Фриаты Хъазыбег,
РЦИ-Аланийы Ветеранты советы сæрдар:
— Нæ республикæйы Сæргълæууæг бæстон æмæ лæмбынæг радзырдта нæ царды алы къабазы тыххæй дæр. Цы нысанты тыххæй ныхас кодта, уыдон адæмы цардыл — хистæрæй-кæстæрæй — хорзæрдæм æнæфæзынгæ нæ фæуыдзысты.
Нæ лæппутæ ныртæккæ хæцынц хæсты быдыры, æмæ Сæргълæууæг йæ Ныстуан цы ныхæстæй райдыдта, уыдон уыдысты не ‘фсæддонты тыххæй. Нæ фæсивæды хуыздæртæ тох кæнынц нæ æдас фидæныл, нæ сомбоныл, æмæ сæм алцæмæй дæр фæкæсын, сæ бинонтæн сын баххуыс кæнын — уымæй ахсджиагдæр хъуыддаг ныртæккæ нæй. Уæлдай фылдæр цæстдард та домынц, чи фæмард, уыдоны бинонтæ. Нæ хъæбатыр хæстонтæн сæ иунæджы ном дæр рох никуы уыдзæн.
Иннæ ахæм, промышленносты, туризмы, иннæ къабæзты дæр ныртæккæ бирæ арæзт кæй цæуы Дзæуджыхъæуы дæр, районты дæр, уый уынæм. Стыр архайд цæуы фæндæгтæ рацаразыныл. Æппæт уыдæттæ Ирыстоны рæзтæн сты тынг ахсджиаг нысантæ. Æмæ нæ республикæйы Сæргълæууæгæн йæ фарсмæ æнгом куы æрбалæууæм æмæ уыцы нысантæ æххæст кæныныл иумæйагæй куы бацархайæм, уæд се ‘ппæт дæр къухы бафтдзысты.
Хъæрджынты Алевтинæ,
Цæлыччы Культурæйы хæдзары сæргълæууæг:
— Мæ зæрдæмæ уæлдай тынгдæр бахъардтой, сæрмагонд æфсæддон операцийы нæ лæппутæй чи архайы, уыдоны тыххæй ныхæстæ. Мæхæдæг дæн ахæм æфсæддоны ныййарæг. Фарон октябры мæ лæппумæ фæсидтысты, æмæ архайдта Запорожьейы цæуæг хæстон цауты. Æхсæз мæйы фæстæ фæцæф, фæлæ Хуыцауæн табу, аирвæзт, фæдзæбæх, ныртæккæ ис хæдзары, фæлæ йæ хъæуы реабилитаци, протез йæ къахæн. Хорзæхджын æрцыд «Хъæбатырдзинады тыххæй» майданæй.
Уæлдай æхсызгондæрæй ма байхъуыстон, нæ культурæйы къабаз размæ ракæныны тыххæй йæ Ныстуаны нæ республикæйы Сæргълæууæг цы ныхæстæ загъта, уыдонмæ. Не ‘ппæт дæр куыд уынæм, афтæмæй социалон, уыимæ, культурæйы къабазы дæр арæзт цæуынц бирæ хорз хъуыддæгтæ. Бындурон рацарæзты куыстытæ æртæ азы размæ райдыдтой Цæлыччы Культурæйы хæдзары дæр, «Мæ гыццыл райгуырæн бæстæ», зæгъгæ, ацы проектмæ хаст кæй æрцыд, уымæ гæсгæ. Йæ цар, æппæт хæтæлтæ дæр ивд æрцыдысты. Уый уыд куыстыты фыццаг къæпхæн. Фæлæ уый фæстæ пандемийы аххосæй хъуыддæгтæ фæкъуыхцы сты. Ныр кæронмæ цæмæй ахæццæ уой, уый тыххæй нæ Культурæйы хæдзар хъæуы æндæр программæмæ бæхæссын, æмæ ууыл архайдзыстæм нæ республикæйы Хицауады æххуысæй.
Хъалтураты Владислав,Рязаны гвардион уæлдæр уæлдæфон-десантон
командон училищæйы рауагъдон, æфсæддон службæйы капитан,
26-аздзыд, сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеран,
РЦИ-Аланийы æфсæддон комиссарады специалист-эксперт:
— Æппæтæй ахсджиагдæр ныртæккæ у Украинæйы цæуæг сæрмагонд æфсæддон операци, æмæ йын йæ архайджытæм республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло ахæм стыр æргом кæй здахы, уымæй дзы дæн тынг бузныг. Арæх цæуы, нæ лæппутæ кæм хæцынц, уыцы раззагдæр позицитæм, бæрæг сæ кæны, æххуыс кæны алцæмæй дæр. Алы хицæн æфсæддонмæ дæр цы фарста разыны, цы зæгъинаг æм вæййы, уымæ у къæрцхъус. Сæ иунæг куырдиат, иунæг фиппаинаг дæр æнæ дзуаппæй нæ баззайы. Мæ бон зæгъын у, æмдых æмæ æмхъаруйæ дарддæр дæр куы архайæм, уæд знагыл фæуæлахиз уыдзыстæм æмæ алы хъуыддаг саразынмæ дæр сарæхсдзыстæм.













