Бæстон ныхас —ахсджиаг фарстатыл

0
68

Мæскуыйы кусæг балцы уæвгæйæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло фембæлд Уæрæсейы Арæзтад æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Ирек Файзуллинимæ. Рæгъмæ рахастой Цæгат Ирыстоны цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады арæзтадон къабазы рæзты, социалон объектты арæзтад, федералон программæтæ æмæ национ проекттæ царды уадзыны фарстатæ. Комкоммæ — Уæрæсейы федералон министрад йæ хъус кæмæ дары, уыдон.

Бæстæйы Статистикон службæ куыд амоны, афтæмæй 2023 азы цыппар мæймæ Цæгат Ирыстоны сарæзтой 246,8 мин квадратон метры цæрæнуæттæ. Бæрæггæнæн дыууæ хатты фылдæр рауад фароны уыцы афонимæ абаргæйæ. Цæрæнуæттæн сæ фылдæр сты бирæуæладзыгон хæдзæрттæ —арæзт фæзуæтты сæ хай ахсы 165,4 мин квадратон метры.
Ирек Файзуллин куыд бафиппайдта, афæтæмæй федералон разамынд сразы сты Цæгат Ирыстоны коммуналон хæдзарады инфраструктурæйы рацарæзтыл, уый фæрцы 31,1 километры хызтæ сног кæндзысты. «Хызтæ куы баивой, уæд дзы фыдбылызтæн бынат нал уыдзæн, аваритæ 3 проценты къаддæр фæуыдзысты. Фæлхасгæнджытæ разы уыдзысты лæггадæй. Финансон æххуыс райсыны тыххæй куырдиттæ бадæттын хъæуы Бирæуæладзыгон хæдзæртты бындурон рацарæзты фондмæ, йæ фæрæзты фæрцы куыстытæ конд цæудзысты», — загъта федералон министр.
Куыд ма бацамыдта, афтæмæй Цæрæнуатон-комуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы рацарæзт æнтысы аразтады фондзазон программæмæ гæсгæ, уымæй уæлдай ма — Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, артаг æмæ энергетикæйы куыстуæтты фидар рæзты программæйы фæрцы. Уæлдай æргом аздæхтой «Сыгъдæг дон»-ы федералон проектмæ. Алагиры горæты ныртæккæ донæфсисады фыццаградон куыстытæм бавнæлдтой. Ахъаз ма сты æнæпрограммон мадзæлттæ, уыдоны фæрцы коммуналон инфраструктурæ арæзт цæуы.
Зæгъæм, Беслæны, Мæздæджы горæтты, Змейскæйы станицæйы канализацийы, къæвдадоны канализацийы, донæфсисады куыстытæ кæнынц, Беслæны бавнæлдтой парчы арæзтадмæ, уыдæтты конд цæуынц æнæпрограммон фæрæзтæй. Социалон инфраструктурæйы объекттæ дæр царды уадзынц, Сергей Меняйло куыд бацамыдта, афтæмæй Уæллаг Фиййагдоны поселочы Республикон пульманологон æххуысы центр рацарæзт хъуаг у. Ныр уал ын йæ проектон-хæрдзты гæххæттытæ бацæттæ кодтой.
«Центр ахсджиаг у улæфæнты низтимæ рынчынтæн, медицинон кусæндон рацаразын бафæдзæхста Президент Владимир Путин нæ фембæлды рæстæг, 2021 азы, августы. Республикæйы разамынд хъæугæ документтæ арвыста федералон Хицауадмæ, сбæрæг сты йæ хæрдзтæ дæр. Дарддæр уыдæттыл кусæм», — загъта республикæйы Сæргълæууæг.
Фембæлды ма æрныхас кодтой цæрæнуæтты фондз объекты сæрмагонд программæмæ бахæссыны фарстайыл. Хъуамæ суой «2024 азмæ цæрæнуæтты, сæйраг объектты æмæ цардхъомады хызты фидардзинад зæххæнкъуысты рæстæг фæбæрзонддæр кæнын»-ы программæйы хай. Лæсæнтæй, зæйтæй тæссаг бынæтты цæрæг адæмы уырдыгæй раивыны фарстамæ дæр æркастысты, уый къухты бафтдзæн программæ «УФ-йы граждæнты фадатджын æмæ удæнцой цæрæнуæттæй сифтонг кæнын»-ы фæрцы.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here