Цæгат Кавказы федералон зылды Уæрæсейы Президенты Æххæстбарджын минæвар Юрий Чайкайы разамындæй цы уæрæх æмбырд сарæзтæуыд, уым бæстон ныхас рауад фæллойадон ахастдзинæдты дарддæры нывыладыл. Цæгат Ирыстонæй видеоконференцийы фæрцы ныхасы архайдта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Юрий Чайка æмбырды райдайæны куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй кусæг адæмы «аууонæй» ракæныны, куыстдæтджытæ æмæ фæллойгæнджыты ахастдзинæдтæ закъонæвæрынады домæнты аккаг скæныны, адæмæн ног кусæн бынæттæ дæттыны хъуыддаджы Цæгат Кавказы федералон зылды фæстаг дыууæ азы дæргъы æрцыд зынгæ æвæрццæг иавддзинæдтæ. Президенты Минæварады аппарат, УФ-йы Фæллой æмæ социалон хъахъхъæнынады министрад амынд фарстатыл æнгом æмархайд кæнынц федералон зылды субъектты хицауады оргæнтимæ.
Алкæцы субъекты дæр арæзт æрцыдысты фæллойадон ахастдзинæдтæ банывыл кæныны фарстаты фæдыл регионалон æмæ муниципалон къамистæ. Уыцы структурæтæ бæлвырд мадзæлттæ аразынц, мызд къонверты чи исы, уыцы кусæг адæмы «аууонæй» ракæнын æмæ сын фæллойадон бадзырдтæ сфидар кæнынæн. Уымæй уæлдай, уыцы къамистæ æмæ иннæ профилон ведомствæтæ се ‘ргом здахынц чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады компаниты архайд фæхъомысджындæр кæнынмæ, адæмон хæдзарады алы къабæзтæн дæсны специалисттæ цæттæ кæнынмæ, фæллойадон ахастдзинæдтимæ баст иннæ фарстатæ лыг кæнынмæ.
— Фæллойадон ахастдзинæдты нывылады сæраппонд Президент Владимир Путин æмæ федералон Хицауад æппæт бæрнон ведомствæты размæ цы ахсджиаг нысантæ æвæрынц, уыдоныл регионтæ кусынц бæлвырд пъланты бындурыл. Уыимæ, рæстæг домы, цæмæй фæллойадон закъонæвæрынадмæ хаст æрцæуой иуæй-иу ивддзинæдтæ. Уыцы закъонæвæрынадон ногдзинæдты фæрцы хуыздæр хъахъхъæд цæудзысты фæллойгæнджыты бартæ, стæй карздæр административон гæрæнтæ фæзындзæн кусæг адæймагæн йæ мызд къонверты дæттыны хъуыддагæн. Уымæй уæлдай, нормативон уагыл фæбæстондæргæнинаг сты амынд регионалон æмæ муниципалон къамисты æххæстбартæ дæр, — загъта Юрий Чайка.
Цæстдарæг оргæнты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2022 азы фыццаг æмбисы Цæгат Кавказы регионты рабæрæг, «аууоны» чи куыста æмæ мызд къонверты чи иста, ахæм 12 057 адæймаджы. Ацы азы уыцы æмгъуыдмæ та — 26 833 адæймаджы. Ныр профилон ведомствæтæ архайынц, цæмæй æппæт уыцы адæмы раивой фæллойадон бадзырдтæм. Абоны онг уал уыдонæн сæ 26 проценты «аууонæй» ракодтой, иннæтимæ дæр хæстæгдæр рæстæг фидаргонд æрцæудзысты фæллойадон бадзырдтæ.
Æмбырды архайджытæ се ‘ргом аздæхтой кусæг адæмæн мызд афойнадыл фидыны фарстамæ дæр. Фæллойы федералон агентады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2023 азы 1 сентябры хыгъдмæ Цæгат Кавказы федералон зылды регионты мызд фидынæй хæстæ уыдысты 179 милуан сомæй фылдæр. Уыимæ, «Росстат» та фехъусын кодта зынгæ къаддæр нымæцтæ — 70,6 милуан сомы.
— Дыууæ цæстдарæг ведомствæйы бæрæггæнæнты ‘хсæн ахæм стыр хицæндзинад кæй ис, уый хынцгæйæ, ныртæккæ Фæллой æмæ социалон хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ фарстамæ ногæй æркæсдзысты æмæ хæсы æцæг бæрцытæ фæбæстондæр кæндзысты. Уыимæ, мызды хæс фæкъаддæр кæныныл архайд иудадзыгон бындурыл хъуамæ арæзт цæуа, — бацамыдта Президенты минæвар.
Бонты фæткы фарстаты фæдыл докладтæ скодтой æмæ фæндæттæ бахастой хицауады федералон æмæ регионалон оргæнты бæрнон кусджытæ. Æппæт фарстаты фæдыл дæр фидаргонд æрцыдысты бæлвырд уынаффæтæ.
Фæллойадон ахастдзинæдтæ банывыл кæныны фарстаты фæдыл цæгатирыстойнаг регионалон къамисы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2023 азы 9 мæймæ æргомгонд æрцыдысты, мызд къонверты чи иста, ахæм 8 439 адæймаджы. Уыдонæн ныридæгæн сæ 78 проценты бæрц (6 284 адæймаджы) раивтой фæллойадон бадзырдтæм. Иннæты архайд дæр закъоны бындурыл раивыныл куыст цæуы.
Сланты Аслан