Бирæ хорздзинæдтæ æмæ фæрнджын хъуыддæгтæ арæзт цæуы нæ республикæйы фæстаг цалдæр азы.
Знон Беслæны кадджын уавæры байгом кæсæгтæ æмæ фосæн холлæгтæ цæттæ кæныны завод.
Уæвгæ, заводæн бындур æвæрд æрцыд æнусы 1975 азы. Уыдис Беслæны дзулфыцæн завод, фæлæ, Советон Цæдис куы фехæлд, уæд куыстуат йæ архайдæй æрлæууыд. Фæлæ та æрцыд амондджын рæстæг, ног уавæртæ æмæ фадæттимæ, ног куысты хæстимæ та куы байгом кодта йæ дуæрттæ фæллойгæнæг адæмæн, уæд. Уыцы кадджын мадзал бабæрæг кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Æрзылд, заводы ныридæгæн чи скуыста, уыцы цехтыл æмæ йæхи цæстæй федта заводы ног хуызы куыст, канд нæ республикæйæн нæ, фæлæ, Уæрæсейы кæсаг æмæ фосы куыст чи кæны, уыдонæн куыд ахъаззаджы мадзал уыдзæн, уый.
Заводы директоры хæдивæг Гугкаты Татьянæ куыд радзырдта, афтæмæй дыууæ азы размæ пырх бæстыхæйттæ модернизацигонд æрцыдысты, куыстадон фæзтæ рацарæзтой æмæ ныр æппæты хуыздæр уавæрты завод йæ куысты хæстæм бавналдзæн.
— Астуæладзыгон куыстуаты цехтæ ифтонггонд æрцыдысты даниаг æмæ туркаг ифтонггæрзтæй. Ацы ран цы продукци уагъд цæудзæн, уый у хъæууон хæдзарады къабазæн, кæсæгтæ, стуртæ æмæ лыстæг фос дарынæн холлæгтæ цæттæ кæнынæн. Нырыккон техникæйы фæрцы продукци уагъд цæудзæн: кæсæгты холлаг иу сахатмæ — 10 тоннæйы, фосы холлаг та иу сахатмæ — 15 тоннæйы. Абоны онг нæм скълæдты ис фыццаг заказы продукци Бетъырбухмæ. Рады лæууынц иннæ регионтæ дæр.
Ацы куыстуат йæ къæхтыл слæууын кодтам, сæрмагонд æфсæддон операци куы райдыдта, уый фæстæ, «импортозамещение» кæй хуыдтой, уый бындурыл. Раздæхтыстæм фыдыбæстаг продукцимæ. Хомаг кæсаджы ссад раздæр фæсарæнтæй ластам, ныр та — Гуырдзыстонæй. Заводæн социалон æгъдауæй стыр ахадындзинад ис. Кусы дзы 130 адæймаджы, фæлæ дарддæр куыстуат ноджы тынгдæр рæздзæн, æмæ куысты бынæттæ дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдзысты дыууæ, æртæ хатты фылдæр. Куыстуаты фæллой кæнынц беслæйнæгтæ, фæлæ, горæтæй чи цæуы, ахæмтæ дæр ис. Кусджыты ласы нæхи транспорт, ис сын хорз хæрæндон æмæ, социалон пакет кæй хонынц, ахæм æххуыс дæр.
Нæ республикæйы æмæ нæ бæстæйы æппæт кæсагдарæн хæдзарæдтæ дæр æмгуыстады бадзырдтæ немæ бафыстой, æмæ хæстæгдæр бонты райдайдзыстæм æрвитын холлæгтæ. Зæгъын ма мæ фæнды, цы хомаг исæм Гуырдзыстонæй, уый у экологон æгъдауæй сыгъдæг, æнæ химион æмæ æндæр зианхæссæг буаргъæдтæй, — дзырдта Гугкаты Татьянæ мадзалы архайджытæн. Нæ республикæйы разамонæгæн равдыстой холлæгты хуызтæ дæр æмæ, цæмæй конд цæуынц, уыцы хомаг.
Саутæты Тамилæ














