РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло сарæзта Цæгат Ирыстоны Коррупцийы ныхмæ къамисы æмбырд. Æркастысты регионалон бюджеты фæрæзты къазнайадон æмдзуйы фарстатæм, стæй, республикæйы медицинон къабазы æмæ паддзахадон æлхæнинæгтæ кæныны, коррупцийы ныхмæ цы мадзæлттæ арæзт цæуы, уыдонмæ.
Паддзахадон контракты бахыгъдтæ коррупцион тасдзинадæй бахъахъхъæныны архайды тыххæй радзырдта Федералон къазнайады Цæгат Ирыстоны дæлхайады управленийы разамонæджы хæдивæг Галазты Владимир. Уый куыд загъта, афтæмæй къазнайадон æмдзуимæ фыст бадзырдтæ, стæй се ‘хцайы фæрæзтæ дæр азæй-азмæ фылдæр кæнынц. Афтæ, кæд 2021 азы фыст æрцыд 93 бадзырды, сæ иумæйаг аргъ — 4, 9 миллиард сомæй фылдæр, уæд ацы азы райдайæнæй нырмæ та — 174 бадзырды, сæ аргъ — 12 миллиард сомæй фылдæр.
Къазнайадон æмдзуйы фæстиуæг, Галазы-фырт куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй абон паддзахадон заказтæ финансон æгъдауæй «сыгъдæгæй» æххæстгонд кæй цæуынц. Уый у коррупцийы ныхмæ ахъаззаг хотых, нæ уадзы æхцайы фæрæзтæй, бафыст бадзырдты амынд чи нæй, ахæм æнæнысангонд хæрдзтæ кæнын.
Арæхдæр ахæм хæрдзтæ скæнынц, ахъаззаг фæрæзтæ æмæ товартæ балхæныныл, кæцытæ проектон-хæрдзты гæххæттыты амынд нæ вæййынц, стæй бадзырды домæнтæн дзуапп нæ фæдæттынц. Нæ сын вæййы æвдисæндар, цæй бындурыл æлхæд æрцыдысты, ахæм гæххæттытæ дæр.
Сергей Меняйло æмбырды архайджыты зæрдыл æрлæууын кодта, къазнайады оргæнтæм кæй ис бартæ уæрæхдæр къазнайадон æмдзуйæн, регионæн цы федералон æхцайы фæрæзтæ уагъд цæуы, уыдонмæ цæст дарынæн.
— Пайда кæнын хъæуы аудиты барæй — уый руаджы æмбæлы, куыстытæ æххæстгонд цæуынц æви нæ, уый сбæрæг кæнын, æмæ бюджеты фæрæзтæ фæстауæрц кæныныл дзурын. Федералон къазнайады республикæйы дæлхайады управленийæн фæдзæхсын къамисæн хъусын кæнын, паддзахадон оргæнты æмæ подрядон куыстуæтты архайды цы бюджетон закъонады хæлдтытæ рабæрæг кæнат, уыдоны тыххæй, — загъта Сергей Меняйло.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, паддзахадон бадзырдты къазнайады æмдзуйæ Цæгат Ирыстоны пайда кæнынц 2021 азæй нырмæ РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй.
Æмбырды архайджытæ ма байхъуыстой РЦИ-Аланийы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сосланы докладмæ, ведомствæ æмæ республикæйы медицинон уагдæтты коррупцийы ныхмæ арæзт мадзæлтты тыххæй. Министр фæнысан кодта, профилактикон куыст дзы кæй цæуы æнæсцухæй. Цæмæй коррупцион фæзындтытæ куынæггонд цæуой, уый тыххæй медицинон уагдæтты сæвæрдтой «сидæны асыччытæ» («ящики обращений»). Уым граждæнтæн сæ бон у фехъусын кæнын коррупцийы фæзындтыты тыххæй, сæ руаджы ма цæстдард цæуы, медицинон ифтонггæрзтæ æмæ бюджеты фæрæзтæй куыд пайда кæнынц, æнæ фæллойхъомы тыххæй гæххæттытæ куыд лæвæрд цæуынц, уыдæттæм.
Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон нысаниуæджы æлхæнинæгты управленийы сæргълæууæг Лагкуты Омар дæр радзырдта, разамынд цы уагдонæн дæтты, уым коррупцийы ныхмæ куыд архайынц, уый тыххæй.
Æмбырды, хатдзæгтæ бахынцгæйæ, лæвæрд æрцыд бæлвырд фæдзæхстытæ.
Гапбаты Алетæ