Культурон бастдзинæдты райрæзтæн

0
247

Æмгуыстады тыххæй бадзырд Мæскуыйы бафыстой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло æмæ Е. Вахтанговы номыл паддзахадон академион театры директор Кирилл Крок. Бадзырды сæйраг нысан у, зындгонд театры сфæлдыстадон фæлтæрддзинадæй пайда кæнгæйæ, Цæгат Ирыстоны театралон аивады, культурон-зонадон архайды гæнæнтæ парахатдæр кæнын.

Хæстæгдæр фидæны уый фадат ратдзæн нæ республикæйы наукон-практикон конференцитæ, семинартæ, цæлхæмбырдтæ, тренинг æмæ мастер-класстæ, равдыстытæ æмæ æндæр проекттæ мæскуыйаг театримæ иумæ аразынæн.
Сергей Меняйло бузныг загъта Е. Вахтанговы номыл театры разамонæгæн, культурон бастдзинæдты æмæ райрæзтмæ стыр æвæрæн кæй хæссы, уый тыххæй.
— 2024 азы республикæйы Хицауад æмæ Паддзахадон академион театр цæттæ кæнынц бирæ цымыдисаг равдыстытæ, куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ Мæскуыйы дæр, уыдонимæ, равдыст «Вахтанговы æнус», театралон фестивал «Вахтангов. Фыды уæзæгмæ фæндаг», стæй Мæскуыйы нæ регионы культурæйы бонты æвдыст цæудзысты Цæгат Ирыстоны паддзахадон театрты спектаклтæ. Ныфс мæ ис, æппæт мадзæлттæ дæр зæрдæмæдзæугæ æмæ æнæферохгæнгæ кæй уыдзысты, — загъта Сергей Меняйло æмæ фæнысан кодта ацы бадзырдæн йæ ахадындзинад.
Кирилл Крокы хъуыдымæ гæсгæ, республикæ, стæй Вахтанговы театрæн дæр нырæй фæстæмæ сæ культурон бастдзинæдтæ уыдзысты ноджы фидардæр.
— Æрвылаз, июлы мæй, араздзыстæм стыр театралон фестивал Дзæуджыхъæуы. Йæ архайджытæ уыдзысты Уæрæсейы хуыздæр театралон коллективтæ. Æнæмæнгæй, ахæм культурон бæрæгбон ахъаз уыдзæн, цæмæй Дзæуджыхъæу нымад æрцæуа Цæгат Кавказы культурон горæтыл. Уырны мæ, ардæм кæй цæудзысты бирæ туристтæ, театрдзаутæ, цæмæй феной Ирыстоны рæсугъд æрдз, саходой бынæттон хойраг æмæ феной Уæрæсейы хуыздæр спектаклтæ, — загъта Кирилл Крок.
Фембæлды архайдта Уæрæсейы адæмон артист Евгений Князев. Республикæйы Сæргълæууæгæн фехъусын кодта йæ хъæппæрис, цæмæй Дзæуджыхъæуы саразой Гæздæнты Гайтойы литературон музей. Сергей Меняйло сын алывæрсыг æххуысæй зæрдæ бавæрдта.

Гугкаты Жаннæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here