Хицауады ныхас —вазыгджын фарстатыл

0
443

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Хицауады Сæрдар ДЗанайты Барис сарæзта æмбырд йæ хæдивджытимæ. Боны фæткмæ хаст æрцыдысты, национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ куыд æххæстгонд цæуынц, социалон блокы фарстатæ, стæй фæззыгон-зымæгон афонмæ цæттæдзинад.

Дзанайты Барис фылдæр æргом аздæхта, республикæйы национ проекттæ æмæ паддзахадон программæты фæлгæты йæхимæ райст хæсты æххæстгонддзинадмæ:
— Æппæт хъарутæй бацархайын хъæуы нæ размæ æвæрд нысантæ сæххæст кæнынæн национ проекттæ æмæ паддзахадон программæты фæлгæты. Уæ цæст дарут, объектты арæзтады, хæрзхъæд цалцæджы, бындурон рацарæзты рæстæг цы фарстатæ сæвзæры, уыдон афойнадыл алыг кæнынмæ. Курын æппæт хæдивджытæй дæр, цæмæй æнæсцухæй кæсат арæзтадон фæзты куыстытæм. Нæ фыццагдæр нысан у национ проекты нæхимæ райст хæстæ бæрзонд хæрзхъæддзинадимæ амынд æмгъуыдтæм сæххæст кæнын. Æппæт уыцы мадзæлттæ нæ республикæйæн тынг вазыгджын сты, æмæ сæм æппынæдзух йæ хъус дары республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, уый уæ зæрдыл дарут, — загъта Дзанайты Барис.
Фæззыгон-зымæгон афонмæ цæттæдзинады фарстамæ йе ‘ргом раздахгæйæ, премьер-министр бахæс кодта республикон штабы æмбырд саразын æмæ æркæсын цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады цæттæдзинады фарстамæ хъармгæнæн афонмæ.
Æнæниздзинадыл дзуапдæттæг вице-премьер Александр Реутовæн хæсгонд æрцыд коронавирусон инфекци æмæ грипп парахат кæнын не ‘руадзын æмæ льготæтимæ хостæй адæмы æфсадыны уавæрмæ лæмбынæг кæсын.
«Уазал рæстæг ралæууыд, æмæ сарæх сты ацы афоны инфекцион низтæ. Курын, афойнадыл аразут профилактикон мадзæлттæ, кæсут льготæтæй хостæ исыны хъуыддагмæ. Бахъуаджы сахат республикæйы медицинон уагдæтты хъуамæ уа хостæ æмæ æндæр хъæугæ æрмæг», — загъта Дзанайы-фырт.
РЦИ-Аланийы Экономикон райрæзты министрад та хъуамæ афойнадыл æмæ бæрзонд уагыл бацæттæ кæной мадзæлттæ Цæгат Ирыстоны Æппæтадæмон равдыст-форум «Уæрæсе»-йы архайынмæ. Уый ацæудзæн 2023 азы 4 ноябрæй 2024 азы 12 апрелмæ Мæскуыйы. Дзанайты Барис фæбæрæг кодта, уыцы форумы нæ республикæйы номæн стыр ахадындзинад кæй ис, уый. Уымæ гæсгæ æппæт мадзæлттæ дæр хъуамæ ацæуой бæрзонд æмвæзадыл, æмæ сæм равдысты архайджытæ се ‘ргом раздахой.

Гапбаты Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here