæд «чи у?», зæгъгæ, фæрсын йæ бинойнаг Черчесты Дианæйы. Уыимæ та спектаклы уарзæтты хъуамæ ахъазыдаиккам. Йæ мидбылты бахудт, фæлæ ницы сдзырдта, фефсæрмы, æвæццæгæн. Гуыбиаты Хъазыбег мын бамбарын кодта, мæ сценикон партнеры цардæмбал кæй у. Афтæ рауад нæ зонгæдзинад, уæдæй фæстæмæ нын царды дæр, сценæйыл дæр иу ахаст ис, цы зонæм, æнкъарæм æмæ уынæм, æппæт уыдæттæм», — зæгъы Мыртазты Тимур — РЦИ-Аланийы сгуыхт артист. Хистæр æфсымæры цæстæй кæсы йе ‘мбалмæ Владимир, бирæ хатт сæ хæццæ дæр фæкæнынц.
Иуахæмы Владимир залы бадт спектаклы рæстæг, йæ фарсмæ та сылгоймаг йæ къаннæг чызгимæ. Нымдзаст æм сты, сæ цæстæнгас сын куы нæ уал фæрæзта уромын, уæд сылгоймагмæ дзуры, цыдæр бафæрсинаг дæ, зæгъгæ. Уый дæр æй мидбылхудгæ бафарста, сценæйыл Тимурмæ амонгæйæ, де ‘фсымæр у, зæгъгæ.
Хъæлдзæг цауы бахауд Тимур йæхæдæг дæр. Цæвиттон, Беслæны фæурæдта йæ хæдтулгæ, дон алхæнон, зæгъгæ. Æнæзонгæ нæлгоймаг æм бауад, ныццин ыл кодта, «о, мæнæ ма кæй уынын», куыдтæ стут, Вовæ, зæгъгæ. Фæрафæрс-бафæрс æй кодта хиуæттæй. Куыд æй фæкъæмдзæстыг кæноны хъуыдыимæ йын бæлвырд дзуаппытæ фæлæвæрдта йæ фарстытæн Тимур дæр, уæдæ цы уыдаид. Æмæ ахæм цаутæ иу æмæ дыууæ нæ уыд сæ царды.
Цы рацард, уый фылдæр хай ирон аивадæн снывонд кодта Къуымæллæгкаты Владимир. Снывонд кодта, уымæн æмæ йæ цард цæуыл лæууы — бинонтæй райдай æмæ хуымæтæг хъуыдытæй фæу — æппæт дæр баст сты ирон театралон аивадимæ, йæ хъæздыг къæбиц ын фæхъæздыгдæр кæнынимæ, бæркадджын æвæрæн æм бахæссынимæ, ирондзинад æмæ арфæйаг хъуыдытæ адæмыл парахат кæнынимæ. Кæй сæххæст уыдзысты йæ нысантæ, уый та дызæрдыггаг нæу.

Хуыбиаты Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here