Æппæт объекттæ — бæрзонд хæрзхъæддзинадимæ

0
53

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло сарæзта æмбырд, национ проекттæ «Ахуырад», «Культурæ», «Демографи»-йы фæлгæты нысангонд мадзæлттæ æмæ паддзахадон программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый тыххæй. Йæ куысты архайдтой, кæмæ хауынц, уыцы министртæ, æмæ арæзтæдтыл дзуапдæттæг куыстуæтты минæвæрттæ.

Æмбырды уæвджытæ æрныхас кодтой, 2023 азы хъуамæ йæ арæзтадон-монтажон куыстытæ кæмæн фæуой, уыцы социалон инфраструктурæйы объектты цалцæг æмæ бындурон рацарæзтыл. Сергей Меняйло, куыст æххæстгæнджытæм дзургæйæ, бафæдзæхста, цæмæй, сæхимæ цы хæстæ райстой, уыдон æнæкъуылымпыйæ сæххæст кæной, цы бадзырдтæ арæзт æрцыд семæ, уыдоны бындурыл æмæ ма ‘руадзой къуыхцытæ объекттæ радтыны æмгъуыдты. Ахæм хъуыддаг чи ‘руадза, уый иваргонд æрцæудзæн.
— Национ проекттæ æмæ паддзахадон программæты фæлгæты кæй аразы республикæ, уыдон сæ нысангонд рæстæгыл хъуамæ срæвдз уой — афæдзы кæронмæ. Каст ницы æфсæнттæм уыдзæн. Кæд уæхимæ хæс райстат уыцы агъуыст саразынмæ, уæд æмгъуыдтæм кæсут. Ныхас цæуы социалон инфраструктурæйыл — рæвдауæндæттæ, скъолатæ, культурæйы хæдзæрттыл, амбулаторитæ æмæ спортивон объекттыл, уыдон абон республикæйы тынг хъæуынц, сæ фæрцы нæм фæзындзæн ног гæнæнтæ царды алы къабазы. Паддзахадон бадзырдтæм уæлæнгай цæстæй чи кæсы, уыцы подрядон куыстуæттимæ та нæ ныхас цыбыр уыдзæн — суанг бадзырд фехалыны æмæ ивар фæкæныны онг. Уæлæмхасæн ма кусджытæ райсут, саразут ивæнтæ (сменæтæ) куыстадон фæзты. Æппæт объекттæ дæр бæрзонд хæрзхъæддзинадимæ хъуамæ æмгъуыдтæм куыст фæуой, — арæзтадон компаниты минæвæрттæн, — загъта Сергей Меняйло.
Республикæйы разамонæг бахæс кодта Арæзтад æмæ архитектурæйы, иннæ министрадтæн, стæй районты сæргълæуджытæн, цæмæй æнæсцухæй сæ цæст дарой, объекттыл куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here