РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг, «Иугонд Уæрæсе»-йы партийы регионалон хайады нымæрдар, Сергей Меняйло видеобастдзинады фæрцы архайдта партийы Уæлдæр æмæ Генералон советты президиумы иумæйаг æмбырды.
Куысты ма архайдта «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады нымæрдары хæдивæг Едзойты Марат. Рæгъмæ рахастæуыд Хъæлæс кæныны иумæйаг боны хатдзæгтæ, 8 сентябрæй 10 сентябрмæ конд чи ‘рцыд, уыдон.
Æмбырды раныхас кодтой Уæлдæр советы сæрдар Борис Грызлов, Генералон советы нымæрдар Андрей Турчак, йæ хæдивджытæ Александр Сидякин æмæ Сергей Перминов. Андрей Турчак куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Уæрæсейы субъектты 4,2 мин æвзарæн кампанийы скодтой, равзæрстой дзы 32 мин депутаты æмæ бæрнон адæймаджы.
«Иугонд Уæрæсе» æппæт æмвæзады æвзæрстыты райста хъæлæсты 78 проценты. Регионты раздæры æвзæрстытимæ абаргæйæ, уый бирæ хуыздæр у. Борис Грызлов та фæсидт, цæмæй регионтæ бавналой æмæ адæмон программæтæ царды рауадзой. Ныртæккæ фронты чи хæцы, уыдонмæ уæлдай æргом раттын хъæуы, гуманитарон æххуыс сæм хъуамæ хæццæ кæна.
Иннæ ахсджиаг нысан «Иугонд Уæрæсе»-йæн у, цæмæй 2024 азы Уæрæсейы Президенты æвзæрстытæ æргом уавæрты æмæ закъоны бындурыл конд æрцæуой. Борис Грызлов куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ардауæн митæн, æвзæрстытæм æддагон бавнæлдæн гæрæнтæ сæвæрын хъæуы. Куыд райхъуыст, афтæмæй штаб 11 сентябрæй райдыдта Уæрæсейы Президенты æвзæрстытæм цæттæгæнæн куыст.
Бутаты Эльзæ