Уæрæсейы Хицауады Фæстауæрцы фондæй Цæгат Ирыстон райсдзæн 81,5 милуан сомы. Уый руаджы царды бантысдзæн цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад æмæ энергетикæйы куыстуæтты экономикон фидар рæзты программæ.
Уыцы уынаффæ бафыста Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин. Куыд зонæм, афтæмæй нæ республикæ уыцы фæлварæн проект æххæст кæны æртæ субъектимæ иумæ. Хъæппæрис равдыста РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Федералон фæрæзты руаджы 2022 азы кæй райдыдтой, уыцы рацарæзт фæбæрæг уыдзæн цæрæнуатон-коммуналон инфраструктурæйыл, сног уыдзæн, инженерон хызтæ раивдзысты.
Нæ уацхæссæг














