Æдасдзинады домæнтæ

0
267

РЦИ-Аланийы Хицауады скодтой, республикæйы цæрджытæ коммуналон-цардыуаджы уавæрты газæй æдасæй куыд пайда кæнынц, уыимæ баст æмбырд. Амыдта йæ Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис.


Æмбырды цы ныхас рауад, уым архайдтой барадхъахъхъæнæг æмæ цæстдарæг оргæнты бæрнон кусджытæ. Рæгъмæ рахастæуыд газы лæггæдты сæйраг рахæцæнтæ, газ сæвæрыны æмæ, цæрджытæ цы лæггæдтæ исынц, уыдоны хæрзхъæддзинад.
Сыгъд газхъæстæ чи фæцис, уыдоны тыххæй уголовон хъуыддæгтæ куыд иртæст цæуынц, уыдæттыл раныхас кодта Уæрæсейы Слæстгæнæн комитеты цæгатирыстойнаг управленийы хицауы хæдивæг Василий Сироткин. Йæ ныхасмæ гæсгæ, азæй-азмæ бæстæйы фылдæр кæнынц сыгъд газæй фæхъæстæ уæвыны цаутæ. Сæйраг аххосаг у, газы фæрæзтæй пайда кæнгæйæ, æдасдзинады æппæт домæнтæ æххæстгонд кæй нæ цæуынц, уый.
Уыцы цаутæ не ‘руадзынæн æппæт домæнтæ дæр хъуамæ æххæстгонд цæуой, фæлхасгæнджытимæ, разамынддæттæг кампанитæ, газ, йæ ифтонггæрзтæ адæммæ хæццæгæнæг æндæр организацитимæ æппынæдзух дзурой, амоной сын. Барадхъахъхъæнæг оргæнты хатдзæгтæм гæсгæ, æппынæдзух цæрджытæ халынц æдасдзинады домæнтæ, газы ифтонггæрзтæ куыддæртæ раивынц, æмæ та сæвзæрынц тæссаг уавæртæ.
«Газпром газораспределение Владикавказ»-ы генералон директоры хæдивæг Хуыдиаты Руслан фæбæрæг кодта, сæ куыстуаты инженертæ цы аиппытимæ сæмбæлынц, уыдон. Ома, сæ кусджыты сын хæдзæрттæм нæ бауадзынц, нæй сын, газы ифтонггæрзты æнаипдзинад сбæлвырд кæныны фадат. Скъоладзаутимæ, цæрджытимæ амонæн куыст кæнынц, æппæт фæзилæнтæ сын æмбарын кæнынц.
Дзанайты Барис куыд радзырдта, афтæмæй фарстамæ хъуамæ æппынæдзух хъус дарой. «Нæ хæс у цæрджыты æдасдзинадыл мæт кæнын, хъуамæ уымæн æппæт фадæттæ кæнæм. Хæдзæрттæн разамынддæттæг кампанитæ хъуамæ газы ифтонггæрзты тыххæй бадзырдтæ ногæй бафыссыны тыххæй фадæттæ скæной. Уæдæ фæздæджы æмæ вентиляцийы рахизæнтæ нывыл уагæй фæдарыны тыххæй «Газпром газораспределение Владикавказ» хъуамæ сараза пълан-график. Фæздæджы æмæ вентиляцийы рахизæнтæ техникон æгъдауæй хъуамæ цалцæггонд æрцæуой 2024 азы», — загъта Хицауады Сæрдар.
Уымæй уæлдай ма бафæдзæхста, цæмæй бынæттон разамынд цæрджытимæ кусой, амоной сын æдасдзинады æппæт фæзилæнтæ.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here