РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис йæ хæдивджытæн цы æмбырд сарæзта, уым ныхас рауад республикæйы ахсджиаг инвестицион æмæ инфраструктурон проекттæ царды рауадзыныл, скъолаты бындурон цалцæджы программæйы уагæвæрдтæ æххæст кæныныл, фæндæгты хызæджы райрæзт æмæ æндæр фарстатыл.
Цæгат Ирыстон цы фыццаградон инвестицион æмæ инфраструктурон проекттæ снысан кодта, уыдоны уагæвæрдтæ æххæст кæныныл дзургæйæ, Дзанайы-фырт профилон республикон ведомствæты минæвæрттæн бахæс кодта, цæмæй æппæт фарстаты фæдыл дæр æнгом æмархайд кæной федералон центримæ.
«Æппæт хъæугæ проектон-хæрдзты документаци дæр афойнадыл хъуамæ æрвыст цæуа федералон ведомствæтæм, цæмæй æппæт нысангонд куыстытæ дæр афойнадыл æххæстгонд цæуой, цæмæй ахсджиаг проекттæ гæххæттæй хъуыддагмæ къæпхæнгай хизой. Уый фæрцы, кæй зæгъын æй хъæуы, ахадгæдæр уыдзæн республикæйы дарддæры социалон-экономикон райрæзт», — бафиппайдта Хицауады Сæрдар.
Зындгонд куыд у, афтæмæй 2022-2023 азты Цæгат Ирыстон уæрæх архайы иумæйагахуырадон скъолаты бындурон цалцæджы федералон программæйы. Амынд дыууæ азы дæргъы бындурон цалцæджы мадзæлттæ аххæсдзысты 66 скъолайыл. Уыимæ, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы амынддзинадмæ гæсгæ, профилон республикон ведомствæтæ ныридæгæн бацæттæ кодтой, 2024-2026 азты цы скъолатæ рацараздзысты, уыдоны номхыгъд. Ныридæгæн уал 51 скъолайы бындурон цалцæджы фæдыл проектон-хæрдзты документаци æрвыст æр- цыд профилон федералон ведомствæтæм. Уыцы гæххæттытæ фидаргонд æрцыдысты. Уыимæ, архайд цæуы, цæмæй уыцы номхыгъд ноджыдæр фæуæрæхдæр уа.
Æмбырды архайджытæ сæрмагонд æргом аздæхтой фыццаг дунеон равдыст «Уæрæсе»-мæ бацæттæ кæныны фарстатæм. Зындгонд куыд у, афтæмæй уыцы уæрæх форум Мæскуыйы йæ куыст райдайдзæн ноябры. Ныридæгæн райдыдтой уыцы равдысты фæзуаты Цæгат Ирыстоны экспозици монтажгæнæн куыстытæ. 100 квадратон метры фæзуатыл æрбынæттон уыдзысты республикæйы социалон-экономикон уавæрыл дзурæг, йæ ахсджиагдæр инвестицион æмæ инфраструктурон проекттæ æвдисæг æрмæджытæ. Ирыстоны экспозицийы уазджытæн уыдзæн республикæйы сфæлддыстадон коллективты аивадимæ базонгæ уæвыны, стæй национ хæринæгтæй саходыны фадат.
Ныхасы архайджытæ æркастысты æндæр ахс-джиаг фарстатæм дæр.
Сланты Аслан